Президент Бибылты Анатолийы сӕрдариуӕгадӕй уыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны Хицауады радон ӕмбырд.

Ӕмбырды райдианы, боныфӕткмӕ хастӕрцӕуӕг фарстатыл ӕруынаффӕ кӕныны агъонмӕ Республикӕйы Президент раныхас кодта ӕрӕмбырдуӕвджыты раз. Паддзахады сӕргълӕууӕг куыд банысан кодта, афтӕмӕй райдыдта ӕвзӕрстыты аз, фӕлӕ цыфӕнды политикон ӕмӕ ӕхсӕнадон процестӕ дӕр ма хъуамӕ бахъыгдарой министрадтӕ ӕмӕ ведомствоты иугъӕдон куыст, ма хъуамӕ бандавой республикӕйы аразинаг ӕмӕ кӕнинаг хъуыддӕгтыл.

– Махӕн нӕ архайд здӕхт у республикӕйы рӕзт ӕмӕ размӕцыдмӕ, Хуссар Ирыстоны цӕрӕг адӕмы царды ӕмвӕзад фӕбӕрзонддӕр кӕнынмӕ. Цыфӕнды политикон процестӕ дӕр ма хъуамӕ ӕндавой махӕн нӕ куыст ӕмӕ нӕ архайдыл. Мах бахъӕудзӕн Социалон-экономикон рӕзты паддзахадон программӕ реализаци кӕныны сӕр, ӕмӕ мах ма хъуамӕ фӕивӕм нӕ ахаст нӕ бакӕнинаг хъуыддӕгтӕм, – загъта Бибылты Анатоли.

Хицауады рабадты боныфӕткмӕ гӕсгӕ ӕмбырды куыст райдыдта «Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕнӕбарвӕндонӕй ӕххӕсткӕнынады органы тыххӕй закъон»-ы проектӕй. Президент базонгӕ банысангонд закъоны проект цы уавӕры ис, уыимӕ. Республикӕйы Юстицийы Министр Лалыты Зӕлинӕ банысан кодта, зӕгъгӕ «Тӕрхондонон пърыстыфты службӕйы тыххӕй закъон» райсыны фӕстӕ Юстицийы министрад рахызт паддзахадон службӕйы ӕндӕр хуызмӕ, кӕцы иу ӕмвӕзадыл ӕвӕрд цӕуы барадхъахъхъӕнынадон службӕимӕ.

Уымӕй уӕлдай ма Юстицийы министрады бакуыстӕуыд ахӕм закъоны проектыл дӕр – «Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕнӕбарвӕндонӕй ӕххӕст-кӕнынады органты службӕ кӕныны тыххӕй». Хицауады уӕнгтӕ ӕмхъӕлӕсӕй сразы сты ацы закъоны проект райсыныл.

Ӕмразыдзинад ма равдыстӕуыд, Дзауы районы сӕ хӕдзӕрттӕ кӕмӕн басыгъдысты, уыцы ӕртӕ бинонтӕн Хицауады Резервон фондӕй фӕйнӕ 100 мин сомы материалон ӕххуыс бакӕныны тыххӕй фарсты фӕдыл дӕр.

– Æз ӕй ӕмбарын, ахӕм суммӕ фаг кӕй нӕу уыцы бинонты хъуагдзинӕдтӕ баххӕст кӕнынӕн, фӕлӕ сын уӕддӕр лӕвӕрд цӕуы цахӕмдӕр ӕххуыс, – загъта Бибылты Анатоли.

Æмбырды хайадисджытӕ ӕмхъӕлӕсӕй сразы сты, «сырх зонӕйы» чи кусы, уыцы медицинон персоналӕн ӕхцайы бафыстытӕ рахицӕн кӕныны тыххӕй уынаффӕйыл дӕр.

– Ивгъуыд аз махӕн тынг зын уыд, «сырх зонӕйы» чи куыста, уыцы медицинон кусджытӕн ӕхцайы фӕрӕзтӕ ссарын, фӕлӕ уый нӕ къухы бафтыд. Бузныг Хицауадӕн, уыцы фӕдыздӕхты цы куыст бакодта, уый тыххӕй, – банысан кодта республикӕйы Президент.

Паддзахады сӕргълӕууӕг Æнӕниздзинад хъахъхъӕнын ӕмӕ социалон рӕзты Министр Наниты Сосланӕн бахӕс кодта Финансты министрадмӕ куырдиат рӕстӕгыл барвитын, цӕмӕй уыцы бафыстытӕ афойнадыл бафидыны хъуыддаг ма ныффӕстиат уа.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.