Фондз азы размæ 2017 азы 31-æм январы Хуссар Ирыстоны адæм йæ фæстаг фæндагыл афæндæраст кодтой ирон адæмы ирддæр минæвæрттæй иу, йæ радтæг адæмы аккаг фырт, Ирыстоны нырыккондæр историйы азфыссæг Мæргъиты Алексийы. Ахæм ацæргæ, куырыхон адæймæгтæ нæ фарсмæ куынæ уал вæййынц, уæд цыма адæймаг фæсидзæргъуыз вæййы, афтæ нæм фæкæсы. Уымæн æмæ ахæм куырыхон лæгтæ алыхатт дæр цæттæ вæйынц адæймагæн раст уынаффæ бакæнынмæ, раст зондыл бафтауынмæ. Стæй дæр цард ахæм уæздан, куырыхон, æвæллайгæ хистæртæй фæфидауы.

Алекси йæ цардæй куы ахицæн уыцы бонæй кæд фондз азы рацыд, уæддæр абоны онг дæр скъуыддзаг нæма æрцыд йæ хæдзары цы бирæ хъæуæг архив ис, уый хъысмæт. Ацы диссаджы куыстуарзаг адæймаг  зындгонд уыд Хуссар Ирыстоны йæ арфæйаг хъуыддæгтæй. Йæ зонындзинæдтæ æмæ куыстуарзондзинады тыххæй йын кодтой уæлдай кад æмæ аргъ. Алекси активон хайад иста æппæт æхсæнадон царды, æмгуыстад кодта дзыллон информацийы фæрæз-тимæ, ралæууыд-иу бирæ национ проектты инициаторæй.

Цыбыртæй уæ базонгæ кæндзыстæм йæ биографиимæ. Райгуырд Ленингоры районы Уæллаг Цъолды хъæуы. 1961 азы нысан æрцыд Ленингоры районы райæххæсткомы сæрдары хæдивæгæй, æмæ дыууæ азы фæстæ та æвзæрст æрцыд ацы районы партийы райкомы фыццаг секретарæй. Ацы бынаты Мæргъиты Алекси бакуыста дæс азы дæргъы. 1973 азы Алексийы ракодтой Цхинвалмæ, автономон областы облæххæсткомы сæрдары хæдивæгæй. Арæзтады къабазы йын зынгæ æнтыстытæ кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ уый фæстæ та снысан кодтой Хуссар Ирыстоны облæххæсткомы фæндæгты хайады сæргълæууæгæй. Ацы бынаты уый бакуыста фынддæс азы дæргъы. Уыцы рæстæджы йæ къухдариуæгады бын арæзт æрцыдысты 56 (!)  хиды æмæ 300 километрæй фылдæр хуырвæн-дæгтæ. Рох кæнын нæ хъæуы уый дæр, æмæ, номхуындæй, уыцы рæстæджы эксплуатацимæ лæвæрд кæй æрцыд Транскамы автомагистраль дæр. Алекси йæ сæрибар рæстæджы æмбырд æмæ ахуыр кодта Ирыстон æмæ ирон адæ-мимæ баст истори æмæ сæ пропагандæ кодта.

Мæргъиты Алекси ма зындгонд уыд йæ диссаджы хъæздыг хæдзарон библиотекæйæ дæр, цыран уыд дæс мин чиныджы бæрц. Уым уæвынад кодтой æмæ ныр дæр кæнынц нæ адæмы историмæ хауæг чингуытæ, бирæ дзы уыд рагон, стæм рауагъдтæ, гæнæн ис зæгъæн, иугай экземпляртæ. Чингуыты тæрхджытыл дунеон литературон  классикæ  сыхагиуæг  кодта  дзырдуæттимæ, философи, истори, ме-муарты фæдыл куыстытимæ. Уавæртæ сæхæдæг, райсгæ фæлтæрддзинад, царды цæстæнгас, стыр цымыдисдзинад æмæ куыстуарзондзинад Алексийæ сарæзтой Азфыссæг, Æмбырдгæнæг. Ныртæккæ зын ахъуыды гæнæн у ууыл, цахæм уавæры уыдаиккой нæ ногдæр историмæ хауæг документтæ, æрмæджытæ, газетон-журналон публикацитæ, Алекси сæ куынæ æмбырд кодтаид, уæд. Гуырдзыстоны национализмы фæзынды фыццаг моменттæй фæстæмæ, лæмбынæг йæ хъус дардта цауты цыдмæ. Æмбырд кодта газетон-журналон публикацитæ, официалон документтæ, алыгъуызон сидтытæ, æндæр фактон æрмæджытæ. Азфыссæг арæзта цауты лæмбынæгдæр боныг.

Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры комитеты сырæзты фыццаг бонтæй фæстæмæ Мæргъиты Алекси ссис йæ кусæг – тæлмацгæнæг æмæ архивариус. Фæлæ, уæддæр куыстæй сæрибар рæстæджы, архайдта йæ сæйрагдæр нысаныл – æххæст архивтæ саразыныл, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты хъайтардзинæдтæ æмæ агрессорты фыдракæндты æвдисæг чингуытæ саразыныл. Æрмæджытæ æмбырд кодта æхсæвæйбонæй æнæрлæугæ æхстыты бын, йæ цардæн тæс-саг уавæрты-иу ахæм бынæттæм бацыд, цыран ын гæнæн уыдаид максималонæй раст информаци райсынæн, иууыл фыццаг, хицауиуæгады органтæм, ныхмæлæуды штабтæм, рынчындонмæ, цыранмæ ласт цыдысты цæфтæ æмæ мæрдтæ. Æгæрыстæмæй-иу, 90-æм азты райдианы ацыд Боржомы район-мæ, Къахетмæ, Гуырдзыстоны мидæггагон районтæм æмæ афтæмæй æмбырд кодта æрмæджытæ. Фембæлд-иу лигъдæттимæ, æмбырд сын кодта, сæ хиуæттæй чи фæмард, уыдоны тыххæй бæрæггæнæнтæ æмæ нывтæ.

Йæ бакæнгæ куысты фæстиуджытæ дисы æппарынц адæймаджы. Арæзт æрцыдысты дæсгай тематикон томтæ. Зæгъæм, Хуссар Ирыстоны трагедийы тыххæй æрмæст периодикон мыхуыры æрмæджыты æмбырдгонд конд у 88 (!) томæй, 1989-1992 азты цауты политикон хроникæ – 20 (!) томæй, Ирыстон æмæ ирæтты тыххæй гуырдзиаг прессæйы æрмæджыты тæлмацтæ та рауадысты 13 томы. Гуырдзыстоны мидæггагон уавæры тыххæй периодикон мыхуыры информаци бацахста 4 томы. Уымæй дарддæр ма, æмбырд кодта æрмæджытæ иронмæхъæлон конфликты тыххæй, уыдон та сты 11 гуырахстджын томы. Алексийæн йæ бон не ссис æмæ ма æрæмбырд кодтаид æрмæджытæ Беслæны 1-æм астæуккаг скъолайы цы  æвирхъау трагеди æрцыд, уый тыххæй.  Уыдон та йын  сты 21 томы. Æмбырд кодта æрмæджытæ нæ зындгонд æмзæххонты тыххæй. 5 томы сарæзта Хетæгкаты Къостайы, 7 томы – Абайты Васойы, 3 томы – Кучиты Юрийы, 9 томы та – Иосиф Сталины тыххæй. Æппæт бацамынд æмбырдгæндтæ арæзт цыдысты цалдæргай экземпляртæй. Уы-донæй бирæты балæвар кодта Ирыстоны цæгат æмæ хуссары зонадон биб-лиотекæтæн, æрвыст æрцыдысты Ленины номыл библиотекæмæ, АИШ-ы Конгрессы библиотекæмæ, Бритайнаг музейы библиотекæмæ, хайгай сæ амал кодтой РХИ-йы Хицауад æмæ Парламент. Мæргъиты Алекси бацæттæ кодта æмæ мыхуыры рауагъта чиныг «Южная Осетия глазами журналистов (1991-1992 гг)», кæцымæ бацыдысты нæ республикæйы историйы иууыл трагикондæр рæстæджыты хуыздæр публицистон уацмыстæ. Ацы æмбырдгонд расайдта стыр цымыдисдзинад æхсæнады æмæ дзы пайда кæнынц, æрхæссынц  дзы цæвиттонтæ æмæ цитатæтæ. Йæ куыс-тытæй йын пайда кодтой студенттæ кур-сон æмæ дипломон куыстытæ цæттæ кæныны рæстæджы, пайда сæ кодтой журналисттæ дæр. Йæ куыстыты бын-дурыл бахъахъхъæд æрцыд цалдæр диссертацийы.

Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ бирæ азты куысты архивтæ æвæрд сты йæ хæдзары, Гаглойты Рутены уынджы. Фæлæ ныр фондз азы дæргъы, ома Алексийы амæлæты фæстæ хæдзары ничиуал цæры æмæ йæ дуæрттæ сты æхгæд. Ис ма йын иу фырт (йæ хъæбултæ дыууæйæ – йæ чызг æмæ йæ лæппу, йæ разæй аивгъуыдтой а-дунейæ), кæцы цæры Америчы æмæ фæстаг 20 азæй фылдæр никуыуал æрцыд Ирыстонмæ. Æгæрыстæмæй, йæ фыды зианмæ дæр не ‘рцыд.  Йæ ныгæнæн боны фæстæ йын йæ библиотекæйыл сæвæрдтой мыхуыр æмæ абон дæр лæууы афтæмæй. Æмæ уый та нысан кæны афтæ æмæ ацы хъæуæг историон æрмæджытæй пайда кæныны бар кæй никæмæн ис. Мæргъиты Алексийы хъæздыг библиоткæйæн хицау куынæ разына, уæд æнæхъуаджы фæуыдзысты, уал азы дæргъы æвæллайгæ куыст цæуыл фæкодта, уыцы историон æрмæджытæ. Æдзæрæг хæдзар кæлæддзаг кæны, гæнæн ис агъуыстæй æртæдза æмæ уæд дон йæ бынмæ аласдзæн  Алексийы стыр фыдæбæттæ æмæ фырмæстæй мæрдты дыккаг мард акæндзæн. Иннæ ахæм бахардзгонд электроэнергийæ хæс кæй дардта, уымæ гæсгæ йын ахицæн кодтой йæ рухс дæр æмæ хæдзары та хъæрмад куынæ уа, уæд уымæл кæнынц йæ къултæ (ныридæгæн суымæл сты 1-æм уæладзыджы къул-тæ) æмæ гæнæн ис чингуытæ схъуына уой.

Хорз уаид æмæ Алексийы куыстытæ куы раласид Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт. «Мæргъиты Алекси уыд уникалон адæймаг. Уый иунæгæй цас бакуыста, уыйбæрц бакусын йæ бон никæмæн суыдзæн. Йæ амæлæтæй ныр фондз азы рацыд, фæлæ йын йæ куыст нырма дæр ничи адарддæр кодта. Йæ удæгасæй мын арæх дзырдта, зæгъгæ, йæ фæнды йæ куыстыты иу хай зонад-иртасæн институтæн радтын, фæлæ йын, хъыгагæн, нæ бантыст. Мæнмæ та ницахæм документ ис. Æмæ æнæ йæ хиуæтты разыйæ нæ бон нæу архив раласын», – загъта РХИ-йы зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт.  Телефоны адзырдтон Алексийы æфсымæры лæппу Юрийы цардæмбал Одикъадзе Тамарæмæ, кæцы цæры Дзæуджыхъæуы. Уый мын афтæ радзырдта: «Алексийы архив куыддæриддæр уыд, афтæ у ныр дæр. Фæлæ æмбæлонæй æфснайд куынæ æрцæуой, уæд сæ сомбоны хъысмæт хорз нæ уыдзæн. Гæнæн ис æмæ хæдзар уæй дæр акæна йæ фырт, æмæ уæд уыйбæрц чингуытæ цы фæуыдзысты? Акт сын саразын хъæуы æмæ сæ афтæмæй аласæт зонад-иртасæн институт, цæмæй сæ адæм пайда кæной æмæ йæ фыдæбæттæ æнæхъуаджы ма фæуой. Иннæ ахæм телефоны ныхас кодтон Алексийы лæппуйы цардæмбалимæ æмæ мын загъта, цæмæй йын йæ архив аласой. Мах, дам, дзы æппындæр ницы хъæуы», – загъта уый.

Тамарæимæ аныхас кæныны фæстæ Гаглойты Роберт дæр сразы Алексийы архив раласыныл. «Фехъусын мын кæнут, йæ хиуæттæй исчи куы æрцæуа, уæд. Ныридæгæн мын ис къамис арæзт. Сараздзыстæм акт, цал чиныджы ласæм, уый тыххæй æмæ сæ бафснайдзыстæм зонад-иртасæн институты», – загъта Гаглойты Роберт.

  Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.