Мах буц ӕмӕ сӕрыстыр стӕм не ‘гъдӕуттӕй, нӕ рагон фыдӕлтӕй нӕм чи ӕрхӕццӕ, уыцы традицитӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ фыдӕлтӕм цы ӕгъдӕуттӕ уыдис, уыдонӕй дӕр иуӕй-иутӕ адӕмӕн зӕрдӕйы фӕндиаг нӕ уыдысты, фӕлӕ се ‘ххӕст кӕныныл архайдта алчи дӕр. Кӕд абон фӕдзурӕм, закъон алкӕмӕн дӕр ӕххӕст кӕнинаг у, зӕгъгӕ, уӕд раджы кӕддӕр та афтӕ дзырдтой ирон ӕгъдауӕй. Махмӕ афтӕ кӕсы, цыма нӕ фыдӕлты цардӕй алцы дӕр зонӕм, фӕлӕ нырма нӕ кӕстӕртӕн нӕ ивгъуыды ӕрфыты бирӕ ӕмбӕхст зонинӕгтӕ ис. Уыдоны тыххӕй бӕстондӕр базондзысты нӕ номдзыд ахуыргонд, этнограф, профессор Цыбырты Людвиджы зонадон куыстыты ӕмӕ дзы иу хай хӕссӕм газеткӕсджыты рӕгъмӕ.

Уазæджы æгъдау у адæмон æгъдæутты ахсджиагдæртæй иу. Бирæ уазджытæ-иу сæмбæлдис бæрæгбонты, куывдты, зианы кæндты. Цы хъуыддаджы фæдыл æрбацыд уазæг, уый хынцгæйæ æххæст-гонд цыд уазæджы æгъдау дæр. Бацархайдзыстæм уазæджы æгъдауыл иумæйагæй æрдзурыныл. Всеволод Миллеры хъуыдымæ гæсгæ уый уыд ирон адæмы хуыздæр миниуæг.

Абоны бон уазæджы æгъдау кæддæры æхсæнадон нысаниуæг фесæфта. Фæлæ йæ сæйраг элементтæ хъахъхъæд æрцыдысты. Цæмæй уыцы æгъдау йæ фыццаджы хуызы ивгъуыды ма баззайа, уый тыххæй мах бацархайдзыстам ХIХ æнусы дыккаг æмбисы – ХХ æнусы райдайæны цы хуызы уыд, уый равдисыныл, цæмæй кæсæг йæхæдæг бамбара, уазæджы æгъдауы цавæр фæтктыл хъуамæ хæцæм абон æмæ дзы ферох кæнын цы хъæуы, уый. Уазæджы æгъдау гыццылгай дины тæваг исын райдыдта. Уымæн ирд æвдисæн у арфæ “Уазæг – Хуыцауы уазæг”. Уый ууыл дзурæг у æмæ алы уазæг дæр нымад у Хуыцауæй æрвыстыл. Уымæ гæсгæ фысымтæ цин кодтой, сæ уазæг дзæбæхæй кæй æрбахæццæ, ууыл.

Уазæгыл-иу йæхи чи атигъ кодта, уый-иу фæхудинаг кодта канд йæхи нæ, фæлæ йæ хæстæджыты æмæ йæ мыггаджы дæр. Алы фысым дæр хæсджын уыд, цæмæй йæ уазæджы хъахъхъæдтаид, кад ын кодтаид, чифæнды куы уыдаид йæ уазæг, уæддæр.

Ирон адæмы царды уаг хорз зонæг Н.Берзенов фыста: “Ирон адæммæ уазæджы æгъдау афтæ у, æмæ иууыл æлгъыстагдæр знаг куы æрбалæууа уазæджы номыл сæ хæдзармæ, уæддæр ыл ирон лæг йæхи нæ атигъ кæндзæн, йæ цард дæр ратдзæн уый тыххæй, æрмæст ыл йæ хæдзары мацы фыдбылыз æрцæуа. Йæ хæдзарæй куы ацæуа, уый фæстæ йæ бон у æмæ дзы йæ маст иса». Афтæмæй туджджынæн дæр йæ бон уыд уазæджы æгъдауы фæрцы æнæфыдбылызæй баззайын, цалынмæ уазæгуаты уыдаид æмæ йæ цы бинонтæ райстаиккой, уыдонæй нæ ацыдаид, уæдмæ. Таурæгъмæ гæсгæ иу ирон, йæ ном Бурхан Агасферау æнадзалæй баззад, æлгъыст æрцыд, уазæгыл йæхи кæй атигъ кодта, уый тыххæй.

