Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард æрæджы хыгъд радта, министрад 2018 азы цы куыст бакодта, уый тыххæй. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй хыгъдон рæстæджы министрады архайд сæйраджыдæр здæхт уыдис 2015-2017 азтæн Инвестицион программæ фæуын æмæ ног, 2018-2019 азтæн Инвестицион программæ æххæст кæнынмæ æрывналынмæ. Уыцы нысанæн æмбæлон куыст цыдис бынæттон æмæ уæрæсейаг паддзахадон структурæтимæ, алыгъуызон подрядон организацитимæ.

2018 азы Инвестицион программæйы фæлгæтты министрад куыстытæ æххæст кодта 33 объекты. Уый размæ азæй чи рахызтысты, ахæм объекттæ уыдысты 8, иннæтæ та – ног объекттæ.

Инвестпрограммæмæ хаст объекттæ реализаци кæнын рæстæгыл райдайыны тыххæй куыст цыдис, проектон-сметæйон документацийыл чи куыстаид, уыцы проектон организациты равзарыны фæдыл, афтæмæй 2018 азы райдианмæ арæзтады объекттæн бакуыст æрцыдис проектон-сметæйон документаци.

Министры ныхæстæм гæсгæ аивгъуыйгæ азы арæзтады объектты архайдтой 17 генералон подрядон организацийы. Уыдонæн сæ фылдæр уыдысты бынæттон фирмæтæ. Иууыл стырдæр подрядон организацитæй уый рахицæн кодта арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «СТМ-Юг», кæцы аразы медицинон кластеры объекттæ республикон рынчындоны территорийыл, афтæ ма ног цæрæн микрорайонтæ Гуыбаты æфсымæрты æмæ Хъайтарты уынгты.

Аивгъуыйгæ азæн Инвестпрограммæмæ гæсгæ план цыдис 16 объекты арæзтад фæуын æмæ уыдон иууылдæр фесты. Уыимæ стыр хъусдард здæхт цыдис æндæр æмæ æндæр нысаниуæджы объектты арæзтады гъæдмæ.

Цæрæнуатон арæзтады тыххæй дзургæйæ, Зæгъойты Эдуард банысан кодта, дарддæр куыстытæ кæй цыдысты горæты микрорайонты арæзтады фæдыл. Цæвиттон, Хъайтарты уынджы кæрон эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдысты дыууæ цæрæн корпусы, кæцыты ис 200 фатеры æмæ сæ иумæйаг фæзуат та у 11 мин квадратон метры. Куыстытæ дарддæр цыдысты Гуыбаты æфсымæрты уынджы дыууæ 75 фатерон цæрæн хæдзæртты æмæ гуырæн хæдзары арæзтады фæдыл, капиталон цалцæг æрцыд ту-беркулезон диспансер.

Ивгъуыд аз августы мæйы арæзт фæцис Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры бæстыхай æмæ ныр документтæ цæттæ цæуынц, цæмæй лæвæрд æрцæуа эксплуатацигæнæг организацимæ. Афтæ ма эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд Ленингоры поселочы скъолайы ног бæстыхай 132 бынатæн стадион æмæ хъазæн фæзуæттимæ.

Аразджытæ стыр куыст бакодтой Вагзалгæрон уынджы сывæллæтты цæхæрадоны арæзтады фæдыл. Уый эксплуатацимæ лæвæрд хъуамæ æрцыдаид 2019 азы кæрон, фæлæ ныридæгæн у цæттæ. Арæзтадон куыстытæ фесты поллиативон æххуысимæ медико-социалон центры дæр, кæцыйы ис 25 сынтæджы.

Аивгъуыйгæ азы куыстытæ æххæст цыдысты Цхинвалы 10 уынджы реконструкцийы фæдыл. Уыдон сты Чиайы фырты, Джыгкайы фырты, Нарты, Калинины, Аланты, Къуайсайы, Коцойы фырты, Коцты Грийы, Руставели æмæ Тæболы фырты уынгты (Сталины уынгæй Гаглойы фырты уынгмæ). Ацы уынгты æххæст æрцыдысты инженерон хызæгты реконструкцийы æмæ сæ хæрзарæзтады фæдыл куыстытæ. Иууыл иумæ ауагъдæуыд донифтонгады 7, 5 километры хызæгтæ, газы хызæгтæ та – 2,6 километры. Ахæм куыстытæ, афтæ ма электроифтонгады фæдыл дæр бачындæуыд Ленингоры районы. Ам ма арæзт æрцыдысты донсыгъдæггæнæн ифтонгадтæ  æмæ  трансформаторон  дæлстанц. Ленингоры поселочы магистралон хызæгтæм иу æрцыдысты 500 абоненты. Афтæ ма асфальтмæ бацæттæ чындæуыд дыууæ централон уынджы æмæ Сæрибары фæзуат.

Арæзтадон-монтажгæнæн куыстытæ фесты Дзауы поселочы Президенты резиденцийы бæстыхайы дæр.

Зæгъойты Эдуард банысан кодта Цхинвалы центры уазæгдон «Ирыстон»-ы арæзтады тыххæй дæр. Ам дæр куыстытæ цæуынц тагъд темп-тæй.

