Беслæны айзæлд

Уæ бæсты куы амардаин, зæгъгæ, æмæ уый дæр адæймаджы бар нæу… Уæ бæсты амæлын та бирæты бафæнды, æмæ мæлгæ дæр акодтой… Уæдæ кæдмæ хъуамæ цæра нæ адæмы зæрдæты ацы æнæсым хъарæг!

Ныккæут, Иры чызджытæ, æндæр та цы у нæ бон. Мах хъысмæты фæндæй ацы тухæнарæг адæмы зæрдæйæ райгуырдыстæм, фæнда дæ æви нæ, уæддæр тугæрхæмттæ стæм йæ алы рыстæй дæр. Мах нæ адæмы буары тугдадзинтæ стæм, йæ зæрдæйы тæгтæ. Ох, куыд зын у ацы дуджы цæрын, адæттæ хицæстæй уынын. Омæ куыд фестæм номхæссæн дунетыл нæ уæззау тухæнтæй! О, цы хъæуы хъысмæты нæ рыстзæрдæ адæмæй? Цæмæннæ нын уыдис зондамонæг, цæмæй дунейы хъæбысы цыдæриддæр адæм цæры, уыдон уæлдай ацы стыр уæз мах адæмы уæхсчытыл ма æрынцой кодтаид? Цæмæннæ нын уыдис царды гакъон-макъон фæзилæнты æдасдæр цæуæнтæ чи бацамыдтаид, ахæм куырыхон зондамонджытæ? Цæмæннæ ис не ‘хсæн æцæг фыййау, æххуырст чи нæ у, æмæ бирæгъты фенгæйæ æмбæхсынмæ чи нæ фæвæййы? Цæмæннæ ис не ‘хсæн йæ хисæрмагонд пайда æмæ  æнцойыл чи бавдисæн кодтаид æмæ адæмы разæй фæндагамонæг чи расгуыхдаид?

Фарстытæ, фарстытæ… Чи сын ссардзæн дзуаппытæ? Ис нæм æрмæстдæр иунæг дзуапп: кæд дунейы сфæлдисынæй абоны онг Беслæны хуызæн уæззау фыд никæцы адæмыл æрцыд, кæд Беслæны мадæлтау тугхæццæ  цæссыг никуыма ничи фæкалдта, уæддæр ма зæххыл уыдис нæ размæ нæ масты æнгæс чи бавзæрста, ахæм адæм.

Раджы уыди уый. Чырысти куы райгуырд, уыцы дуджы. Цардис зæххыл иу фыдадæймаг. Куыд æй урæдта зæхх, куыд ын фæрæзта йæ æбуалгъы фыдзæрдæ цы быдыргъы мидæг хаста, уый! Ничи зоны уый, фæлæ Ирод хуынди йæ ном, агуырдта ноггуырд Чырыстийы, агуырдта йæ, уымæн æмæ афтæ æнхъæл уыд, йæ паддзахы бынатмæ йын исты бар дары. Уымæн утæппæт сабиты æхсæн иунæг ноггуырды ссарын зын уыд, æмæ йæ маргджын удæн æнцондæр цы уыди, уый равзæрста: бавдæлди æмæ ныццæгъдын кодта дыууæ азы онг цыдæриддæр сабитыл цыд, уыдоны се ‘ппæты дæр.

Чизоны… Чизоны нæ, фæлæ æцæг афтæ уыди. Нæ чысыл сабиты марджытæ уыдон чысыл зæрдæты агуырдтой ирон адæмы цæрæццаг ныфс æмæ уды хъару. Уыдон рагæй зылдысты йæ фæдыл, мардтой йæ нæ адæмы хуыздæр минæвæртты риуы, уыдон удтæй йæ хъавыдысты сыскъуынынмæ. Хъуамæ ма уа ирон адæймаджы риуы хъæбатыр зæрдæ, хъуамæ ма рæдува æттæмæ йæ ныфсы суадон. Уыдон нæ зыдтой, махæн нæ царды гуырæн æвидийгæ кæй у, зæххыл ирон дзыхæй дзурæг куынæуал уа, уæддæр уæларвон зæдтæ адарддæр кæндзысты нæ цытджын цардвæндаг.

