Ирон адæм а-дунемæ куы фӕзындысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ хӕст сты аланты ӕгъдӕуттыл. Мах адӕмы хатт æндæр адæмты хаттытæй хицӕн кӕны не `гъдӕуттӕй, нӕ культурӕйӕ. Нӕ куырыхон фыдӕлтӕ нын хорзæй цы ныууагътой, уыдон мах, цӕстыгагуыйау, хъахъхъӕнӕм, тырысайау сӕ бӕрзонд хӕссӕм, цӕмӕй фыдӕлты фарн ӕмӕ намыс цӕрой ӕнусты дæргъы, ма фесæфой, æндæр адæмтæ сæ, сæйраджыдæр та не знæгтæ, сæхи ма бакæной.

Фыдӕлтӕй нӕм цы стыр хӕзнатӕ ӕр-хӕццӕ, уыдонӕн сӕ тӕккӕ ахсджиагдӕр сты нӕ фарны ӕгъдӕуттӕ.

Адӕймаг ӕнусты нӕ цӕры. Ӕнусты цӕры йӕ кад кӕнӕ йӕ худинаг. Ӕмӕ-иу нӕ фыдӕлтӕ худинаджы бӕсты кадимӕ амӕлын хуыздӕрӕн уымӕн равзӕрстой.

«Ӕнусон цардӕй ӕнусон кад хуыздӕр у», – афтӕ дзырдтой Нарты хуыздӕртæ.  Ӕз дӕр мӕ царды сӕйрагдӕр нысаныл ныма-йын райгуырӕн бӕстӕ, иубӕстон адӕм ӕмӕ фыдыуӕзӕгыл амӕлӕты бонмӕ ӕнувыд уӕвын.

  Хистӕрты нымайын, уыдонӕн лӕггад кӕнын, сӕ арфӕйы ныхасмӕ хъусын, суанг сабийы бонтӕй бацӕуы нӕ туджы. Дзӕ-гъӕлы нӕ фӕзӕгъынц: «Хистӕрӕн йӕ фындз амӕрз ӕмӕ йӕ зондӕй бафӕрс».

 Ӕз афтӕ фӕхъуыды кӕнын, хистӕр цы хæдзары нӕй, уый фидаугӕ дæр нӕ кӕны. Хистӕртыл азтӕ цас рацӕуы, фыдӕбӕттӕ дӕр уыйбӕрц бавзарынц, ӕмӕ мах, кӕс-тӕртӕ, уый хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, нæ зæрдыл æй дарæм, цæмæй хызт уæм рæдыд фæндæгтыл ныллæууынæй.

 Ирон адӕмы ахсджиагдӕр миниуджытӕй ӕз иуыл нымайын ныййарӕг мадӕн йӕ ном, йӕ фарнӕн уӕлдай кад кӕнын. Адӕймаг йӕ цины, йӕ зыны сахат фыццагдӕр йӕ мадмӕ фӕдзуры. Мады зӕрдӕ, мады дзыхы ныхас ӕвдадзы хос вӕййынц хъӕбулӕн, дӕттынц ын ныфс, хъару, зонд, ӕрбайсафынц ын йӕ фӕллад, йӕ рыст. Мады дзыхы ныхас хъусгӕйӕ, хъӕбул уымæн вӕййы амондджын, уымæн æмæ йæ рæвдыд ныхасы æнкъары царды ныфс, царды адджындзинад.

Цӕрынӕй хӕрынмæ ирӕттӕм, иннӕ адӕмтимӕ абаргӕйæ, сылгоймагӕн кодтой уӕлдай кад. Бинонты `хсӕн дӕр ӕмӕ ӕхсӕнады дӕр ахста ахсджиаг бынат. Ууыл дзурӕг сты, ӕнусты сӕрты сӕ кой махмӕ кӕмӕн ӕрхӕццӕ, уыцы номдзыд сылгой-мӕгты нӕмттӕ: Амагӕ ӕмӕ Алайнаг Ири-нӕ, Зæдалесчъы Нана ӕмӕ ӕндӕртӕ. Раджы дӕр ӕмӕ ныр дӕр сылгоймаджы барынц зӕдтӕ ӕмӕ дауджытимӕ. Дзӕ-гъӕлы нӕ фӕзӕгъынц: «Ӕцӕг сылгоймаг хадзары зӕд у», кӕнӕ – «Сатана кӕд сыл-гоймаг уыди, уӕддӕр Нарт йӕ зондӕй цардысты».

