Хуымæтæг адæм бирæ æнусты дæргъы цы культурон æмæ аивадон хæзнатæ скодтой, уыдоны ‘хсæн, цыкурайы фæрдыгау, æрттивынц дзыхæй дзургæ, адæмон-поэтикон, кæнæ фольклорон уацмыстæ кæй хонынц, уыдон. Хъæздыг æмæ вазыгджын у ирон адæмы сфæлдыстад. Уый у, нæ фыдæлтæй нын цы баззад, ахæм стыр культурон хæзна. Уым айдæнæй зынæгау, зынынц нæ адæмæн сæ цард, сæ тох, сæ зондахаст незамантæй фæстæмæ, сæ философи, сæ гуманизм. Ирон æвзагыл фыссынад æмæ чиныгæн сæ кой дæр нæма уыд, уæддæр адæм кодтой зарджытæ æмæ кадджытæ, аргъæуттæ æмæ таурæгътæ. Уыдис-иу сæм, сæ геройтæ тæхгæ кæуыл кодтой, ахæм предметтæ, сæрвасæны саст-иу кæм аппæрстой, уым-иу сæ курдиатмæ гæсгæ хæхтæ февзæрд, æнæдон комы-иу дон ауагътой. Уыдис сæм æмбисонды хæцæнгæрзтæ.

Хъуыстгонд уыдысты Нарт æмæ Даредзанты кадджытæ. Иу кадæггæнæг дзырдта иннæмæн, афтæмæй сæ фæлтæрæй фæлтæрмæ лæвæрдтой… Къостайы Хъуыбадыйы хуызæн фæндырдзæгъдджытæ, таурæгъгæнджытæ сæ хъæуæйхъæумæ хастой. Адæм сæхæдæг кæддæриддæр стыр аргъ кодтой се сфæлдыстадæн. Кæдфæндыдæр ирон интеллигенцийы раззагдæртæй бирæтæ сæ хъус дардтой адæмон сфæлдыстадмæ.

Ирон адæмы дзургæ сфæлдыстадмæ хауынц: аргъæуттæ, æмбисæндтæ, уыци-уыцитæ, Нарты кадджытæ, Даредзанты таурæгътæ, адæмон зарджытæ, тагъддзуринæгтæ, куывдтытæ æмæ а.д.

Ирон адæмон аргъæуттæ сæ мидисмæ гæсгæ дих кæнынц фондз сæрмагонд циклыл: цæрæгойты тыххæй аргъæуттæ, алæмæтаг кæнæ диссаджы аргъæуттæ, цардыуаджы аргъæуттæ, новеллон аргъæуттæ, аргъæуттæ-легендæтæ.

Ирон фольклоры зындгонд сты Нарты кадджытæ. Кадджытæн сæ сæйраг пафос у ахæм: æддагон тыхгæнджыты ныхмæ хъæбатырæй лæууын, уæлахиз уæвын, цагъардзинад бавзарыны бæсты – мæлæт. Нартæ знагимæ тохы архайдтой зондæй. Фыдвæд уæвыны бæсты æвзæрстой æвæд. Æнæкæрон кад кодтой сылгоймагæн. Стыр хъуыддæгты архайынц æмдых, æмзондæй. Кадджытæ æвзаджы аивдзинадæй сты тых-джын, сæ сюжеттæ – хъæздыг.

Даредзанты таурæгътæ дæр ирон адæмы дзургæ сфæлдыстады сты хицæн сæрмагонд жанр. Сæ сæйраг хъайтар Амыраны ахсджиагдæр миниуджытæ сты знагимæ æгъатыр уæвын, адæм хæдбар æмæ сæрибар цæмæй уой, уый сæрыл мæлæтдзаг тох. Адæмы хорздзинадæн Амыран схæцыди суанг уæларвон хуыцæуттимæ. Нарты кадджытæ æмæ Даредзанты таурæгъты гуыппырсартæ хъару æмæ зондæй сты æххæст. Сæ уыцы миниуджытæй пайда кæнынц се ‘ппæт адæмы хорзæхæн, уыдоны кад æмæ намысæн.