Вифлеемы сабиты хъысмæт Беслæны нæ адæмы хъизæмæртты æнгæс у.  Бирæ уацмыстæ фыст æрцыд Вифлеемы цы 14 мин сабийы басаухæдзар чынди, уыдоны хъысмæтыл, бирæ нывгæнджытæ сарæзтой уыцы тугхъулон боны фæлгондз.

Цæмæн æрцыди ацы хабар дард Вифлеемы, рагзаманты? Цæмæн æрцыд уый æнгæс цау та хæстæг Беслæны ныры заманы? Цæмæн сты афтæ тынг æнгæс, сæ дыууæдæр дзаг æназым удты рыст æмæ саударæг мадæлты хъæрзынæй? Кæд, мыййаг, Беслæны хъæбулты рыстæй дæр Дунейы стыр цыдæр æрцыди… Кæд, мыййаг, зæхх дæр йæ бындзарыл нынкъуысти, æмæ махæн та нæ бон нæу уырдæм ныккæсын, ныхъхъæр кæнын… Кæд, мыййаг, мах дæр бирæ азты фæстæ базондзыстæм, абон нын æнцой цы фарстытæ нæ дæттынц, уыдон… Кæд, мыййаг, нæ Иры æдзард хъæбултæ æндæр, æнæзонгæ дунемæ мах сæраппонд фæцыдысты… Кæд сæ мыййаг исты бæрæг зондзыстæм арвы искæцы дуар куы фегом уа, уæд. Кæд, мыййаг, Уыцы зæрдæскъуыд мадæлтæн рæхджы исты удыхос ссардæуыдзæн… Кæд, мыййаг, нæ хъæуы акæсын ацы æнæныфсы дуджы цæсты æмæ ссарын хъæуы нæ удтæн æвдадз… Фæлæ кæд мыййаг æз дæн сонт æмæ æнæрхъуыды, æмæ мæ уырны, зæххыл уæвæн цæмæн нæй, уый… Гъе, фæлæ мæ куыд тынг фæнды, а-зæххыл уый-бæрц туг æмæ цæссыг æнæхъуаджы кæй нæ ныккалдысты, уый ма искæйы зæрдæмæ куы бахъарид… Куыд мæ фæнды, уыцы туг æмæ цæссыджы тыххæй зæхх уæларвмæ кæй дзыназы, уый ма исчи куы ‘мбарид… Зæххыл æнцой кæй нæ уыдзæн, цалынмæ уыцы хъуыддаг тæрæзтыл æвæрд æрцæуа æмæ Иры зæххæй дунетыл фыдох куыд айхъуыст, афтæ дзы стыр цины хъæр куыд айхъуыса. Ахæм цины хъæр, æмæ зæхх йæ рæбынмæ куыд нынкъуыса. Уымæн та æндæр гæнæн нæй, уымæн æмæ хъысмæты тæрæзтыл æвæрд сты цин æмæ маст, хорз æмæ фыд, уарзт æмæ фыдæх. Цас стырдæр у фыдæх, уыйбæрц тыхджындæр хъуамæ уа уарзт. Цас фæкалдтам цæссыг, уыйбæрц хъуамæ ссарæм цин…

Цы ма зæгъæм! Цардмæ иувæрсыг цæстæнгасæй куы кæсай, уæд зынбамбарæн у нæ уæззау хъысмæты аххосаг.  Беслæны рыстзæрдæ мадæлты зæрдæ чи бамбара, иунæг ахæм адæймаг дæр нæма райгуырди. Фæлæ уыдон рыстæй махæй алчидæр хайджын кæй у, уый дызæрдыггаг никæмæн у. Махæн нæ хъысмæт куыд иумæйаг у, афтæ иу у нæ рыст дæр. Махæй алчидæр ныхасæй уа æви хъуыддагæй, фæйнæ чысыл хай исæм уыцы мадæлты рыстæй, æмæ чизоны уый фæрцы иучысыл сæ зæрдæйы фыдох фæрогдæр уа.

Годжыцаты Нелли

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.