Сӕдӕ азӕй фылдӕр рацыд, ирон историк Темырханты Сослан Дауыт-Сослан ӕмӕ Ос-Бӕгъатыры историон ӕнгӕсдзинӕдты тыххӕй кӕй ныффыста, уыцы уацыл. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ма бирӕнымӕц историктӕ загътой сӕ хъуыды ацы темӕйы фӕдыл. Уыдонӕй алкӕмӕн дӕр ис йӕхи рӕстдзинад, фӕлӕ рӕстдзинад ирон адӕм фыццаг Темырханы-фыртӕй фехъуыстой.

Кæддæр Ирæн дæр уыд сæхи паддзахад, йæ арæнтæ дæрдтыл уыдысты, Картлийы быдыртæй суанг стыр Донмæ. Бирæ уыдысты уæд Ир сæхӕдæг дæр æмæ сæ исбон дæр, бархийæ, æдæрсгæйӕ цардысты парахатæй. Ирмæ уæд уыд æфсæндзых æфсад, йе ’хсар, йæ бæгъатырдзинады кой дунетыл кæмæн хъуысти. Уый, æхсарæй тæрсгæйæ, знæгтæ Ирыстоны æмгæрон ацæуын дæр нæ уæндыдысты, Ирæн сæхи æвзæртæ та — фезмæлын дæр. Æмæ Ир сæ цард ӕдӕрсгӕйӕ кодтой, сæ фæллой знæгты къухы не ’фтыди, æмæ сæ исбон фылдæр кодта. Æмæ уымӕ гӕсгӕ нымад уыдысты адæмты цæсты, кад ӕмӕ сӕ радæй лымæндзинадӕн агуырдтой тыхджындæр дзыллæтæ.

1189 азы Гуырдзыйы ус-паддзах Тамар моймæ æрцыди Дауыт-Сосланмæ, ирон паддзахы фырт чи уыд æмæ стæй ирон паддзах чи ссис, уымӕ.

Æгас Гуырдзыстоны йæхицæй ахуыргонддæр æмæ хъæбатырдæр лæг нæ уыди, æмæ йæ гуырдзы кад ӕмӕ радæй бӕрзонд ӕвӕрдтой.

Уыцы заманы Гуырдзыстоныл алырдыгæй дӕр сӕ тых æвзæрстой йе знæгтæ, æмæ Дауыт-Сослан, йæ усы зæрдæ æлхæныны охыл Гуырдзыстоны тыххæй нал ауæрста йæхиуыл дæр æмæ Ирыл дæр — гуырдзыйы æфсæдты раздзогӕй ныллæууыд æмæ Гуырдзыстоны знæгты басаста, Гуырдзыстоныл ног зæххытæ бафтыдта, йæ арæнтæ йын бирæ æддæдæр ахаста, стыхджын æй кодта.

Гуырдзыйы паддзахады хъуыддæгтæ кæнгæйæ, Дауыт-Сосланы ирон паддзахад-мӕ нал ӕвдӕлд æмæ, йæ усы фæндоныл цæугæйæ, Хуссар Иры бæстæ гуырдзиаг æлдæртты бар бакодта.

Æмæ ирон паддзахады уаргъ æгасæй дæр æрæнцади Цæгат Ирыл, бахъуыди йӕ дыууæ хатты фылдӕр уæз хæссын, æмæ паддзахад хæлдмæ цæуын байдыдта, уымæн æмæ тыхджын паддзахады фаг мулк æмæ хъомысджын æфсады фаг фæсивæд радтын Цæгат Иры бон нæ уыди.

Ноджы ма гуырдзыйы паддзахад дӕр архайдта ирон паддзахады æхсар асæттыныл, цæмæй Хуссар Иры бæстæ йӕ къухы бафтыдаид. Уыцы фæнд æххæст кæнгæйæ, гуырдзыйы паддзахад Цæгат Иры адӕмы кæрæдзийыл ардыдта, æмæ йын бантысти Цæгат Иры æддæг-мидæг скæнын, ирон паддзахады мидӕгӕй сызмæнтын… Æмæ гуырдзиаг æлдæрттæ ирæттӕн сæхи фæрцы æрбафтыдысты Цæгат Иры бæстæм дæр ранæй-рӕтты фидар галуантæ æрцарæзтой, æмæ уыдоны мидæг æдасæй бадгæйæ, Иры адӕмы ӕхсар кӕронмӕ асӕттыныл архайдтой.

Раст ахӕм уавӕры æрбаййæфтой ирӕтты, XIII сæдæ азы адæмты пырхгæнгæйæ, Азийæ Европæмæ чи бырста, уыцы тӕтӕр.