Бирæ ис ирон адæмон сфæлдыстады алыхуызон хъæлдзæг ныхæстæ – къаннæг фольклорон уацмыстæ, арæх сæ фæдзурынц адæм сæ кæрæдзийæн. Хъæлдзæг ныхæстæ конд сты адæмы цардон цаутæй, алыхуызон темæтыл.

Хъæлдзæг ныхæсты сæйраг аивадон миниуджытæ сты юмор æмæ сатирæ.

Аргъау у «Адæмон таурæгъон литературæйы хуызтæй иу: æрымысгæ, кæнæ фантастикон цаутæ æвдыст кæм цæуы, ахæм прозаикон (стæм хатт æмдзæвгæты хуызы дæр) уацмыс».

Ирон адæм сæдæгай азты дæргъы сфæлдыстой диссаджы хæзна – аргъæуттæ. Лæвæрдтой сæ фыдæй-фыртмæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Ныр аргъæуттæ ирон адæмы поэтикон сфæлдыстады ахсынц ахсджиаг бынæттæй иу. Уыцы бынат нæ аргъæуттæм хауы се стыр идейон мидис æмæ сюжетты фæрцы, сæ алцæмæй æххæст æмæ зæрдæмæдзæугæ геройты фæлгонцты руаджы.

Ирон адæмон аргъæуттæн стыр аргъ кодта Ирыстоны адæмон поэт Хетæгкаты Къоста. Йæ этнографион очерк «Особа»-йы уый фыста: «Аргъæуттæ фæкæнынц нæлгоймæгтæ дæр æмæ сылгоймæгтæ дæр, сывæллонæй зæронды онг. Аргъæуттæ сты иттæг бирæ æмæ алыхуызæттæ, хæрзхъæд сты аивадон æгъдауæй. Аргъæуттæ кæддæриддæр уыдысты адæмы хиирхæфсыны хуыз-дæр æмæ зæрдæмæдзæугæ мадзæлттæй, адæм сæ бирæ уарзтой».

Ирыстоны уыдис бирæ дæсны аргъаугæнджытæ. Уыдон уыдысты стыр зæрдæргъæвд адæймæгтæ, сæ зæрдыл дардтой бирæ кадджытæ æмæ аргъæуттæ, дæсны уыдысты ныхас кæнынмæ. Даргъ зымæгон æхсæвты, æвдæлон рæстæджы хъæуты ныхæсты кæнæ хæдзæртты дзырдтой адæмæн сæ таурæгътæ, зарджытæ æмæ æндæр хабæрттæ. Уыдæттæ хъусгæйæ адæмты зæрдæты æвзæрдысты се ‘цæг знæгтимæ тохы хъуыдытæ, сæ зæрдæты гуырыдысты аргъауы геройы миниуджытæ: хорз фæуын, хъару, æхсар, тых, ныфс, æфхæрæджы бафхæрын, æфхæрд адæймагæн баххуыс кæнын. Уымæ гæсгæ нæ бон зæгъын у, аргъау æрмæст хиирхæфсæн мадзал кæй нæ уыд: уый уыд адæмæн сæ хъысмæт, сæ цард, сæхи хуыздæр бамбарыны мадзал, уыцы æнæ-уынон цард фехалынмæ æмæ ног цард саразынмæ тырнын æмæ сидыны мадзал. Ахæм стыр у аргъæутты æхсæнадон ахадындзинад.

Фæстæдæр цы аргъæуттæ фæзынд, уым æлдар кæнæ паддзах кæддæриддæр вæййы адæмы æфхæрæг, æвдыст дзы цæуы æгъатыр, дурзæрдæ мæнгард адæймагæй: аргъауы геройæн – мæгуыр лæгæн йæ разы æвæрынц, сæххæстгæнæнæн кæмæн нæй, ахæм хæстæ, куы нæ сæ сæххæст кæна, уæд та йæм мæлæт æнхъæлмæ кæсы.