Зын уавӕры бахауӕг адӕймагӕн йӕ фарсмӕ ӕрбалӕуу, зӕрдӕ йын бавӕр ӕмӕ йын баххуыс кӕн. Уыцы миниуӕг ирон адӕммӕ ард бахӕрды хуызы у. «Зӕрдӕйы хорз дарӕг – удыбӕстӕ ссарӕг», – дзырдтой нӕ фыдӕлтӕ. Рынчын  кӕнӕ фæкӕсынхъуаг адӕймагӕн балӕггад кӕнынӕй ма хуыздӕр цы ис.

Ирон адӕммӕ рагӕй баззад ӕгъдау – уазӕджы цӕхх ӕмӕ кæрдзынӕй буц кæнын. «Мӕ фыдгулы хӕдзармӕ уазӕг ма ‘рбацӕуӕд», «Уазӕджы аккаг буцдзинӕд-тӕ нæм нӕй», – афтӕ-иу загътой фыдӕл-тӕ. Ирон лӕг цыфӕнды мӕгуыр армӕй дӕр йӕ уазӕджы хорз фены, сбуц ӕй кӕны хӕринагӕй, нозтӕй, хӕлар, рӕвдаугӕ цӕстӕнгасӕй ӕмӕ лӕгъз дзыхыныхасӕй.

Ацы дунейы адӕймагӕн ӕнӕ йӕ алы-варс уӕвӕг адӕм фӕцӕрӕн нӕй. Ирон адӕм, ӕвӕццӕгӕн, рагӕй дӕр уымӕн кодтой сыхагӕн уӕлдай кад, уымӕн-иу загътой  фыдӕлтӕ: «Хорз сыхаг ӕфсымӕр у», «Бӕлас куы афæлдæхы, уӕд йӕ сыха-гыл банцой кӕны». Сыхагимӕ хӕларӕй цӕрын фыдӕлтӕй баззад. Адӕймаджы хъӕздыгдзинады разӕй дӕр хорз сыхаг хъӕуы. Кӕд дӕ сыхагӕй амонд фӕцис, уӕд уый стыр хорздзинад у. Цы ма уа уымӕй хуыздӕр, дӕ тыхст рӕстӕг дӕ сыхаг ӕфсымӕрау дӕ цуры куы ‘рбалӕууа, дӕ хъыгыл хъыг куы кӕна, дӕ циныл – цин».

   Цард кӕстӕрӕй фидауы, фӕзӕгъынц. Ӕмӕ  уый, ӕцӕгæйдӕр, афтӕ у. Хистӕр-иу кӕстӕрӕй, фыццаджыдӕр, домдта ӕгъдау – ӕрмӕст ныхасӕй нӕ, фӕлӕ йӕ алы къахдзӕф, йӕ алы фӕзылдӕй дӕр. Мӕ райгуырӕн хъӕуы ӕфсарм кӕстӕр-тӕм бӕрзонд ӕвӕрд у. Акӕсут-ма фӕси-вӕдмӕ: хъӕуы цин кӕнӕ зианы хабар куы вӕййы, уӕд фӕсивӕдӕй хуыздӕр чи `рбалӕууы фӕкӕсынмӕ? Амӕй-ай сӕ-рӕндӕрӕй, иу иннӕйы фӕдыл кӕстӕртӕ, сӕ хъарутыл нӕ ауӕрдгӕйӕ, зæрдиагӕй ӕххуыс кӕнынц.

Нӕ фыдӕлты фарнӕн сæфæн нæй, уы-мӕн ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ сӕ фарн мӕрд-тӕм нӕ ахастой, уыдон ӕй уӕлӕуыл ныу-уагътой махӕн, кӕрӕдзийы фылдӕр уар-зынӕн, амондджындӕр уæвынæн ӕмӕ зӕххыл рӕсугъддӕрӕй цӕрынӕн. Бирæ адæмы хæттытæ, сæхи цы нæу, уый дæр сæхи хонынц, уымæн æмæ сæхицæн ницы ис æмæ сæхи искæй æгъдæуттæ, искæй национ бынтæй хъæздыг кæнынц. Мах та искæмæй ницы хъæуы, уымæн æмæ нын алцы дæр ис, нæ фыдæлтæ нын алцы дæр ныууагътой. Хъæуы сæ æрмæстдæр зонын, хъæуы сын æрмæстдæр аргъ кæнын, æххæст кæнын.

 Ӕз сӕрыстыр дӕн, ирон лӕппу кӕй дӕн , уымӕй. Мӕ хӕсыл нымайын нӕ рӕсугъд фарны ӕгъдӕуттӕ бахъахъхъӕнын ӕмӕ сӕ дарддӕр, нæ фæстагæттæм ахӕццӕ кӕнын.

Хистӕр кадджын кӕм уа, кӕстӕр – ӕгъ-даудӕттӕг, уым ирон фарнӕн фесӕфӕн нӕй. ГÆБÆРАТЫ Сослан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.