Нацийы тых иудзинады кæй ис, уый алкæцы растхъуыдыгæнæг адæймаг дæр æмбары. Наци кæрæдзийыл куы хæца, кæрæдзийы ныхасы здæхтытæм æмæ динмæ гæсгæ куынæ дихтæ кæна,  уæд ын æппындæр тас ницæмæй у. Национ идея бæрзонд æмвæзадыл кæцы нацийæн у, уымæн йæ сомбон бæллиццаг, йæхи фæндиаг вæййы.

Бафæрсæм ма нæхи, æндæра ирон адæммæ национ идея бæрзонд æмвæзадыл у, æви нæ. Хъыгагæн, ацы фарстæн æвæрццаг дзуапп радтæн нæй. Уый фæдыл бирæ цæвиттонтæ æрхæссæн ис,  фæлæ уал дзы абон æрлæууæм иу ахсджиаг фарстыл. Йæ радтæг Ирыстоны аккаг æмбæстаг йæхи чи хоны, уый хъуамæ зона хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр, дыууæ Ирыстоны дæр цы цаутæ цæуы, уыдоны тыххæй. Цæвиттон, куыд ирон адæймаг, куыд Ирыстоны æнувыд хъæбул, афтæ æз дæр цымыдис кæнын, куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгат Ирыстон-Аланийы царды æрцæугæ цаутæм дæр. Тынг æхсызгон мын у – уæрæсейаг канал «Россия1»-йы Ног хабæрттæ куы фæвæййынц, уæд та ацы каналыл  регионалон хабæрттæ кæй цæуынц, уый. Уый руаджы хуссарирыстойнаг цæрджытæн дæр фадат ис Цæгат Ирыстоны, се ‘фсы-мæртæм цы цаутæ цæуы, уыдонимæ базонгæ уæвын. Ацы рæнхъыты автор  æрвылрайсом дæр бакæсы Цæгат Ирыстон-Аланийы телерадиокомпани «Алани»-йы ралæвæрдтæм, уыцы нымæцы Ног хабæрттæм дæр æмæ афтæмæй базонгæ вæййын цæгатирыстойнаг цаутимæ дæр. Бацин сын кæнын, сæ царды хорзæрдæм цы ивындзинæдтæ æрцæуы, уыдоныл.

19-æм октябры, цыппæрæмы бынтон æнæнхъæлæджы бакастæн цæгатирыстойнаг паддзахадон телерадиокомпанийы ралæвæрд «Не ‘взаг – нæ хæзна» -мæ. Цæгат Ирыстон у бирæнацион республикæ æмæ ацы ралæвæрд дæр арæзт у, цы бирæ нациты хæттытæ дзы цæры, уыдоны тыххæй. Уæды онг æй нæ зыдтон, Цæгат Ирыстоны  ахæм алæвæрд ис, уый. Мæ зæрдæмæ фæцыд æмæ мæхинымæры ахъуыды кодтон, зæгъын, махмæ дæр, Хуссар Ирыстоны телерадиокомпани «Ир»-ы куы уа-дзиккой ахæм алæвæрд, уымæн æмæ Хуссар Ирыстон – Паддзахад Аланийы дæр бирæ цæры æндæр нациты минæвæрттæ, уыдонæй дæр бирæтæ иронау дзурынц сыгъдæг. Алæвæрдмæ фæхуыдтой уырыссаг сылгоймаг Наталья Бадьяновайы. Уагъта йæ журналист Тедеты Индирæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй уырыссаг сылгоймагæн йæ мад уыд ирон, цардысты Алагиры æмæ абон та цæры Елхоты хъæуы. Сылгоймаг дзырдта сыгъдяг ирон æвзагыл. Æгæрыстæмæй  йæ равдыстой ирон адæмы национ уæлибыхтæ кæнгæйæ дæр. Сылгоймаджы ныхæстæм гæсгæ, йæ мад бацархайдта æмæ йæ сывæллæтты схъомыл кодта ирон традицитæм гæсгæ.