Ахæм у аргъау «Диссаджы рон» – ы сæйраг архайæг.

Ирон аргъæутты геройтæн сæ сæйраг-дæр æмæ хуыздæр миниуджытæй иу у пат-риотизм. Уый у адæмæн сæхи хуызæн рагон æмæ хуыздæр миниуæг æмæ æнкъарæн. Райгуырæн зæхх æмæ сæрибардзинад уарзын, адæмæн лæггад кæнын æмæ сæ амондыл тохмæ кæддæриддæр цæттæ уæвын, ахæм миниуджытæй – адæмæн сæхи миниуджытæй сæйраг хъуыды у рæстдзинады сæрыл æмæ фыдракондзинад фесафыныл тох, рæстдзинад дзы кæддæриддæр фæуæлахиз вæййы.

Уыимæ аргъауы геройæн йе стыр тохы æххуыс кæнынц канд адæймæгтæ нæ, фæ-лæ ма суанг «цæрæгойтæ». («Фаззæттæ», «Хъæдын бæлон», «Арвы айдæн»).

Аргъауы герой йæ тохы алы хатт дæр фæуæлахиз вæййы, уый ууыл дзурæг у, æмæ адæм сæ сæрибарыл тохы кæддæридæр кæй фæтырнынц уæлахизмæ, рухс фидæныл сæ зæрдæ кæй фæдарынц. Уый мидæг ис аргъæутты стыр хъуыды: фæллойгæнæг адæмы æвдисынц хуыздæр фидæныл æууæндаг оптимисттæй.

Адæмы знæгтæ аргъæутты æвдыст цæуынц алы æвзæр миниуджыты хицæуттæй. Уыдон сты æдзæсгом, нæй сын ныхас, аргъ нæ кæнынц хæлардзинадæн, нæ ауæрдынц чъизи митыл.

Ирон аргъæутты арæх æвдыст цæуы хæлардзинад æмæ кæрæдзийæн тыхст заманы баххуыс кæныны хъуыды («Сыст æмæ æхсынкъ»). Аргъæутты кæддæриддæр æфхæрд баййафы фыдзæрдæ адæймаг («Раст лæг æмæ йæ лæппу»).

Адæймаджы зондæн аргъæутты цæуы стыр аргъ. Зонд у амондæй тыхджындæрыл нымад. Адæймаг йæ зонды руаджы фæуæлахиз вæййы суанг хæйрæгыл дæр. («Зонд æмæ амонд»), «Мæгуыр лæг æмæ хæйрæг», «Мæгуыр лæг æмæ уæйыг», «Фæныкгуыз»).

Сыгъдæг æмæ тыхджын уарзондзинад у ирон адæмон аргъæутты сæйраг темæ. Уыцы сыгъдæг æнкъарæн тыхджындæр кæны æрыгон адæймаджы хъару, уый руаджы фæразы алы зындзинæдтæн, уый руаджы æдзух уæлахиз кæны. Æппæт адæмты аргъæутты сæйрагдæр миниуæг та у уый, æмæ алы адæм сæ аргъæутты кæй дзурынц сæ уæззау æмæ æфхæрд царды тыххæй, сæрибар æмæ амондыл, хуыздæр фидæныл.

Диссаг сты ирон адæмон аргъæуттæ аивадон хæрзхъæддзинадæй. Уый бæрæг у сæ геройты фæлгонцты аив арæзтæй, æмæ сæ митæ цыма æцæг уыдысты, ууыл æууæндынæй, сæ социалон конфликттæ æргом кæнын арæхсынæй, сæ хъæздыг æмæ нывæфтыд æвзагæй æмæ афтæ дарддæр.

Адæмон зарæгæн йæ сæйраг миниуæг уыд йе стыр мидис æмæ йæ хъуыды, адæмы вазыгджын царды къабæзтæй æмæ цаутæй бæлвырд искæцы æвдисæн.