«Уазæджы амарæг дæр фысымæн свæййы иууыл хæстæгдæр адæймаджы амарæгау, – фыссы Н.Берзенов. – Æцæгæлон адæймаг куы зæгъа хæдзары хицауæн, æз дæ уазæг, зæгъгæ, уæд æй фысым æфсымæры ист ракæны, се знаг куы уа, уæддæр». Фысым йæ уазæджы цард хъахъхъæдта йæхи цард тæссаг уавæры уыд, афтæмæй. Уыцы традици нæ фыдæлтæм фæзынд историон ивгъуыды æмæ абонмæ дæр цæры ирон адæмы ‘хсæн.

Уазæджы æгъдау халджытыл ирон адæмы царды фембæлæн нæ уыд, фæлæ уæддæр уыдис фыдæлты æгъдау халджытæн карз тæрхон. Æгъдаухалæгæн-иу бар нал уыд адæмы ‘хсæн цæрынæн, хъоды йыл бакодтаиккой, суанг ыл марынæй дæр нæ бацауæрстаиккой. Чи зоны ацы карз тæрхон иннæрдæм куыста, ома уазæгуарзондзинады æгъдау хæлд уый тыххæй нæ цыд. Уазæгуарзондзинады æгъдауы хæлд тæрхонгонд цыд Кавказы иннæ адæмтæм дæр. Ацы æгъдау алкæмæ дæр иухуызон хауд. Алы фысым дæр хæсджын уыд уазæджы райса, хорз кад ын скæна, цæмæй йыл æвзæры ном ма сбада. Уазæг куыд райста фысым, уымæн та бамбæхсæн нæ уыд, уымæн æмæ-иу уазæджы æрбацыд адæм се ‘ппæт дæр фехъуыстой. Бинонты сæ къух куы нæ амыдтаид уазæг райсынмæ, уæд-иу сыхæгтæй кæнæ хæстæджытæй райстой кæм æфстау, кæм лæвар. Фынгыл чи бадтис уазæгимæ, уыдон дæр-иу фæкастысты фынджы бæркадмæ. Афтæмæй уазæг райсын æмæ йын аккаг кад скæнынмæ тырныдта алы фысым дæр. Иууыл уазæгуарзондæр бинонты нæмттæ хъуыстгонд уыдысты сæ хъæуæй дарддæр æмæ сын стыр аргъ кодтой æхсæнады. Героикон зарджыты дæр сыл æмбæлæм.

Ирон адæммæ уазæг арæх кæй къæсæрыл нæ хызт, уыцы бинонтæ кадджыныл нымад нæ уыдысты. Уыдон уыдысты Хуыцауæй æлгъыстыл нымад, уымæн æмæ уазæг нымад уыд Хуыцауæй æрвыстыл.

Уыцы хъуыды адæмы зонды ныффидар уымæн, æмæ адæм зыдтой: уазæджы тыххæй бинонтæ цы хардз бакæной, уый сын Хуыцау фылдæрæй ратдзæн уазæджы куывд фехъусгæйæ.

