Цхинвалы аргъуанты 6-ӕм январы  изæры нӕ республикӕйы чырыстон диныл хæст цæрджытæ банысан кодтой Цыппурсы бæрæгбон. Бирӕ адӕм ӕрбацыдис, куыд нæ горæты Сыгъдæг Æртæиуон чырыстон аргъуанмæ, афтӕ – Мады Майрæмы аргъуанмӕ дӕр. Цыппурсы бон ӕппӕт чырыстон адӕм фӕнысан кӕнынц Чырыстийы райгуырд ӕмӕ сӕхи фӕфӕдзӕхсынц Хуыцауыл.

Бӕстӕйы президент Бибылты Анатоли дӕр бӕрӕгбоны цытӕн ӕрбацыд Сыгъдæг Æртæиуон аргъуанмæ ӕмӕ хайад райста Цыппурсы бӕрӕгбонон службӕйы. Фыд Серги бакуывта Хуыцаумæ æмæ стæй æппæт чырыстон диныл хæст адæмæн раарфæ кодта бæрæгбоны цытæн. Сауджын Серги æрæмбырдуæв-джытæн æрдзырдта, Чырыстийы райгуырды бæрæгбонæн куыд стыр тых ис, ууыл. Уый æрсидт нæ бæстæйы цæрджытæм, цæмæй кæддæриддæр лæууой раст фæндагыл, арæхдæр цæуой аргъуанмæ æмæ сæхи фæдзæхсой Хуыцауæн.

Бибылты Анатоли йæ арфæйы ныхæсты банысан кодта дины стыр ахадындзинад адæмы бангом кæныны хъуыддаджы. «Зынаргъ æмбæстæгтæ! Зæрдиагæй уын арфæ кæнын Чырыстийы райгуырды бæрæгбоны сæраппонд æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй уын Цыппурсы бæрæгбон бахæлар кæна хорз зæрдæйы уаг, хорз хъуыддæгтæ æмæ уарзондзинад. Кæрæдзийыл фылдæр куыд узæлæм, тыхст рæстæджы-иу кæрæдзийы фарсмæ куыд балæууæм æмæ Чырыстийы амындмæ гæсгæ куыд цæрæм, уыцы амонд нæ уæд», – загъта нæ бæстæйы Президент.

Цыппурсы бæрæгбонмæ æрбацæуæг адæм сарæзтой дзуардзыд аргъуанты алыварс æмæ сæ кæрæдзийæн арфæтæ кодтой, сыгътой цырæгътæ  Хуыцау æмæ Цыппурсы номыл. Раздæры азтæм абаргæйæ, бæрæгбонон службæйы кæронмæ баззадысты бæрæг фылдæр адæм.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.