Тæтæр уый агъоммæ басастой Азийы стырдæр, тыхджындæр дзыллæты æмæ айстой Китай, Туран, Иран æмæ Фæскавказы, стæй се ’фсæдтæ Цæгат Кавказмæ дæр æрбабырстой æмæ быдираг иры ныппырх кодтой алырдæм. Уый фæстæ стыр Доны иннæ фарсмæ ахызтысты æмæ, сæ ныхмæ чи ныллæууыд, уыцы уырыссаг æфсæдты ныццавтой, стæй Хурыскæсæнырдæм фæзылдысты æмæ Туранмæ аздæхтысты. Фæлæ æртындæс азы фæстæ тæтæр ногæй æрбабырстой Европæмæ, Уæрæсейы басастой, хъалон ыл сæвæрдтой æмæ Идылы (Волгæйы) быдыртæ бацахстой, стæй та уыцы ранæй Ирмæ ногæй æрбабырстой, быдираг иры басастой, хъалон ыл сæвæрдтой, фæлæ хæххон иры басæттын нæ бафæрæзтой.

Æртиссæдз азы нæ бауагътой хæххон Ир сæ хæхбæстæм тæтæры: уырдæм сæм-иу тæтæр куы бырстой, уæд сæ-иу хохы нарджытæм басайдтой, фæцагътой. 1277 азы Тæтæры хан Менгълы-Темир æрæмбырд кодта стыр æфсад иры басæттынмæ, йе ’вварс ма фесты Гуырдзыйы паддзах æмæ Уырысы кънийæзтæй 300 æд æфсæдтæ. Тæтæр, уырыс æмæ гуырдзы æмдыхæй схæцыдысты иримæ, басастой сæ, сæ паддзахады сахар сын байстой, фехæлдтой йæ, йе стыр хæзнатæ йын ахастой.

Уый фæстæ хæххон Ир дæр басастысты æмæ Тæтæры ханæн хъалон фидын байдыдтой. Уыцы хъалон чи нæ фыста афойнадыл, уыдоны æфхæрынмæ хан æрвыста йе ’фсæдты.

Афтæмæй XIII сæдæ азы бабын ирон паддзахад, ирӕттӕ кæм хæстæй, кæм æххормагæй сцыбыр сты, сæ хъару асасти. Ноджы ма гуырдзиаг æмæ тæтæйраг æлдариуæггæнджытæ иры кæрæдзийыл ардыдтой, цæмæй, æддæг-мидæг кæнгæйæ, кӕрӕдзимӕ знаджы цæстæй кæсой æмæ сæ бон ма уа æмдыхæй ралæууын. Йæ ныфсæй иннæты дæр ныфсджындæр чи кодта, йæ ныхасæй иннæты дæр рæстæрдæм чи арæзта, уыдоны ахстой æмæ мардтой æлдариуæггæнджытæ, цæмæй, уый уынгæйæ, алчи дæр йæхицæн тæрса æмæ урома йе ‘фхæрд.

Уыцы фыдзаманы Уæлладжыры фӕзынди Ос-Бæгъатыр, Иры се знæгтыл чи сыстын кодта, æмæ ногæй ирон паддзахад чи сарæзта.

Гуырдзиаг æмæ тæтæйраг æлдариуæггæнджытæ Иры сæфтмæ куыд тардтой, уый уынгæйæ, Ос-Бæгъатыры бацыди Иры сагъæс æмæ сфæнд кодта ирон адæмы сыстын кæнын, цæмæй уыдоны къухæй фервæзын кæной сæхи æмæ æдæрсгæ бархийæ цæрой. Уый тыххæй та иры æмзæрдион скæнын хъуыди, цæмæй сæ кæрæдзийæ бацæуа ныфс æмæ æдæрсгæ растой хъазуат тохмæ. Фæлæ, кæрæдзимæ знаджы цæстæй кæсгæйæ, ир кæрæдзи сæфтой, нал æмбæрстой, цæй фæрцы æмæ куыд сæттынц знæгтæ иры тых, æмæ сын уый бамбарын кæнын хъуыди. Æмæ, йæ фæндæн мадзæлттæ агургæйæ, Ос-Бæгъатыр бамбæрста, сауджынтæн æмæ моладзантæн кæй ис фæрæз, Чырыстийы номæй æфсымæрдзинад амонгæйæ, иры æмзæрдион скæнын, уымæн æмæ дина-монджыты æлдариуæггæнджытæ нæ хъыгдардтой.