Иу хъæуы хæларæй цардысты дыууæ æфсымæры. Хæдзары куыстытæ фылдæр кодта кæстæр æфсымæр, хистæр та æххæст кодта уазæджы æгъдау. Бинонтæ куы скодтой, уæд дæр афтæ цардысты дарддæр. Фæлæ иу хатт кæстæр чындз афтæ зæгъы: мæ мой хурыскастæй хурныгуылæнмæ йæ хид калы кусгæйæ, мæ тиу та бон изæрмæ бады, æрмæстдæр уазджыты кой кæны. Чындз уыйбæрц бакодта æмæ бинонты ахицæн кодта. Кæстæр æфсымæр дарддæр дæр куыста афтæ, ноджы фылдæр, фæлæ бинонты уавæр ницæмæй хуыздæр кодта, мæгуырæй мæгуырдæр цы кодтой, æндæр. Хистæр æфсымæр дæр йæ царды уаг нæ аивта, фæлæ йæ бæркад бонæй бон фылдæр кодта. Афтæ фæцардысты бирæ азты. Уæд кæстæр æфсымæр ракуырдта, цæмæй бинонты цард фæстæмæ баиу уа. Уæд хистæр æфсымæр раргом кодта кæстæр æфсымæрæн сæ хъæздыг царды бындур: уазджытæ цæйбæрц куывтой бинонты бæркадæн, уыдонæй иу æнæмæнг фехъуысы Хуыцаумæ, æмæ-иу нæ хæдзарыл йæ зæдтæ уыйбæрц бæркад æркалдтой, цæмæй-иу фаг уыдаид махæн нæ бирæ уазджытæн æгъдау раттынæн, цы хардз-иу бакодтам, уыдон-иу уæлдайджынтæй бамбæрзтаиккам. Уазæг райсынмæ ирон лæг рæвдз уыдис кæддæриддæр. Ирæтты уырнынадмæ гæсгæ алы бинонтæн дæр Хуыцауæй бæлвырд у, цæйбæрц уазджытæ йæм хъуамæ уа афæдзы дæргъы, уый. Уымæн-иу куывтой хохæгтæ Хуыцаумæ: «Хуыцау, нæ уазæджы хай нын ма байс!». Уазæгæй цы хæдзар нæ ихсыд, уый нымад уыд адæмы ‘хсæн. Иууыл хъæздыгдæр æмæ номдзыддæр лæджы адæмы ‘хсæн кад нæ уыдзæн, йæ уазæгдон æдзухдæр уазджытæй дзаг куы нæ уа, уæд. Уымæ гæсгæ ирон адæм уазæджы æгъдау никуы хæлдтой, фидарæй сæ уырныдта, уазæджы тыххæй цы хардз бакодтой, уый сæм фылдæрæй кæй фæхæццæ уыдзæн.

Адæмы зонды арф ныффидар, уазæг йемæ амонд æмæ бæркад кæй æрбахæссы, уыцы хъуыды. Фысымтæ сæ хæсыл нымадтой уазæджы хъахъхъæ-нын алы фыдбылызтæй, бахъуаджы рæстæджы йæ сæрыл сæ цард дæр раттаиккой. Æнæгъдаудзинадыл нымад уыд уазæгæй æхца исын хæринаг æмæ æхсæвиуаты бынатæн. Уазæг йæхæдæг куы хъавыдаид йæхи тыххæй æхца бафидын фысымæн, уæд уый фысымтæм тынг хъыг фæкастаид. Ацы фæтк фыдæлтæй нырмæ куыд баззад, афтæ карзæй æххæстгонд цæуы абон дæр. Хъæугæрон-иу æнæзонгæ лæг куы фæзындис, уæд-иу алчи дæр архайдта, цæмæй йæ йæхи хæдзармæ бахона. 60-æм азты этнографион æрмæг æмбырд кæныны тыххæй Ирыстоныл зылдыстæм. Бахæццæ стæм Дзауы районы Челиатмæ. Хъæугæрон ныл суадоны цур амбæлдысты лæппутæ æмæ чызджыты къорд. Куы йæ базыдтой, бæлвырд фысым нын нæй, уæд сывæллæтты сæ кæрæдзиимæ фæхылмæ бирæ нал хъуы-дис, алчи дæр нын лæгъстæ кодта, цæмæй уый хæдзармæ бацæуæм.

