Бирæ сты, армыдзаг ирон адæмы æнæхъæн дунейæн чи базонын кодта, уыцы зындгонд адæймæгтæ. Æрмæст цирчы аренæйæ ирæттæ дун-дунейы дзыллæты цы бæрзонд аивадимæ базонгæ кодтой, уый йæхæдæг кæуылты хъуыддаг у! Зæххы къорийыл кæм нæ зыдтой æмæ кæм нæ æмдзæгъд кодтой Тугъанты, Хъантемыраты æмæ æндæр номхæссæны барджыты арæхстдзинадæн… Фæлæ циркуарзджытæ уыдонæй раздæр  бауарзтой диссаджы курдиат æмæ арæхстдзинады хицау Гуццаты Агуыбейы.

Адæмты историйы бæх æмæ бæхылбадыны арæхстдзинадæн æгæрон стыр ахадындзинад уыди. Бæхæй пайда кодтой хæдзарадон куысты, цуаны æмæ хæсты рæстæг. Хæсты рæстæг дзы кæй пайда кодтой, уый руаджы фæзынди бæхыл бадыны æмæ саргъы бæхимæ архайыны дæсныйад. Уый тыххæй та, фыццаджыдæр, сæрмагондæй бацæттæ кæнын хъуыди барæджы дæр æмæ бæхы дæр. Хæстон хъуыддаг бæрзонд кæй сырæзт, уый руаджы бæхтæ дарыны куыст райдыдтой индоевропæйаг адæмты сыхæгтæ дæр, æмæ сæм фæзынди бæхыл бадыны дæсныйад. Ирон адæммæ бæхыл хъазын тынг кадджын кæй уыди, уый æвдисæн у, уыцы дæсныйад-иу, фосдарыны фæтк кæмæ сфидар, уыцы адæмтæм кæй фæзынди, уымæн. Сæ мидисмæ гæсгæ бæхыл хъæзтытæн сæ сæйрагдæр нысан уыди, барæг дæр æмæ бæх дæр цас хæстхъом сты, уый рабæрæг кæнын. Рагзаманты фæцалх сты бæхыл цæугæ-цæуын фæлтæрæнтæ кæныныл æмæ, дугъ кæнгæйæ, бæхæй æргæпп кæнын æмæ фæстæмæ абадыныл. Уыдæтты руаджы-иу барæг кодта уæнгрогдæр æмæ зæрдæвидардæр. Фæлтæрдтой сæ-иу, цæмæй уыдаиккой хъаруджын, æвзыгъд, цæрдæг, ныфсджын, фæндвидар, саргъыл бадтаиккой фидар, бæхы алы фезмæлд дæр æнкъардтаиккой.

Цы дзы зонæм, уымæй дæр – сæрыстыр

Зындгонд ирон бæхылбадæг, XX-æм æнусы райдайæны дунейы алы бæстæты циркуарзæг адæмы йæ аивадæй дисы чи æфтыдта, уыцы легендарон ирон Гуццаты  Агуыбе райгуырди 1867 азы, Дзæуджыхъæуы. Йæ чысылæй фæстæмæ бауарзта бæхыл бадын æмæ хъазын, фæлæ йын горæты цæргæйæ нæ уыд ахæм фадат. Цирчы артист та ссис бынтон æнæнхъæлæджы.

Цы дзы зонæм, уымæй дæр – сæрыстыр

Цæвиттон, хæрзæвзонг ма куы уыд, уæд йæ сыхагимæ ацыди Ростовмæ æмæ уым циркы кусын райдыдта бæхгæсæй. Иухатт куы уыдис, уæд иу репетицийы фæстæ, артисттæ сценæйæ куы ацыдысты, уæд Агуыбе бæхтæй иуыл абадти æмæ цæрдæг æрхъазыди ирон адæмон бæхылбадыны дæсныйад æвдисгæйæ. Фырдиссагæй ма йæ худ дæр зæххмæ æрхауди, фæлæ йæ бæхылбадæг æнæрлæугæйæ фелвæста. Бæхыл бадыны мондагæй йæ «хъиутæ» чи хордта, уыцы сонт лæппуйы ма цы урæдта – нал æй фæндыд саргъæй æрхизын, кæрæдзийы фæдыл фæлхатт кодта, цирчы артисттæ кæй февдисынц, уыцы номыртæ. Æвзонг лæппуйæн йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыдис, цирчы хицау æм кæцæйдæр сусæгæй кæй каст… Уый тынг бадис кодта йæ бæхгæсы арæхстдзинадыл, Агуыбемæ фæхатыд диссаджы курдиат æмæ фер-дæхтдзинад. Йæ цæстытыл ауади, зæгъгæ йæ цирчы аренæмæ ракæн, уæд æм адæм цымыдисæй куыд кæсдзысты, уый дæр. Афтæмæй Агуыбе ссис цирчы артист. Бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ йæ ном Уæрæсейы бирæ сахарты цирчы афишæтæй нал хызтис дæлæмæ. Англисы та йын йæ номыл цалдæр рæсугъд посты открыткæйы рауагътой, куыд æнæхъæн Англисы адæмы хсæн популярон адæймаг, афтæ. Уæды заманы газетты арæх фыстой йæ джигитовкæйы сæрмагонд ирон æууæлты арæхстдзинады тыххæй. Йæ аивад сси ирон адæмон национ културæйы зынгæ фæзынд. Агуыбе цирчы сæвæрдта ахæм равдыстытæ æмæ номыртæ, кæцытæй иуæй-иутæ абоны онг дæр никæй  къухы бафтыдысты.