Журналист Тедеты Индирæ ралæвæрды уазæг Наталья Бадьяновайы куы афарста, зæгъгæ, цал сывæллоны дын ис, уæд уый райгондæй сдзуапп кодта, фондз сывæллоны – дыууæ чызджы æмæ æртæ лæппуйы, зæгъгæ. Уырыссаг сылгоймаг зæрдæрайæ банысан кодта: «Ме ‘ртæ фыртæн дæр ис цардæмбæлттæ, иуæн дзы ис уырыссаг цардæмбал, иннæмæн – ирон æмæ æртыккаг фыртæн та йæ цардæмбал у къуыдайраг».  Ацы ныхæстæ   мын мæ зæрдæ фæрæхуыстой æмæ цыма мæ цуры уыд, уыйау уайдзæфгæнгæйæ фарст радтон журналист Тедеты Индирæмæ: «Цымæ къуыдайраг та цы наци у, уый мын куы зæгъис». Мæ фыртæн къуыдайраг цардæмбал ис, зæгъгæ, уыцы ныхæстæ кæд  уырыссаг сылгоймаджы дзыхæй схаудтой, уæддæр уымæ нæ фæхъыг дæн, уымæн æмæ уый, гæнæн ис, æмæ афтæ æнхъæлы, ома, къуыдайраг ирон нæ, фæлæ æндæр адæмы хатт у. Тынг фæдис кодтон, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы экранæй ахæм гуымир æнæмбæлон ныхæстæ кæй райхъуыстысты, ууыл. Куыд гæнæн ис æмæ уырыссаг сылгоймаджы ахæм дзуапп нæ бараст кодта алæвæрд уадзæг журналист Тедеты Индирæ æмæ йæ афтæмæй эфиры ауагъта, æви йæхæдæг дæр афтæ хъуыды кæны æмæ къуыдайраг æндæр адæмы хатт у. Мæ фыртæн къуыдайраг цардæмбал ис, зæгъгæ, уыцы ныхæстæ цы æвзонг фæлтæртæ фехъусой, уыдон цы ахъуыды кæндзысты. Ахæм æнæмбæлон æмæ æнæмбаргæ ныхæстæм хъусгæйæ, куыд гæнæн ис дзурæн национ хиæмбарынадыл, национ идеяйыл.

Ау, кæд ма бамбардзысты чысылнымæц ирон адæм, кæрæдзийы ныхасы здæхтытæм  гæсгæ дихтæ кæнын кæй нæ хъæуы, уыцы ахсджиаг хъуыддаг. Ау, афон нын нæма у, цæмæй кæрæдзи бамбарæм, цæмæй кæрæдзи бауарзæм! Бæгуыдæр у афон, фæлæ… Æвæццæгæн, Хуыцауæй æлгъыст стæм, æндæр, дыууæ Ирыстоны дæр 90 азтæй фæстæмæ цы уæззаудзинæдтæ бавзæрстой «сæ хорзмæбæллæг» сыхæгты аххосæй, уый фæстæ ма кæрæдзи афтæ хъуамæ дихтæ кæниккам? Ау, хæстон азты уæззау  рæстæ-джытæ дæр нын зонд-зонæн нæ фесты, цæмæй иу армыдзаг ирон адæм кæрæдзи мауал дихтæ кæной? Ирон адæмæй алкæцы дæр йæ сæры зонды цæмæннæ  ныффидар кодта иу ахсджиаг хъуыды – мах иу адæм, иу туг, иу стæг кæй стæм. Цæмæннæ хъуамæ бамбарын кодтаид уырыссаг сылгоймагæн журналист Тедеты Индирæ, къуыдайраг дæр ирон кæй у, уый, цæмæй йæ дыккаг хатт макуыуал сфæлхатт кæна. Дыууæ Ирыстоны дæр паддзахадон телерадиокомпаниты журналисттæ  ууыл хъуамæ ма архайой, цæмæй сæ алæвæрдты руаджы ирон адæмы æнгом кæной кæрæдзимæ?

Æрæджы уагъд æрцыд ирон адæмы æнæрадон 9-æм съезд. Ацы ахсджиаг мадзалы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, съезды сæйрагдæр сты ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ адæмы иудзинады фарстытæ,  зæгъгæ, ацы фарстытыл алы хатт дæр уынаффæ кæнынц дыууæ Ирыстоны сæргълæуджытæ. Съезды РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр уæлдай хъусдард аздæхта ирон адæмы иудзинады фарстмæ. Загъта, зæгъгæ, афон у, цæмæй кæрæдзийы мауал дихтæ кæнæм. Ацы дыууæ фарсты тынг ахсджиаг кæй сты, уый банысан кодтой съезды докладгæнджытæй бирæтæ.

Дыууæ Ирыстоны дæр стыр куыст хъуамæ цæуа рæзгæ фæлтæры национ идея фæбæр-зонддæр кæныныл. Æппынæдзух сын амонын хъæуы, дыууæ Ирыстоны дæр иу наци, æмтуг ирон адæм кæй цæрынц, уый тыххæй. Афтæ куынæ уа, уæд нæ цард нæхи фæндиаг никуы уыдзæн. Уымæн æмæ дыууæрдыгæй не знæгтæн абон дæр гæнæн куы фæуаид, уæд та сæ цæвæн кард нæ раздахиккой ирон адæмæй…

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.