25 азы рацыд, хуссайраг ирæттæ историон нысаниуæг кæмæн ис æмæ хæдбар, суверенон паддзахад аразыны фæндагыл ныллæууæг Хуссар Ирыстоны адæмæн хъысмæтскъуыддзаггæнæн чи ссис, уыцы референдум куы ауагътой, уыцы бонæй.

1992 азы 19 январы референдум нæ адæмæн у адæмон иудзинады æмæ нæ адæмы фидар удыхъæды символ.

1989 азæй 1992 азмæ рæстæгыл нæ цæст ахæсгæйæ, зæгъæн ис, зæгъгæ, Гуырдзыстон æппæтдæр арæзта, цæмæй хуссайраг ирæтты йæхи ныхмæ скодтаид, гуырдзиæгтæ уагътой алыгъуызон митингтæ Гуырдзыстоны цæрæг ирæтты ныхмæ, хуыдтой сæ уазджытæ, кæцытæ «сæхи куынæ æруадзой, уæд сæ амæрздзысты тъунелы иннæ фарсмæ».

Уымæ нæ кæсгæйæ Цхинвалы фæндыд сабырæй уавæр аскъуыддзаг кæнын æмæ архайдта Тбилисимæ иумиаг æвзаг ссарыныл. 1989 азы 10 ноябры Хуссар Ирыстоны автономон областы адæмон депутатты æнæрадон сесси райста уынаффæ автономон областæй автономон республикæ (Гуырдзыстоны сконды) саразыны тыххæй. Уыцы уынаффæ æрвыст æрцыд Тбилисмæ. Гуырдзыстоны къухдариуæгад политикон куырыхондзинад нæ равдыста, фæлæ карзæй загъта «нæ».

Уый нæ, фæлæ ма 1989 азы 23 ноябры Цхинвалы «сабырадон митинг» ауадзынæй сæ бон куы базыдтой, уæд фæстæмæ худинаджы здæхт бæргæ акодтой, фæлæ… Фæндæгты æхгæдтой, ахстой ирæтты æмæ сæ фыдмардæй мардтой.

Хуссар Ирыстоны адæм ССР Цæдисы æмæ Гуырдзыстоны ССР къухдариуæгадтæм бирæ хæттыты сидтысты ахæм домæнимæ, зæгъгæ, «гуырдзыйы националистты æруромын уæ бон кæд нæу, уæд уавæрæн æмбæлон аргъ уæддæр скæнут». Фæлæ уыцы сидтытæ ницæмæ æркодтой. Уый нæ, фæлæ Гуырдзыстоны хицауиуæгадмæ æрцыдысты фашисттæ, сæ сæргъ Звиад Гамсахурдиа. Уый  Гуырдзыстоны расидт хæдбардзинад.

Гамсахурдиайы æрцыдæй Хуссар Ирыстоны уавæр ноджы фæкарздæр. Гарзджын провокацитæм бафтыд экономикон, транспортон, энергетикон блокадæтæ. Хуссар Ирыстоны республикæйы фыдмитæ кодтой гæрзифтонг абырджытæ: Иоселиани, Китовани, Адамияйы къордтæ. Уыцы рæстæджы Мæскуыйæ Хуссар Ирыстонмæ æрцыд инæлар, философ æмæ развæдсгарæг Цæголты Ким æмæ æххуыс кодта уавæр æрсабыр кæнынæн.

1990 азы 20 сентябры автономон областы статус ивд æрцыд Хуссар Ирыстоны Советон Демократон Республикæмæ ССР Цæдисы сконды. Уыцы азы 9 декабры уыдысты республикæйы Уæлдæр Советмæ æвзæрстытæ. Кæд Хуссар Ирыстон Тбилисмæ хатыд уавæр сабырæй аскъуыддзаг кæнынмæ, уæддæр та Хуссар Ирыстоны ацы статус дæр гуырдзиæгтæ «скуынæг» кодтой. Уыимæ иумæ Мæскуы та аивта, куыд гуырдзиаг, афтæ хуссарирыстойнаг уынаффæты дæр. Хуссар Ирыстон ахæм вердиктыл сразы, Гуырдзыстон  нæ.

Хуссар Ирыстоны статус аивгæйæ, Гуырдзыстон фактон æгъдауæй йæ «фысы царм» аппæрста, йæ къухты баст райхæлдта æмæ йæхи цæттæ кодта тыхон акцимæ. 1991 азы 6 ян-вары æхсæв ССР Цæдисы Мидхъуыддæгты æфсæдтæ æнæ фæдзæхстæй горæтæй ацыдысты æмæ горæт бацахстой Гуырдзыстоны милици, боевиктæ æмæ абырджытæ. Ирыстоны адæм уый куы базыдтой, уæд фыццаг сахатты фæтыхстысты фæлæ сæхи тагъд æрымбæрстой. 10 сахатмæ нæлгоймæгтæ къордтæ аразын райдыдтой æмæ гуырдзыйы оккупантты ассыдтой горæты ныгуылæн хаймæ. Фæлæ гуырдзиæгтæн сæ къухы уыдысты горæты центр, бацахстой горæты алыварс стратегион бæрзæндтæ.