1908 азы Агуыбе бынтондæр ацыдис фæсарæнтæм, æмæ куыста, уæды заманы иууыл зындгонддæр цирчы хицау Труццимæ. Труццитæ уыдысты италийæгтæ, нымад цыдысты циркон аивады æнæхъæн династийыл. Гуццаты легендарон цирчы барæг адæмы зæрдæтæ бирæ кæй фæрухс кодта йæ диссаджы аивадæй, уый зонæм, фæлæ, стыр хъыгагæн, нæ номдзыд иронæн йæ фæсарæйнаг царды хабæрттæй уадиссаг ницы зонæм. Уымæн æмæ никæй «равдæлд», æнæхъæн зæххы къорийы адæм лæугæйæ кæй рæсугъд аивадæн æмдзæгъд кодтой, уыцы артисты цард æмæ сфæлдыстад раиртасынмæ.

Фæсарæнтæм цæрынмæ ацæуыны фæнд æм цæмæн æрцыд, уый дæр баззад  сусæггагæй. Ныдзæвæггагæй нæм цы информаци æрхæццæ ис, уымæ гæсгæ зонæм æрмæстдæр уый, цавæрдæр бæрзонд бадæг чиновник ын кæй æхгæдта йæ фæндæгтæ, йæ цирчы артист фыртæй Агуыбе курдиатджындæр æмæ цæстыахадгæдæр кæй уыд, уый тыххæй. Иу дзырдæй, уадиссаг бирæ ницы зонæм нæ номдзыд æмбæстаджы тыххæй, фæлæ дзы цы зонæм, уый дæр нын хъуамæ фаг уаид, цæмæй дзы сæрыстыр уæм.

Чи зоны ма фæстæмæ цæрынмæ æрыздæхтаид йæ райгуырæн бæстæмæ, чизоны йæ тынг фæндыд, йæ зæрыбонтæ йæ туг, йе стæг адæмы хсæн батонын, Ирыстоны амæлын, фæлæ Советон хицауад «фæсарæйнæгтæм» удхæссæджы цæстæй кæй кастис, уый куыднæ æмбæрстаид, æмæ ратон-батойнаг куы фæуыдаид, уыцы тасдзинад æй  йæ царды фæстаг бонты онг фæцæрын кодта æцæгæлон бæстæйы.

Нæ номдзыд æмзæххоны тыххæй нæм цы кадавар информаци ис, уымæ гæсгæ Гуццаты Агуыбе йæ зæрыбонтæ арвыста саугуырмæй. Амард Англисы 1959 азы. Æмæ ууыл аскъуыд легендарон ироны мидисджын биографи. Чизоны искæйты бафæндыдаид, цæмæй йын йæ мæлæты фæстæ уæддæр  ныффыстаиккой бæстондæр йæ цард æмæ йе сфæлдыстады тыххæй, фæлæ дыууæ царды кæмæн уыд!.. Уыцы заманы фæсарæнтæм чи ацыдаид, уый цыфыддæр знагыл нымад цыдис, ахæмты кой чи скодтаид, хорзæрдæм сыл чи ныффыстаид, уыдон та хъуамæ сæ къух систаиккой сæ дарддæры царды фæндтыл.

Æмæ ахæм системæ, ахæм ахасты азарæй цал рæстаг адæймаджы баззадысты рохуаты дунейы, чи сæ фæнымайдзæн… Уыдонæй сæ иу уыд Гуццаты Агуыбе.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.