Стыр Фыдыбæстæйон хæст… ацы дзырдтæ хъусгæйæ цæстытыл ауайынц хæстон техникæ, тугкалд, цæссыгкалгæ сылгоймæгтæ æмæ сабитæ, тар æмæ фыдбоны царды уавæртæ… Рацыд æнусы æртыккаг хай, фæлæ 1941- 1945 азы хæст нæ ферох уыдзæн адæймагады хъуыдыкæнынадæй, историйæ. Фыдыбæстæйон хæст уыд историйы æппæты тугкалæндæр хæст, æппæт дунейыл фашистон Герман бафтыдта арт æмæ бабын кодта мингай адæймæгты. Историйы бæлвырд-гæнæнтæм гæсгæ Хуссар Ирыстонæй хæстмæ ацыд 21 736 адæймаджы, уыдонæй 11 711 сæ цард снывонд кодтой фыдыбæстæйы сæрибардзинады сæрвæлтау, æмæ 7000 адæймаджы та фесты æбæрæг сæфт.

Абоны онг дæр ма йæ хиуæттæ бæлвырд бæрæг кæмæй нæ зонынц, уыдонæй сæ иу у Хуыгаты Падойы фырт Миха дæр.  Миха райгуырд 1905 азы  Дзауы районы Цъоны хъæуы. Йæ ныййарджытæ уыдысты рæстæмбис цæрæг, бирæсывæллонджын бинонтæ. Миха йæ лæджы кармæ куы бахæццæ, уæд йæ цард баиу кодта къуыдаргоймаг, Бæззаты Къатоимæ. Кæд царды уавæртæ зын уыдысты, уæддæр уæды дуджы уыдæттæй хъаст ничи кодта, кодтой сæ цард, куыд сын æнтыст, афтæ. Миха æмæ Къато дæр уыдысты куыстуар-заг, æмæ куыд фæзæгъынц – скъобор кодтой нæргæ цард. Фæзындис сын авд хъæбулы – æртæ чызджы æмæ цыппар лæппуйы. Се ‘ппæты кæстæр Сергийыл афæдз дæр нæма сæххæст ис, афтæмæй райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Куыд Ирыстоны æппæт адæм, афтæ Цъоны хъæуы фæсивæд дæр фæцыдысты фыдызнаджы ныхмæ тохмæ. Уыдонимæ 1941 азы ацыдысты Михайы æртæ æфсымæры Шаликъо, Дауыт æмæ Микка дæр. Миха бирæсывæллонджын кæй уыд, уымæ гæсгæ рæстæгмæ баззад хъæуы.

Знаг бырста размæ, æрбахæццæ суанг Мæскуыйы онг. Калдис туг, уыимæ – ирон лæджы туг дæр. Тас уыд фашисты фæуæ-лахизæй æмæ Советон Цæдисы  къухдари-уæгад æрсидт уæлæмхас тыхтæм. Уыдæт-тæ хъусгæйæ Миха дæр, 1943 азы араст ис йе’фсымæрты фæдыл фронтмæ. «Ме ‘фсин, Бæзиан-иу мын арæх дзырдта  хæсты рæстæджы цауты тыххæй. Куыд радзырдта, афтæмæй, уыцы райсом Миха уыд сæрвæты, хызта фос. Хъæуы лæппутæй сæ кæмæндæр бафæдзæхста æмæ рацыд хъæумæ. Æгæрыстæмæй хæдзармæ дæр нал баздæхтис, сабитæ, зæгъ, мæ фæдыл куы кæуой, афтæмæй ма дардæй йе ‘мкъаймæ рахъæр кодта, зæгъгæ æз ацыдтæн фронтмæ, æмæ ацыд…»- ра-дзырдта сæ чындз Полинæ. Миха йе ‘мхъæуккаг лæг Бишолимæ ацыд Дзауы æфсæддон камисариатмæ, уырдыгæй сæ арвыстой Гуырдзыстоны æфсæддон хæйт-тæм æмæ уым фæхицæн сты кæрæдзийæ.

Михайы æфсымæртæй сæ иу, Шаликъо, хæсты быдырмæ ацыд хæстон арæхстдзи-надæй æдзæттæйæ, фæлæ йе ‘мхæстонтæ куыд загътой, афтæмæй нæ зыдта тас, знаджы ныхмæ хæцыд æгъатырæй. Цалдæр хатты фæцис уæззау цæфтæ дæр, фæлæ та-иу госпиталы схос кæныны фæстæ, слæууыд йе ‘мхæстонты æмрæнхъ. Иуафон фæцис уæззау цæф æмæ уый фæстæ æрвыст æрцыд йæ райгуырæн хъæумæ, йæ сæрæн кæй нал уыд, уый тыххæй. Шаликъо хæсты хайадисæг кæй уыд, уыдæттæн æвдисæн уыдысты йе ‘уæнгты знаджы нæмыджы схъистæ. Йæ царды фæстаг бонты онг дæр йæ агъды фæлмæны фæхаста, бавналæн кæмæ нæ уыд, ахæм схъистæ. «Арæх-иу уыцы схъистæ сæхигъæдæй сбырыдысты хæрдмæ æмæ-иу сæ йæхæдæг арæхсгай сæппæрста»- дзырдтой Шаликъойы бинонтæ.

