26-æм майы горæт Цхинвалы 18-19-æм æнусты зынгæ ирон рухстауæг Æгъуызаты-Гæбæраты Иуанейæн цытджын æгъдауæй баконд æрцыд цырт.

Цырт бакæныны цытджын мадзалмæ æрбамбырд бирæ адæм, уыцы нымæцы – РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, Хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ, культурæйы архайджытæ, Ирыстоны фысджыты цæдисы уæнгтæ, æхсæнады æмæ Гæбæраты мыггаджы минæвæрттæ. Цырт æвæрд æрцыд Гæбæраты мыггаджы инициативæйæ. Цырт сæвæрыны тыххæй РХИ-йы Хицауады резервон фондæй хицæн æрцыд 438 мин сомы.

Цырт бакæныны мадзалы хайад райста Цæгат Ирыстон-Аланийы делегаци дæр. Æрæмбырдуæвджытæ сæ раныхæсты банысан кодтой ирон рухстауæджы æнтыстджын куысты, ирон культурæйы рæзты йæ лæггæдты тыххæй. Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитоны ныхæстæм гæсгæ, ирон адæмæн Æгъуызаты-Гæбæраты Иуане уыд рухстауæг, кæцы фæндаг байгом кодта зонындзинæдтæм, фыссынадмæ, чиныгмæ. «Æгъуызаты-Гæбæраты Иуанейæ сæрыстыр хъуамæ уой æрмæст Гæбæраты мыггаг нæ, фæлæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ иууылдæр, уымæн æмæ ирон æвзагмæ егъау у рухстауæджы хайбавæрд.  Иуане скад кодта æрмæст йæ мыггагæн нæ, фæлæ æппæт ирон адæмæн. Ирон æвзаг æмæ культурæйы рæзты фæдыл йæ куыстытæн саргъгæнæн дæр нæй. Уый уыд æрмæст рухстауæг нæ, фæлæ ма куырыхон æмæ кадджын адæймаг, кæцыйы хъуыдымæ хъуыстой иууылдæр», – загъта Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон.

Уый фæстæ сауджын, фыд Гаглойты Савва, кæцы æрцыд цырт байгом кæныны мадзалмæ, йæ раныхасы загъта, зæгъгæ, Æгъуызаты-Гæбæраты Иуане уыд аргъуаны службæгæнæг æмæ амыдта ирон æвзаг.

«Ацы бонты Уæрæсейы нысан кодтой славяйнаг фыссынад æмæ культурæйы паддзахадон бæрæгбон, мысыдысты Кирилл æмæ Мефодийы, славяйнаг адæмы раз сæ лæггæдтæ. Ирон æвзагмæ къаддæр хайбавæрд нæ бахаста Æгъуызаты Иуане дæр. Уый дæр, куыд Кирилл æмæ Мефодий, афтæ ра-тæлмац кодта Евангелы ирон æвзагмæ, фæлæ ма уый æддейæ ратæлмац кодта Константинополаг архиепископы Хуыцауы литургийы дæр, кæцыйы ма хуыдтой Иуанейы «Хуыцауы литурги», æмæ сарæз-та ирон алфавит. Хæрзæрæджы чиныг «Хуыцауы литурги» ногæй тæлмацгонд æрцыд, ныр – цыппæ-рæм хатт», – банысан кодта уый.

Йæ раныхасы фæстæ фыд Савва сæххæст кодта ирон æвзагыл Хуыцауы литурги æмæ саргъуыдта цыртыл.

Æрæмбырдуæвджыты раз раныхас кодта РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли. Уый банысан кодта, зæгъгæ, абон, хъыгагæн, æххæст гуырахстæй нæ цыт кæнæм ацы стыр адæймагæн, кæцы арф фæд ныууагъта Ирыстоны историйы æмæ арфæйы ныхæстæ загъта Гæбæраты мыггагæн сæ архайды тыххæй, кæцыйы руаджы абон байгом цырт Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны зынгæ рухстауæгæн.

