Цы баис газет «Хурзæрин»-ы хуссарирыстойнаг хæстонты квадракоптертæй сфæлындзыны фæдыл хæрзаудæн акци?

Фыццаг хатдзæгтæ

Куырийы æмгъуыдмæ нын бантыстис æртæ квадракоптерæй иу балхæнын. Зæрдиаг арфæ кæнæм, фыццаджыдæр, УАЛЫТЫ ИРМÆЙÆН, уы-мæн æмæ уайтагъд сразы ис йæ банчы картæ «Мир»-æй цæмæй спайда кæной, акцийы хайад исын кæй бафæнда, уыдон. Æвæстиатæй суæлдай кодта 150 000 сомы. Уыдоныл æртæ бонмæ се ‘ххуысы хай бафтыдтой цалдæр адæймаджы — чидæр 30 000, чи дæс мины ратыдта йæхицæй, чидæр та — æрмæст иу мин кæнæ 500 сомы. Афтæмæй нæм атымбыл ис иу квадракоптеры фаг. Ныртæккæ уыцы аппарат ис Хъырымы горæт Джанкоймæ фæндагыл, уырдыгæй йæ бынаты цæрæг ирон лæппу, хистæр лейтенант Гаглойты Таймуразмæ фæхæццæ кæндзæн. Иннæ дыууæ лæп-пуйæн — Тедеты Сослан æмæ Котолиты Сосланы зæрдæтæ барухс кæнынæн та хъæуы акци адарддæр кæнын.

Фæндыдис алы хæрзаудæджы ном дæр раргом кæнын, газеты ныммыхуыр кæнын, фæлæ нын ничи сразы ис, зæгъгæ, худинаг у — кæнæ — уæдæ куыд хъуамæ уа — дзырдтой. Цыбыр ныхасæй, никæй сæ бафæндыдис йæ хорз хъуыддагæй пиар саразын.

Нæхи редакцийы кусджытæ ныридæгæн æртымбыл кодтой дæс минæй фылдæр æмæ дарддæр архайынц. Стыр разæнгардæй нæ цуры балæууыдысты газеттæ «Республикæ», «Южная Осетия», информацион агентад «Рес», радио «Ир» æмæ Информаци æмæ мыхуыры республикон комитеты кусджытæ. Дуне Сфæлдисæджы хорздзинæдтæ уæ хай, зынаргъ коллегæтæ, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æфсармджын, рæдау æмбæстæгтæ!

Акци дарддæр кæны. Раздæрау барвæндонæй кæй бафæнда, уыдонæн сæ бон у онлайн-режимы Ирмæйы картæйæ спайда кæнын. Уæ зæрдыл лæууын кæнæм йæ телефоны номыр: +7 929-811-77-67.

Акцийы хайад исын кæй бафæнда, уыдонæй курæм, уæлæмхас информаци райсынæн ацы телефонæй спайда кæнын.

Уæлахиз ут!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.