Сæ мидисмæ гæсгæ адæмон зарджытæ дих кæнынц цалдæр сæрмагонд хуызыл: фæллойы зарджытæ, цуанонты зарджытæ, чындзæхсæвы зарджытæ, фынджы уæлхъусы зарджытæ, авдæны зарджытæ, хъæбатыр адæймæгтыл конд зарджытæ. Фæллойы зарджытæ сты, адæм-иу кусгæ-кусын кæй зарыдысты, кæнæ сæ куысты кой кæм кодтой, уыдон. Уыцы зарджытæ равзæрдысты куыстæй. Уымæ гæсгæ алы куыстæн дæр ис йæхи зарæг.

Фæллойы зарджытæй иуæй-иутæ комкоммæ æвдисынц азы бæрæг рæстæджы куыстытæ. Фæллойы зарджытæй бирæтæ фæзындысты тынг раджы, суанг къласон æхсæнады агъоммæ. Фæлæ сыл куыд фæстæмæ зынын байдыдтой фæстæдæр дугты миниуджытæ. Зæгъæм: «Нымæт æууæрдджыты зарæджы» фæстагмæ фæзынди æлдæрттæ æмæ паддзæхты кой.

Рагон адæймаг фосы æмæ зæххы куыст куы нæма зыдта, уыцы раджы заманты йæ царды сæйрагдæр мадзал уыд цуан кæнын.

Ирон адæм цуаны тыххæй скодтой бирæ аив зарджытæ, таурæгътæ, аргъæуттæ, æмбисæндтæ. Уыцы уацмыстæ аив хуызы æвдисынц цуанонты хъуыдытæ, се ‘нкъа-рæнтæ, сæ бæллиц, адæмы хъуаг æмæ тыхст цард, стæй цуан йæхæдæг тæссаг æмæ уæззау куыст кæй уыд, уыдæттæ. Уый æвдыст æрцыд «Ӕфсатийы зарæджы».

Ирон адæмон зарджытæй, æвæццæгæн, æппæты мидисджындæр, æппæты фылдæр æмæ æхсæнадон социалон миниуджытæй æппæты хайджындæр сты историон æмæ æхсары тохы зарджытæ. Уыдонæй бирæтæ сты, ивгъуыд рæстæджы ирон адæмы царды æцæг чи ‘рцыд, ахæм бæлвырд æмæ ахсджиаг цаутыл арæзт зарджытæ. Историон æмæ тохы зарджытæ адæмон геройтыл конд сты æмæ сæ мыггæгтæ дæр зарæджы амынд вæййынц се ‘цæг хуызы, сæ архайдæн дæр вæййы раст аргъ.

Уымæ гæсгæ историон зарджытæ хорз æххуыс сты нæ адæмы истори, сæ цард, сæ хъысмæт сын хуыздæр бамбарынæн. Ацы зарджыты мидис,  кæддæриддæр вæййы тох, кæнæ адæмы знагимæ, кæнæ геройæн йæхи æфхæрæгимæ. Уыимæ уыцы тохы зарæгæн йæ герой кæддæриддæр фæмард вæййы. Зарджытæй историонтыл комкоммæ нымайæн ис, æппæт ирон адæмы цаутыл конд чи ‘рцыд, ахæмтæ: «Томайты Мæхæмæты зарæг», «Таймуразы зарæг», «Хъуы-дайнаты зарæг» æмæ æнд.

Историон зарджыты хицæн хуызыл банымаинаг сты адæмы ‘хсæн социалон рæстдзинады сæрыл уæды рæстæджы царды хицæуттимæ тохгæнджытыл конд зарджытæ: «Чермены зарæг», «Аслæн-беджы зарæг, «Антъоны зарæг» æмæ æнд.

Бирæ зарджытæ æвдисынц адæймаджы æхсар æмæ хъару фыдгæнджытимæ, фæндæгтыл бæлцæтты стъигъджытимæ тохы: «Берозты Тотрадзы зарæг», «Ботасы зарæг», «Тотиты Акимы зарæг», «Хъæстуаты Хъазбеджы зарæг» æмæ æнд.