Ос-Бæгъатыр уый бамбарын кодта йе ’фсымæртæй æртæйæн — Исахъæн, Раманæн æмæ Басилæн, цæмæй моладзантæ суой æмæ, Чырыстийы номæй æфсымæрдзинад амонгæйæ, Иры æмзæрдион скæ-ной. Уыдон Ос-Бæгъатыры фæнд сæ зæрдæмæ хæстæг айстой æмæ сæхи снывонд кодтой Ирыстоны тыххæй, се ’ртæ дæр моладзантæ систы æмæ, Чырыстийы номæй æфсымæрдзинад амонгæйæ, æмзæрдион кодтой ирон адæмы. Сæ фæрцы туджджынтæ бафидыдтой, кæрæдзимæ знаджы цæстæй чи касти, уыдон æфсымæртау систы, кæрæдзийыл хæцын байдыдтой. Афтæмæй Иры бафæндыд бархийæ цæрын, æгад сæм æркасти искæй æлдариуæгдзинадæн фæразын, сæ сæр сæрмæ хæссын байдыдтой, фыццагау æгадмæ сæхи нал уагътой, сæ гуырдзиаг æлдæртты ныхмӕ сыстадысты.

Тæтæры хан уæд гуырдзыимæ знаг уыди æмæ иры нæ бахъыгдардта, уый нæ, фæлæ ма сæ гуырдзыйыл ардаугæ дæр кодта. Фæлæ ирæн æнцон нæ уыди хæцын сæ гуырдзиаг æлдæрттимæ, фидар галуанты чи бадтис æмæ Гуырдзыйы паддзахад æххуыс кæмæн кодта. Æмæ сæ уæддæр æмдыхæй басастой ир, сæ галуантæ сын ныппырх кодтой, сæхи дæр сын Ирыстонæй фæтардтой, стæй Картлийы быдыртæм айгæрстой æмæ Гуры фидар бацахстой, сæхиуыл æй æрфидар кодтой. Уыцы стыр тохы æгас ирæй тынгдæр рабæрæг Ос-Бæ-гъатыр, æмæ йе ’хсары фæрцы Иры фæтæг сси.

Гуры фидар иры къухтæй ратонынмæ хъавгæйæ, Гуырдзыйы паддзахад йæ тых æгасæй дæр Ирмæ сарæзта, иримæ стыр тох самадта, фæлæ йæ ирӕттӕ сæхуыд-тæг басастой, Картли æмæ Триалеты бæс-тæ æгасæй дæр бацахстой.

Уый фæстæ Ос-Бæгъатыр бацахста Картли æмæ Триалеты бæстæ æгасæй дæр, гуырдзиаг æлдæртты æмæ уыдоны фарсхæцæг азнауырты фæсырдта, байста Гуырдзыйæ Рамы фидар. Уæд Куары доны былмæ Джереты комы Ос-Бæгъатыр саразын кодта стыр фидар, цæмæй ир тынгдæр æрфидар уой фæсхохы. Уый фæстæ Ос-Бæгъатыр йæ ирон æфсæдтимæ рахызти фæсхохæй цæгатмæ, сыстын кодта Цæгат Иры тæтæрыл æмæ сæ фервæзын кодта уыдоны къухæй, стæй Цæгат æмæ Хуссар Иры баиу кодта, ногæй ирон паддзахад сарæзта.

Стыр диссаг у, уырыс æмæ бирæ æндæр адæмтæ уæд кæмæй рызтысты, уыцы тæтæр Ос-Бæгъатыры басæттын кæй нæ бафæрæзтой. Ос-Бæгъатыр сын, æвæццæгæн, се ’фсæдты хохы нарджытæм сайдта æмæ цагъта, ихсийын сæ кодта, стæй сæ иры быдырæй дæр фæтардта, тынг сæ фæтæрсын кодта, æмæ уый фæстæ йемæ схæцын сæ ныфс нал бахастой.

Ос-Бæгъатыры ирон ном Алгъуыз хуынди æмæ «Иры цытджын Алгъуыз, Иры сгуыхт лæг Ос-Бæгъатыр», зæгъгæ, ахӕм кадджын ном ын радтой гуырдзы. Нузалы рагон аргъуаны гуырдзиагау фыст цы кадæг æфснайд уыди, «Алгъузиани», зæгъгæ, уый дæр, æвæццæгæн, Алгъуыз-Ос-Бæгъатыры кой кæны. «Алгъузиани» Алгъуызы хоны ирон паддзах, кӕцы стыр тох фæкодта Иры хъыгдарæг сыхæгтимæ æмæ Кæсæджы, Кистины, Цæцæны, Хъалмыхъы басаста, ирон паддзахады арæнты дæрдтыл ахаста, суанг денджызмæ.