Уазæг-иу хъæумæ куы бахызт, уæд-иу хъæуы цæрджытæ се ‘ппæт дæр архайдтой уазæгмæ се ‘ргом раздахынмæ. Хъæуы-иу куы фæцæйцыдис уазæг, уæд-иу чи бадтис, уый сыстадис, дзургæ чи кодта, уый-иу фæхъус, исты кусæг-иу йæ куыст фæуагъта, се ‘ппæт дæр-иу уазæгæн арфæ ракодтой. Цы хæдзары раз-иу æрлæууыд, уым-иу уазæджы райста хистæр, йæ бæхы та – кæстæр фæсивæд. Уазæг уыд æппæт мыггаджы уазæг дæр, æппæт хæстæджыты дæр. Хъæубæстæ хæсджын уыдысты йе ‘нæниздзинад æмæ æдасдзинад хъахъхъæнын. Уымæ гæсгæ уазæг райсынæн фынг цæттæ кæныны рæстæджы архайдтой сыхæгтæ æмæ мыггаджы адæм дæр. Кæд-иу бирæ уазджытæ уыдысты, уæд-иу хиуæттæ, хæстæджытæ фысымтæм сæ къух фæдаргъ кодтой хæринагæй дæр æмæ хуыссæнгарзæй дæр. Куыдфæндыйæ дæр уазæджы хорз райсын æмбæлдис, æнæмæнг хъуыдис йæ номыл кусарт акæнын, хæдзары дзидза фаг куы уыдаид, уæд дæр. Алы ирон дæр йæхи хызта, цæмæй йыл адæмы ‘хсæн чъындыйы ном ма сбада, уый худинаг уыдис.

Хæдзармæ уазæг мидæмæ хызт рахиз къахæй, хæдзарæй цæугæйæ та –  галиу къахæй. Хæдзармæ хизгæйæ-иу загъта: Æз дæ уазæг. Фысым та-иу дзуапп радта: Уазæг – Хуыцауы уазæг, табуафси, мидæмæ. Уазæджы истой æфсымæры ист, бинонтæн знаг куы уыдаид, уæд дæр. Æгъдаумæ гæсгæ уазæджы не ‘мбæлдис рафæрс-бафæрс кæнын, чи у, кæцæй у, йæ фæндаг кæдæм у æмæ афтæ дарддæр. 1913 азы зындгонд историк,этнограф Кокиты Георгийыл æрцыд ахæм цау:  “1913 азы зымæджы æз æрæджиау изæрæй Куырттаты комæй бæхыл рараст дæн Æрыдонмæ. Æмбисæхсæв тымыгъ сыстад. Æхсæвы æртæ сахатыл  бахæццæ дæн фыццаг быдираг хъæу Дзуарыхъæумæ. Дарддæр цæуынæн мын фадат нал уыд, уымæ гæсгæ хъæугæрон фыццаг хæдзармæ бахостон. Фысым мæ тынг хæларзæрдæйæ райста. Мæ бæхы мын бафснайдта æмæ стæй кæд нафон уыдис, уæддæр мын бахæрын кодта æмæ мæ баулæфын кодта сыгъдæг хуыссæны. Дыккаг бон фæссихор рабон кодта æмæ æз мæхи балцмæ æрцæттæ кодтон. Хæдзары æфсин мын мемæ фæндаггагæн сæвæрдта цыхтимæ чъиритæ-уæливыхтæ æмæ дыууæуагъд арахъ. Ирæтты æгъдаумæ гæсгæ мæ фысым хъæуæй ахизын кодта. Куы хицæн кодтам кæрæдзийæн хæрзбон дзургæйæ, æрмæст мæ уæд бафарста, кæцæй дæн, кæй фырт дæн æмæ кæдæм цæуын? Æз ын дзуапп радтон. Уый дæр мын йæ ном æмæ йæ мыггаг загъта. Фæхицæн стæм хæлæрттæй».

Уæлдæр цы цауы кой цæуы, ууыл æмбæлæм этнографион литературæйы дæр. Уазæджы йæ царды тыххæй рафæрс-бафæрс кæнын не ‘мбæлдис, æгъдау нæ амыдта афтæ, худинаг уыдис. Фæстæдæр уазæджы æгъдауы ацы уа-вæр ивын райдыдта. Уазæг куы нæ дзырдта йæ цыды сæр, уæд æй гæнæн уыд æмæ бафарстаиккой, æрмæст-иу сæ ныхас райдыдтой афтæ: «Бахатыр кæн», «аипп ма уæд». Гæнæн уыди æмæ уазæг йæхæдæг дæр йæ хабæрттæ кæнын райдыдтаид, фысымы дæр афæрстытæ кодтаид æмæ йын фысым дæр хъуамæ дзуапп раттаид.

 

Кæрон радон номыры

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.