14-æм июлы Фидауынгæнæджы боны цытæн нæ горæты киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд цалдæр мадзалы. Уыдонæй сæ иу уыд нæ республикæйы нывгæнджыты конд нывты равдыст ахæм номимæ – «Сымахæн, сабырад бахъахъхъæнджытæн». Равдысты хайад райстой куыд хистæр кары, афтæ æвзонг нывгæнджытæ дæр: Бежанты Вадим, Цхуырбаты Тамерлан, Æлборты Æхсæртæг, Бекъойты Алан, Сабанты Анжелæ, Цхуырбаты Тахминæ, Кокойты Мария, Хуыбиаты Роберт, Уалыты Дзерассæ, Харебаты Ацæмæз, Коцты Джесикæ æмæ ноджы бирæ æндæртæ. Ацы равдыстмæ хаст æрцыдысты 60 нывы бæрц. Сæ тематикæ уыд Ирыстоны сабыр цардыл дзурæг.

Равдыстмæ æрбацыдысты нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли, раздæры Президент Тыбылты Леонид, Культурæйы министр Зассеты Жаннæ, Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, æндæр бæрнон адæймæгтæ æмæ нæ горæты цæрджытæ.

Уыдон лæмбынæг базонгæ сты нæ нывгæнджыты куыстытимæ æмæ сын Бибылты Ана-толи та бузныджы ныхæстæ загъта сæ курдиаты тыххæй.

РХИ-йы Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Цхуырбаты Тамерлан та нын ацы равдысты æмæ Фидауынгæнджыты бæрæгбоны тыххæй загъта йæ хъуыдытæ:

– Мах абон ацы равдыст бацæттæ кодтам, уымæн æмæ йæ куыд зонæм, афтæмæй 1992 азы Хуссар Ирыстон уæззау уавæры куы уыд, уæд нæм æх-хуысмæ фæзындысты æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ. Уыдон руаджы Ирыстоны зæххыл абон ис  сабырдзинад. Ирыстон уæззау уавæры кæй уыдис, уый та аивадыл дæр бирæ бæрцæй æндæвта, хæст нæ уагъта кусын, алкæцы нывгæнæджы хъуыдыйы дæр уыд йæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын. Нæ аивадон тыгъдад афтæ уынгæг æмæ уæззау уавæры уыд æмæ цалынмæ хъаугъа æрсабыр фидауынгæнджыты æрбацыдæй, уæдмæ махæн нæ куыст размæ нæ цыд, кæд куыстам, уæддæр.

Ноджыдæр ма зæгъдзынæн уый, æмæ фидауынгæнджыты æрбацыдæй нæ аивад сабыргай рæзын райдыдта, нæ нывгæнджытæ дæр бæстонæй сæ куыстмæ æрæвнæлдтой, сæ нымæц дæр фæфылдæр. Уый тыххæй æз æппæт Фидауынгæнджыты тыхтæн зæгъын стыр бузныг, кæцытæ нын нæ зæхмæ æрхастой сабырдзинад æмæ сын мах та зæрдиагæй сæ бæрæгбонмæ лæвар кæнæм нæ абоны равдыст.

Равдыст бацæттæ кодтой РХИ-йы Культурæйы министрад æмæ Нывгæнджыты цæдис.

***

Фидауынгæнджыты боны цытæн ма киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд бæрæгбонон концерт. Ацы мадзалы дæр фидауынгæнджытæн загъдгонд æрцыдысты бирæ арфæйы ныхæстæ æмæ сын сæ бæрæгбоны цытæн музыкалон номыртæ балæвар кодтой вокалон-инструменталон къорд «Мемориал», Санахъоты Алан, цæгатирыстойнаг зарæггæнæг Уалыты Альберт, Гатыгкоты Нинæ, Къæбысты Сæрмæт, Дудайты Константин, Зассеты Алан, Дзауы районы сывæллæтты хореографион къорд «Фидæн»-ы солист Гаглойты Владимир æмæ ноджы бирæ æндæртæ.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.