Реконструкцигæнæн куыстытæ цыдысты горæты Хуыбылты Валерийы номыл улæфæн парчы. Ам лыг æрцыдысты зæронд бæлæстæ, сыгъдæг æрцыдис йæ территори, реконструкци æрцыдис Мæскуыйы уынгмæ схизæн асин. Ацы парчы æппæт куыстытæ дæр, министры ныхæстæм гæсгæ, хъуамæ фæуой æмæ эксплуатацимæ, лæвæрд æрцæуа ацы аз июны мæйы.

Хыгъдон рæстæджы министр куыд загъта, афтæмæй куыст цыдис ифтонггæрзтæ æлхæныны фæдыл дæр. Цæвиттон, хъæбæр цардуагон брæттæ æмбырд æмæ утилизаци кæныны тыххæй Цхинвалы хæрзарæзтады комбинатæн сноггонд æрцыд йæ материалон- техникон базæ. 5 базæйон станцæн самал чындæуыд телекоммуникацион æмæ уæлæмхас ифтонг-гæрзтæ. Абоны-бонмæ монтажгонд æрцыдысты дыууæ станцы ифтонг-гæрзтæ.

Зæгъойты Эдуард куыд банысан кодта, афтæмæй 2018-2020 азтæн Инвестицион программæ среализаци кæнын фадат ратдзæн адæмон хæдзарады къабæзты рæзты цы проблемæтæ ис, уыдонæн сæ зынгæ хайæ аскъуыддзаг кæнын æмæ уый та йæ рады, ахъаз кæндзæн республикæйы хи æфтиæгтæ фылдæр кæнынæн, йæ инвестицион химæлвасдзинад хуыздæр кæнынæн, æмбæстæгты æлхæнынхъомдзинад разæнгард кæнын æмæ цæрынæн хæрзвадат уавæртæ аразынæн, адæмы социалон хъахъхъæнынады æмæ хицауиуæгадмæ сæ æууæнчы æмвæзад бæрзонддæр кæнынæн.

Инвестицион программæтæ реализаци кæныны, йæ ныхæстæм гæсгæ, зынгæ куыст æххæст кодта дæлведомствæйон организаци  паддзахадон унитарон куыстуат «Капиталон арæзтады управлени», кæцыйæн йæ хæс у арæзтады процессмæ техникон хъусдард æххæст кæнын. Арæзтадон контролы инспектортæ бæрæг кодтой цæрæн, социалон, административон, сæудæджерадон объектты арæзтады гъæд æмæ организацион-барадон фæтк.

Ивгъуыд аз контролон мадзæлттæ æмæ басгæрстыты фæстиуджытæм гæсгæ ацы организаци радта 70 бацамынды, цы цухдзинæдтæ раргом кодтой, уыдон аиуварс кæныны тыххæй. Афтæмæй хыгъдон рæстæджы подрядон организацитæ арæзтады нормæ-тæ æмæ фæткойтæ, афтæ ма закъондæттынады домæнтæ куыд хъахъхъæдтой, ууыл контроль кæнын ахъаз кодта арæзтады гъæды æмвæзад бæрзонддæр кæнынæн.

Фæлæ Зæгъойты фырт нырма актуалоныл  банымадта  арæзтцæуæг  объекттæн æххæсткæнынадон-техникон документаци аразыны проблемæ. Уый фæстиуæгæн, зæгъгæ, фæзынынц проблемæтæ хъæуæг хыгъдон æмæ техникон документаци аразыны æмæ къуылымпы цæуы фæуд объектты эксплуатацимæ  афоныл радтыны хъуыддаг.

Хыгъдон рæстæджы, министр куыд зæгъы, афтæмæй республикæйы хицауиуæгады паддзахадон органтæ æмæ уæрæсейаг коллегæтимæ активон куыст цыдис 2020-2022 азтæн Инвестицион программæ аразыныл дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хуссарирыстойнаг фарс бацæттæ кодта йæ проект, кæцыйы реализаци фадат ратдзæн республикæйы фæндагон æмæ инженерон инфраструктурæ цæхгæр фæхуыздæр кæнын, цæрджыты фæлладуадзæн æмæ рекреацион объекттæй, хæрзвадат цæрæнуаттæй ифтонг кæнын, астæуккаг æмæ скъолайы  агъоммæ   ахуырады   объекттæ аразынæн.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады архайдыл дзургæйæ, министр банысан кодта, ахæм къабазы бакуыст æмæ райст кæй æрцыд нормативон базæ æмæ тарифон бæстонкæнынад. Райсгæ мадзæлттæ фадат радтой ацы къабазы архайд закъондæттынады домæнтæм гæсгæ аразынæн.

РХИ-йы министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард куыд банысан кодта, афтæмæй 2018 азы æппæт мадзæлттыл бахардз, баззайæццæгты нымайгæйæ, 1 942 милуан сомы.

Хыгъдон æмбырды хайад райста æмæ дзы йæ хъуыдытæ загъта РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Бестауты Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.