Агрессоры фидарæй уырныдта, ома, ахæм æнæнхъæлæджы бабырстæй адæм сæхи ратдзысты фæуæлахизуæвæгæн. Фæлæ фыдæнхъæл фесты. Уадид арæзт æрцыдысты штабтæ æмæ хибахъахъхъæныны къордтæ. Уæдæй райдыдтой фыццаг хæстон архайд-тытæ.

Гуырдзыстоны гæрзифтонг милицийы ныхмæ æнæ хæцæн-гарз ирæтты бон цы уыд? Фæлæ афтæмæй дæр ныхмæ лæууыдысты. Фæзындысты фыццаг зиæнттæ. Афтæ фæзынд фæндзæм скъолайы кæрты мемориалон уæлмæрд. Уым фыццаг ныгæд æрцыдысты Коцты Григол, Тасойты Инал, Бæгъиаты Вячеслав, Габойты Мурат æмæ æндæртæ.

Уыцы уæззау бонты Хуссар Ирыстоны депутатон корпус йæ куыст кодта. Уый 18 январы бахатыд ССР Цæдисы президентмæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны æппæт территорийыл баконд æрцыдаид уæлвæткон уавæр ССР Цæдисы Мидхъуыддæгты министрады æфсæдты æххуысæй. 26 январы гуырдзиаг милицийы Цхинвалæй ассыдтой. 1991 азы 17 марты Хуссар Ирыстон хайад иста ССР Цæдис бахъахъхъæныны фарсты фæдыл æппæтцæдисон референдумы. Уыцы рæстæджы Гуырдзыстон та хъæлæс дæттыны бæсты алыгъуызон хæцæнгæрзтæй æхста Цхинвалы. 31 марты хæдбардзинады фарсты фæдыл референдум ауагъта Гуырдзыстон. Кæй зæгъын æй хъæуы, Хуссар Ирыстон уыцы референдумы хайад нæ райста.

Цаутæ афтæ цыдысты, æмæ Гуырдзыстонимæ иумæ Хуссар Ирыстонæн уæвынад кæнын нал уыд. Уый фæстиуæгæн хъуыд архайын.

1991 азы кæрон скъуыддзаг æрцыд референдум ауадзын, уый фæстæ та хæдбардзинады Акт райсын. Нысан æрцыд референдум ауадзыны бон дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Гуырдзыстон кæд расидт хæдбардзинад, уæддæр йæ хæдбардзинад 1992 азы январы нымад нæма уыд æмæ ИНО-йы сконды дæр нырма нæ уыд. Уый нæ, фæлæ ма цæмæй Гуырдзыстон ССР Цæдисы скондæй рахызтаид, уый тыххæй 1990 азы Гуырдзыстоны Уæлдæр Совет рахаста уынаффæтæ, кæцытæм гæсгæ иуварсонæй ивд æрцыдысты, 1921 азæй фæстæмæ Советон Гуырдзыстоны цыдæриддæр барадон акттæ ист æрцыдысты, уыдон. Уыцы нымæцы, 1922 азы автономон областы хуызы Хуссар Ирыстон Гуырдзыстоны Советон Социалистон Республикæйы скондмæ цы Декретмæ гæсгæ баконд æрцыд, уый дæр. Афтæмæй Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ дуне цы Гуырдзыстоны банымадта, уый сконды иу бон дæр никуы уыд Республикæ Хуссар Ирыстон.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы равзаргæ фæндоны ныхмæ уыдысты æрмæст Гуырдзыстон нæ, фæлæ Уæрæсейы Федерацийы уæды къухдариуæгад, Цæгат Ирыстоны къухдариуæгад æмæ, æгæрыстæмæй, Хуссар Ирыстоны иуæй-иу чиновниктæ дæр. Гуырдзыстон йæхæдæг хæстон хотыхтæй архайдта, Уæрæсейы Федерацийы æмæ Цæгат Ирыстоны къухдариуæгад та  гуырдзиæгты ардыдæй архайдтой дипломатон æгъдауæй.

Референдум ауадзын бахъыгдарыны бафæлвæрдтытæ дæр уыд, фæлæ уыцы ныхдуртæ иуварс æрцыдысты, референдум уагъд æрцыд.

Бæрæг куыд у, афтæмæй президентон æмæ парламентон æвзæрстытæ уадзы Централон Æзарæн къамис, референдум ауадзынæн та хъæуы  реформæйы фæдыл сæрмагонд къамис. Уый фæстиуæгæн цæмæй референдум ауагъдæуыдаид 1992 азы 19 январы, уый тыххæй Централон æвзарæн къамисы фæндонмæ гæсгæ арæзт æрцыд референдумы фæдыл Централон къамис Дзиццойты Юрийы сæргълæудæй. Къамисы сконды уыдысты уæды активисттæ, фидар юристтæ. Уыдон сæ куыст кодтой дырысæй æмæ æнæ рæдыдæй, уымæн æмæ йæ зыдтой, сæ алы документ дæр ахуыр цæудзæн лæмбынæг.