Æхсары тохы зарджыты ‘хсæн хицæн бынат ахсы ирон адæмы уарзон хъæбул, адæмон поэт Хетæгкаты Къостайы зарæг. Кæд Къоста æдхæцæнгарз нæ тох кодта знæгтимæ, нæ фæмард уыцы тохы, уæддæр, æхсары тохы зарджыты геройтау, Къоста цардцæрæнбонты тох кодта æфхæрд адæмы сæрыл, рæстдзинадыл, царды хъулондзинæдтæ фесафыныл, адæмы ‘хсæн тыхми æмæ æфхæрддзинад скуынæ-гыл.

Зарджыты сæйрагдæр мотив у адæмы æнæуынондзинад се ‘фхæрджытæм, сæри-бар уарзын æмæ йыл тох кæнын, сæ хъару æмæ сæ тыхыл зæрдæ дарын.

Стыр ирон ахуыргонд Абайты Васо хъайтарон зарджытæн кæны стыр аргъ: «Уыцы зарджыты хъæбатыр фæсивæд кæддæриддæр ахуыр кодтой ахæм ми-ниуджытыл, кæцыты уыдысты сæри-баруарзаг хохæгты идеал: хæдбар уæ-вынмæ тырнын, адæймаджы сæрыстырдзинад хъахъхъæнын, хъулон ми-тæ, æфхæрд æмæ тыхдзинады ныхмæ цæуын, æвзæрын сæм кодтой лæгдзинад, æхсар, æгад, æмæ худинаджы бæс-ты адæймаджы мæлæтмæ чи разæн-гард кæны, ахæм миниуджытæ».

Историон æмæ æхсары тохы зарджытæн иттæг стыр у сæ хъомыладон ахадындзинад. Сæ геройты фæзминаг миниуджытæ рагæй нырмæ дæр сæ зæрдæмæ истой адæм, уæлдайдæр та фæсивæд. Уыцы зарджыты геройтæ уыдысты адæмы идеал, хайджын уыдысты адæмы бæллиццаг миниуджытæй: сæрибардзинадмæ бæллын æмæ йыл тох кæнын, царды хъулондзинæдтæ сафын, адæмæн тыхми æмæ æфхæрды ныхмæ тох, адæймаджы сæрыстырдзинад, худинаг сæрмæ нæ хæссын, бæллыдысты сæм, тырныдтой сæм.

Ахсджиаг нысаниуæг адæмон сфæлдыстады ис æмбисæндтæн дæр. Уыдон рæзгæ фæлтæры хъомыладæн сты тынг æххуыс, уымæн æмæ хъуыд схъомыл кæнын зонд-джын, æмбаргæ æмæ цыргъзонд фæлтæр. Ууыл дзурæг сты ахæм æмбисæндтæ: «зонд – хъæздыгдзинад», «зонд у царды дуары дæгъæл».

Æмбисæндтæй уæлдай ма адæмон сфæлдыстады уацмыстæм хауынц уыци-уыцитæ, кæнæ базон-базонтæ, кæцыты æвдыст цæуы адæмы цыргъзонддзинад. Амонынц предметы, архайды хицæн миниу-джытæ фæсномыг хуызы дзуаппдæттæгæн йæ зонындзинæдтæ сбæрæг кæнынмæ: «цъиу нæу, фæлæ йын базыртæ ис (гæлæбу)», «æнæ дуар, æнæ рудзынг, афтæмæй – йедзаг (харбыз)».

Кæронбæттæны скодтам ахæм хатдзæг: ирон адæм бирæ æнусты дæргъы цы культурон æмæ аивадон хæзнатæ скодтой, уыдоны ‘хсæн цыкурайы  фæрдыгау æрт-тивы адæмон сфæлдыстад.

ДЗУЦЦАТЫ Белæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.