Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй кæд 70 азæй фылдæр рацыд, уæддæр нæ адæмæй рох не сты нæ хæстонты хъæбатырдзинæдтæ. Сæ кадыл сын азæй азмæ хæцынц уæлæмæ. Абон Хуссар Ирыстоны стæм хъæу разындзæнис, цыран, хæстæй чи нал æрыздæхтысты уыдоны нæмттæ  сæнусон кæныны тыххæй арæзт не ‘рцыд цыртдзæвæнтæ.

Цхинвалы районы ирон Присы хъæуæй Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ ацыд сæдæ адæймагæй фылæр. Уыдон се ‘ппæт дæр, бирæ æндæр нациты минæвæртимæ, удуæлдай тохты æвдыстой лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинады цæвиттон. Хæсты фæстæ присаг хæстонтæй райгуырæн къуыммæ нал æрыздæхт æртынæй фылдæр. Чи дзы æрыздæхт, уыдонæй иу уыд Бесаты Арчил. Уый кæд æрыздæхт хæствæлладæй, уæддæр æнæкуыстæй дæр нæ баззад. Цалынмæ йæ бон уыд, уæдмæ æххæст кодта, куыд хъæууонхæдзарадон, афтæ æхсæнадон куыстытæ дæр. Хæстæй куы æрыздæхт, уымæй цалдæр азы фæстæдæр йæхи фæрæзтæй хъæуы сæрмæ сарæзта, йе ‘мхъæуккæгтæй Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй чи нал æрыздæхт, уыдон нæмттæ сæнусон кæныны тыххæй цырт. Цыртмæ кæд уыд хорз хъусдард, бирæ азты лæууыд, уæддæр Гуырдзыйы агрессийы азты баззад æнæхъусдард æмæ мæгуырау уавæрмæ æрцыд. Цырт ахæм уавæры ууыд 2016 азмæ. Уыцы аз хъæуы цæрджытæ бахатыдысты «Иугонд Ирыстон»-ы лидер Бибылты Анатолимæ, цæмæй сын баххуыс кæной ног цырт саразынæн. Фарстыл æруынаффæ кодтой, æмæ аскъуыддзаг кодтой, цæмæй æххæст æрцæуа хъæуы цæрджыты домæн. Цыртæн арæзт æрцыд эскиз. Куыддæр финансон фæрæзтæ хицæн æрцыдысты, афтæ аразджытæ æрæвнæлдтой йæ аразынмæ. Куыстытæ цыдысты рæвдз, фæлæ сын цъус рæстæг кæй уыд уый аххосæй уыцы аз 9-æм маймæ нæ фесты.  Цыртдзæвæн цæмæй ацы аз 9 маймæ арæзт æрцæуа, уый тыххæй, Хуссар Ирыстоны Ветеранты советы,  сæрдары хæдивæг Уалыты Гайоз æмæ Цхинвалы районы ветеранты Советы хистæр Гуыззыдтаты Аристо хатынц парти «Иугонд Ирыстон»-ы разамындмæ, æндæр хицæн организацитæ æмæ æмбæстæгтæм, цæмæй цыртдзæвæны арæзтадæн бакæной финансон æххуыс æмæ кæронмæ арæзт æрцæуа. Алчи дæр сæ хорз хъæппæрис куы равдиса, уæд уымæй скад кæндзысты присаг фæмардуæвæг хæстонтæн.

Гæззаты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.