Михайы кæстæр æфсымæр Дауыты йæ хæстон фæндæгтæ ахастой Украинæмæ. Уым уый дæр фæцис уæззау цæф æмæ ба-хауд госпиталмæ. Фæлтæрд дохтыртæ дæргъвæтин рæстæджы фæтох кодтой мæлæты дзæмбытæй йæ сылвасыныл æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта, фæлæ, хъыгагæн Дауыт йæ рахиз къах ныууагъта йæ фæстаг тохы быдыры. Дауыты уыцы уæззау цæфты фæстæ, сæндидзынæн бахъуыд бирæ рæстæг. Уæлдай æвзæрдæр та йæхи банкъардта, куы базыдта, онгцухæй йæ тохы быдырмæ кæй нал ауадздзысты, уæд. Госпиталы уæвгæйæ Дауыт фембæлд йæ фидæны цардæмбал Лидæйыл. Куы фæсæрæндæр ис, уæд рацыдысты иумæ Ирыстонмæ. Схъомыл кодтой иу чызг.

Падойы иннæ дыууæ фырты Микка æмæ Миха фесты фыдвæндаг, ацыдысты фæцу æмæ ма ‘рцуйы фæндагыл.  Миккайæ ныронг иунæг хабар дæр нал æрыхъуыст. Нæ йын баззад нæдæр æмкъай, нæдæр хъæбултæ, афтæмæй æвæстагæй фæцис знаджы амæттаг.  Михайы хæстон фæндæгты тыххæй дæр йæ бинонтæм не ‘рыфтыд иунæг хабар дæр, нæ уыд бæлвырд, кæм æмæ куыд бабын ис. Æрмæст, йе ‘мтохгæнджытæй чидæртæ куыд радзырдтой, афтæмæй  Миха хæцыд Керчы донбылыл. Тохы быдыры уыд ныфсхаст, нæ зыдта тæппуддзинад,  афтæмæй бырста размæ знаджы ныхмæ. Фæлæ, хъысмæты фæндонмæ гæсгæ, уый дæр фæцис æбæрæг  сæфт.  Йæ фырты фырт Юри бирæ азты дæргъы архайдта йæ дадайæн, йæ ингæн ссарыныл. Æрæджы йын интернеты Керчы иумиаг уæлмæрды хæстонты ‘хсæн  ссардта йæ ном.

Миха хæстмæ ацæугæйæ йæ авд хъæбулы ныууагъта йе ‘мкъай Къатойы æвджид. Се ‘ппæты хистæр Палушыл цыд 12 азы, афтæмæй хæдзары нæлгоймаджы куыстыты æппæт уæз æрынцад йе уæхсчытыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, зын уыд Къатойæн дæр авд сидзæр æнахъом сабийы сæ къахыл слæууын кæнын, фæлæ йæ куыстуарзон æмæ сæрæн удыхъæды руаджы быхста зындзинæдтæн. Къатойæн йе ‘мкъай æмæ йе ‘ртæ тиуæй дарддæр, фронты уыдысты йе ‘ртæ æфсымæры дæр.«Хъæуы сылгоймæгтæ-иу цалдæр-гæйттæй араст сты горæтмæ æмæ-иу æрбахастой се ‘нахъомтæн хæринаг, баззадысты-иу æхсæв æддæ дæр, боныгъæдтæм нæкæсгæйæ. Боныгон-иу кодтой хæдзары æмæ къолхозы куыстытæ, æхсæвы та-иу бадтысты суанг бонмæ, хæстонтæн  хуыдтой æмæ быдтой дарæс», – радзырдта Къатойы ныхæстæй Полинæ.

Хъыгагæн, Падойы цыппар хæстон фыртæй иуæн дæр нæ баззадис хорзæхтæ, хæстон фыстæджытæ, кæнæ æндæр æвдисæндартæ. Фæлæ уыдон сæ фæстæ ныууагътой æнæмæлгæ кад, Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинады сæрыл тох-гæнджытæ кæй уыдысты, æмæ сæ цард сæрибардзинады сæрвæлтау кæй радтой, уый тыххæй.

                                                                                         ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.