Референдуммæ рахаст æрцыд дыууæ фарсты:

1) Разы стут, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон уа хæдбар паддзахад?

2) Разы стут, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон уа Уæрæсейы сконды?

Хуссар Ирыстоны адæм æм-зонд, æмхъæлæсæй, растдæр зæгъгæйæ та – сæ 99 проценты  сразы сты ацы фарстытыл.

Референдум ацыд æмбæлон æмвæзадыл, хайад дзы райстой, горæты ма цы гуырдзиæгтæ баззад, уыдон дæр æмæ республи-кæйы цæрæг гуырдзиæгтæй дæр бирæтæ.

Æнæзæгъгæ нæй иу ахсджиаг фарсты тыххæй: республикæйы гуырдзиаг хъæуты кæд æвзарæн фадгуытæ бакæнæн нæ уыд, уæддæр сын уæлæмхас  номхыгъдтæм гæсгæ хъæлæс дæттыны фадат уыд горæты 9-æм æмæ 10-æм астæуккаг скъолаты. Кæд гуырдзиаг гæрзифтонг къордтæ æхстой горæт, уæддæр Тамарашены æрдыгæй дæр æмæ гуырдзиаг Присы æрдыгæй дæр гуырдзиæгтæ уыцы фадгуытæм цыдысты хъуызгæйæ æмæ хъæлæс лæ-вæрдтой сæ «бодзты» сусæгæй.

1992 азы январы Республикæ Хуссар Ирыстон референдум куы ауагъта, уæд Гуырдзыстоны нæ уыд легитимон хицауад. 22 декабрæй 6-æм январмæ Гуырдзыстоны æрцыд хæстон фæфæлдæхт. Тенгиз Сигуа æмæ Тенгиз Къитъованийы сæргълæудæй афтæхуый-нæг «Гуырдзыстоны хæстон совет» раппæрста Звиад Гамсахурдиайы режимы. Гамсахурдиа сырд æрцыд Гуырдзыстонæй. Тбилисы та арæзт æрцыд æнæ легитимон паддзахадон совет Эдуард Шеварднадзейы сæргълæудæй.

Хъæлæсæппæрсты хайад райстой 53 мин адæймагæй фылдæр, уый та хæстон уавæрты цæрæг æмбæстæгтæн уыд бæрзонд бæрæггæнæн. Уымæн æмæ зындгонд цауты рæстæджы уæды онг дæр  бирæ туг ныккалд Хуссар Ирыстоны зæххыл, бирæ хъæутæ федзæрæг сты, бирæтæ алыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ.

Референдумы статистикон бæрæггæнæнтæ та уыдысты ахæм: хъæлæс дæттыны тыххæй бюллетентæ райстой 53.441 адæймаджы, хъæлæс чи радта, уыдоны нымæц дæр уыд 53.441 адæймаджы, уыдонæй 53.308 адæймаджы сразы сты референдумы фарстытыл, «нæ» та загътой 48 адæйма-джы, 85 бюллетены та хæлдыл нымад æрцыдысты.

Референдум ауадзыны инициатортæй сæ иу – Дзиццойты Юри куыд радзырдта, афтæмæй «Цент-ралон æвзарæн къамис ныззаказ кодта бюллетентæ, кæцытыл фыст хъуамæ уыдаид Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы сфидаргонд референдумы дыууæ фарсты. Бюллетентæ мыхуыр цыдысты Дзæуджыхъæуы, уымæн æмæ уыцы рæстæджы Цхинвалы типографы мыхуыркæнынæн нæ уыд уавæр. Бюллетентæ бæргæ райстам, фæлæ сыл фыст уыд бынтон æндæр фарстатæ. Æз уадид фехъусын кодтон нæ республикæйы къухдариуæгадæн. Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы уынаффæ баззад æнæивгæйæ æмæ мах актмæ гæсгæ скуынæг кодтам уыцы бюллетентæ æмæ уыцы æхсæв ныззаказ кодтам ногтæ.

Референдум æруромын знæгтæн сæ къухы  куынæ бафтыд, уæд æппæт æгъдауæй дæр архайдтой, цæмæй райст ма æрцыдаид хæдбардзиады Акт. Уавæр уыд тынг æндыгъд. Горæт æхст цыд стыркалиброн хæцæнгæрзтæй, фæлæ æхстыты бын Советты хæдзары Органон залмæ æрæмбырд тынг бирæ адæм – куыд депутаттæ, афтæ æхсæнады минæ-вæрттæ дæр. Æмæ минæты гыбар-гыбурмæ райст æрцыд хæдбардзинады Акт.

Иу ныхасæй, республикæйы уæды къухдариуæгады райсгæ уынаффæтæ юридикон æгъдауæй дæр æмæ дунеон барадмæ гæсгæ дæр уыдысты раст æмæ сæм фау æрхæссæн æппындæр нæ уыд. Уыцы документтæн  анализ кæнгæйæ, дунеон экспертон къамис-тæ бирæ архайдтой исты рæдыд ссарыныл, фæлæ æппындæр ницы ссардтой.

Тедеты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.