Раздæр азты Цхинвалы автостанцы базмæлæнтæ дæр нæ уыд, уый бæрц бæлццæттæ-иу дзы æрæмбырд алы рейсон автобустæм æнхъæлмæ кæсгæйæ. Уæд рейсон автобусты нымæц дæр фылдæр уыд. Фæлæ ивынц рæстæджытæ æмæ кæцыдæр куыстуат, уагдоныл кæм æвæрццагæй бандавынц, кæм та – æппæрццагæй. Рейсон автобустæн дæр сæ бæлццæтты нымæц тынг скадавар æмæ уымæн та йæ сæйрагдæр аххосаг у, хисæрмагонд транспортон фæрæзтæй фылдæр кæй пайда кæнынц, уый. Фæлæ уæддæр Хуссар Ирыстоны Автомобилон транспорты куыстуат йæ лæггады хай кæны, чи дзы пайда кæны, уыдонæн æмæ дзы кæддæриддæр сты райгонд. Зæгъын хъæуы, куыстуаты разамындæн йæ разы кæй сæвзæры дзæвгар ныхдуртæ æмæ уыдон аиуварс кæныны тыххæй та хъæуы кусын, цæмæй сын дарддæр мауал уа бынат. Автомобилон транспортон управленийы генералон директор Уалыты Юри куыд радзырдта, афтæмæй сæ хæс у, цæмæй алы рейсон автобусыл дæр æрмæст иу бæлццон куы уа, уæддæр сæ хъæстагæй ма баззайа, фæлæ йæ фæхæццæ кæной æмбæлон бынатмæ.

Уалыйы фырты тынг тыхсын кæны, се ‘рбацæугæ æфтиæгтæ цъус кæй вæййынц, уыцы хъуыддаг. Афтæмæй та сæ хæрдзтæ сты дзæвгар, ома сæ хъæуы æртаг, сæрдæн æрмæджытæ æмæ ивæн хæйттæ, уыдонæй та иуты ам, бынаты не ссардзынæ, фæлæ сæ хъуамæ сфæрæз кæнай æндæр рæтты. Æппæт уыцы хæрдзтæ нымайгæйæ, разамынд агуры куысты æнтыст фæхуыздæр кæнынæн амæлттæ. Цæвиттон, Цхинвалæй Знауыры æрдæм цы рейсон автобустæ фæцæуы, уыдонмæ бæлццæтты иу хай фенхъæлмæ кæсы, Харебаты Исахъ æмæ Хъайтарты уынгтæ кæм иу кæнынц, уыцы бынаты. Автобусты шофыртæ ацы æрлæууæн бынаты дæр бауромынц, сбадынц дзы адæм æмæ алкæй дæр фæхæццæ кæнынц сæ цæрæн бынæттæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæндаггаджы æхца бафидынц шофырмæ. Растæндæр ацы фарст тыхсын кæны Уалыйы фырты æмæ æвдисы йе ‘нæразыдзинад. Куыд радзырдта, афтæмæй адæмæй шофыртæ цы æхца райсынц, уый куыстуаты лагъзмæ нæ бахæссынц, фæлæ сæ нывæрынц сæхи дзыппы. Æфсон кæнынц, ничи дзы фæлæууы, никæйы сывæрæм уыцы бынаты æмæ сын цы кадавар плæнттæ ис, уыдон дæр не ‘ххæст кæнынц. Æз, зæгъ, мæхæдæг цалдæр хатты бабæрæг кодтон уыцы бынаты æмæ мæхи цæстæй федтон, уым бæлццæттæ кæй фенхъæлмæ кæсынц рейсон автобустæм. Уавæр хынцгæйæ, аскъуыддзаг кодтон, цæмæй Знауыры ‘рдæм цæуæг автобустæн фæивæм сæ фæндаг. Афтæ æмæ 5 августæй фæстæмæ нал цæуынц Хъайтарты уынгыл, фæлæ Нефтебазæйыл, æмбæстæгты та рейсон автобустæ акæнынц автостанцæй, уым балхæнынц билеттæ дæр æмæ уымæ гæсгæ фæхуыздæр, фæфылдæр не ‘фтиæгты нымæц дæр.

Кæронбæттæны уый зæгъинаг дæн, æмæ ацы хъуыддаджы тынг аххосджын кæй не сты бæлц-цæттæ, фæлæ сæ фæндаггаджы аргъ та нæ хæццæ кæны куыстуаты лагъзмæ. Уымæ гæсгæ бамбарын хъæудзæн транспортон куыстуаты разамынды фарст дæр æмæ нырæй фæстæмæ Цхинвалæй Знауыры ‘рдæм автобустæм цæуын хъæудзæн, кæцæй рараст вæййынц, уырдæм.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.