Нузалы рагон аргъуаны къулыл Ос-Бæгъатыры тыххæй цы фыст уыдис гуырдзиагау, уый куыд зæгъы, афтæмæй Ос-Бæгъатыр хæцыди цыппар паддзахадимæ æмæ басаста Кавказы адæмты, æрсабыр сæ код-та. Иу дзырдæй, гуырысхойаг нæу, «Алгъузиани» кæй кой кæны, уыцы Алгъуыз кæй у Алгъуыз-Ос-Бæгъатыр. Уæлладжыры цы таурæгътæ баззади, уыдонæй куыд зыны, афтæмæй Ос-Бӕгъатыр йæ амæлæты онг стыр хъазуатæй фæтох кодта Иры знæгтимæ, хæцыди Абхазимæ дæр, Имеретимæ дæр æмæ Имератæй байста иу стыр галуан — Хедис-Къари, кӕцы лӕууы Оны Калакæй дæлдæр, Рионы доны был нарæг комы.

Ос-Бæгъатыры кой кæнæг Уæлладжыры таурæгътæ ма зæгъынц: гуырдзыимæ хæцгæйæ, Ос-Бæгъатыры къухы бафтыд Гуырдзыйы паддзахы хо æмæ йæ йæхицæн усæн ахаста. Гуырдзыйы паддзах сфæнд кодта хинæй разилын Ос-Бæгъатырыл æмæ йæ, куыд йæ сиахсы, афтӕ схуыдта Мцхетамæ, — æрцу æмæ бафидауæм, мæ хойы дæр демæ æркæн æмæ уын чындзæхсæв саразон, зæгъгæ. Афтæмæй Ос-Бæгъатыры йæхиуыл баууæндын кодта, æмæ Ос-Бӕгъатыр иу къорд æфсæддонимæ арасти Мцхетамæ. Мцхетамæ куы бахæстæг, уæд æй Арагуийы доныл ауайын хъуыди, хид кæм нæй, ахæм ран. Арагуийы иннæ фарс лæууыди Гуырдзыйы паддзах æд æфсæдтæ гæрзифтонгæй. Ос-Бæгъатыр æнхъæл уыди, Гуырдзыйы паддзах ын кад кæны æмæ æууæнкæй йе ’фсæддонты разæй бауад Арагуийы доны, фæлæ, донимæ хæцгæйæ, иннæ былмæ куыд рацæйцыд, афтæ йæ æвиппайды фатæй ныццавта Гуырдзыйы паддзах, амардта йæ, æмæ Ос-Бæгъатыры дон аласта.

Гуырдзыйы паддзахмæ стыр хуындмæ цæугæйæ, Ос-Бæгъатыр йемæ куыннæ айстаид йæ цæдисæмбæлтты, йе ’фсады раздзогты æмæ уыдон дæр йемæ фесæфтысты. Уый фæстæ тæтæры хан æмæ гуырдзиаг æлдæрттæ хурх кæнын байдыдтой иры, сæ хъару сын асастой, æмæ стæй тæтæры ханад куы фехæлди, гуырдзыйы паддзахад куы смæллæг и, уæддæр сæ фырæдзæллагæй ир нал базыдтой хи паддзахад саразын, бархи цард ссарын. Ос-Бæгъатыры тыххæй Нузалы рагон аргъуаны къулыл гуырдзиагау ахæм фыст уыди: «Мах уыдыстæм фараст æфсымæры… Ос-Бæгъатыр æмæ Дауыт-Сослан, цыппар паддзахадимæ чи хæцыди, Фидар, Джадар, Сохъур æмæ Джеор, се стыр хъазуатæй чи ризын кодта знæгты. Ме ’фсымæртæй æртæ — Исак, Раман æмæ Басил чырыстон динамонæг уыдысты. Мах хъахъхъæнæм нарæг æрбацæуæнтæ цыппарæрдыгæй. Къасарайы нын ис галуан. Уырны мæ, удæн мæлæт кæй нæ ис, æмæ ацы дунейыл æдæрсгæ цæрын. Сыгъзæринджын æмæ мæм æвзистджын зæххытæ донæй арæхдæр ис, Кавказы æрсабыр кодтон, цыппар паддзахадимæ хæцыдтæн, Гуырдзыйы паддзахы хойы раскъæфтон, æмæ мыл паддзах хинæй разылди, амардта мæ, донæн мæ аласын кодта, æмæ ирон æфсад бабын и. Ай чи бакæса, уый мын рухсаг зæгъæд».

Иу дзырдæй, фыст хабæрттæй æмæ Уæлладжыры таурæгътæй куыд зыны, афтæмæй Ос-Бæгъатыры рæстæг амондджын дуг уыд ирæн, æмæ сын уæд бантысти се знæгты дæр басæттын, сæ исбон сарæх кæнын, æмæ уый фæрцы бархийæ æдæрсгæ цардысты, æмæ сæ хъуыддæгтæй равдыстой, ирон уды хъарутæ стыр кæй сты æмæ ирæн сæ бон кæй у, баиу уæвгæйæ, стыр хъуыддæгтæ бакæнын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.