Ныхасы бар лæвæрд æрцыд Гæбæраты мыггаджы советы сæрдар Гæбæраты Роландæн, кæцы раарфæ кодта республикæйы къухдариуæгад æмæ Ирыстоны фысджыты цæдисæн, культурæйы архайджытæн æмæ Ирыстоны дыууæ хайы æхсæнадæн рухстауæгæн цырт сæвæрынæн кæй баххуыс кодтой, уый тыххæй.

«Æгъуызаты-Гæбæраты Иуанейы зонынц, зонадимæ баст чи сты, уыдон иууылдæр – фысджытæ, интеллигенци, фæлæ, хъыгагæн, хуымæтæджы адæмы ‘хсæн алчи нæ зоны, чи у æмæ Ирыстонæн цы сарæзта, уый. Номхуындæй, уыцы уавæр сразæнгард кодта мах уæлдай конкретон архайдтытæм. Мах ивгъуыд аз фæнд кодтам Æгъуызаты Иуанейæн Хуссар Ирыстоны йæ райгуырæн бæстæйы цырт сæвæрын, æмæ уый фæстæ та – Цæгат Ирыстоны, фæлæ рауад афтæ, æмæ цырт нырма фæзынд Дзæуджыхъæуы», – банысан кодта Гæбæраты Роланд.

Æгъуызаты-Гæбæраты Иуанейы лæггæдты тых-хæй сæ раныхæсты дзырдтой Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ дæр. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты декан Хозиты Барис банысан кодта, зæгъгæ, Æгъуызаты Иуане йæ цæвиттонæй фенын кодта, райгуырæн бæстæ уарзын кæй хъæуы ныхæстæй нæ, фæлæ конкретон архайдтытæй.

«Абон ам мах кад кæнæм Ирыстоны иууыл зынгæдæр фырттæй сæ иуæн. Уый æддейæ ма уый уыд активон æхсæнадон архайæг, баххуыс кодта бирæ хуымæтæджы адæмæн æмæ сфæлдыстадон архайджытæн, сахуыр сæ кодта кæсын æмæ фыссын. Уыдонæй иу уыд Колыты Аксо. Мæн фæнды раарфæ кæнын скульптор Плиты Владимирæн, цырт тынг хорз кæй сарæзта, уый тыххæй», – загъта уый.

Мадзалы ма раныхас кодтой РХИ-йы Парламенты культурæ, зонад, национ политикæ, ахуырад æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл комитеты сæрдар Гæбæраты Юри, ХИПУ-йы профессор Плиты Гацыр æмæ æндæртæ.

Раныхасгæнджытæ банысан кодтой, зæгъгæ, Æгъуызаты Иуане у уыцы рæстæджы ирон ахуырады егъаудæр фигурæ, гуырдзиаг графикæйы бындурыл фыццаг ирон алфавиты, фыццаг ирон дамгъуаты аразæг æмæ ирон æвзагмæ фыццаг дины чин-гуытæ тæлмацгæнæг.

Банысангонд ма æрцыд, зæгъгæ, Æгъуызаты Иуанейы цырты бакондæн ис æрмæст культурон-эстетикон характер нæ, фæлæ ма йын ис хъомыладон нысаниуæг дæр, куыд йæ адæмæн лæггад кæныны цæвиттон, афтæ. Бирæ ныхæстæ загъдгонд æрцыд рухстауæджы сæйраг уацмыс стыр поэмæ «Ал-гъузиани» – «Алгъуызы кадæг»-ы тыххæй дæр, кæцы мах онг æххæстæй не ‘рхæццæ. Поэмæ фыст æрцыд гуырдзиаг æвзагыл æмæ фыццаг хатт мы-хуыр æрцыд 1885 азы. Уым Æгъуызаты Иуане кад кæны легендарон ирон паддзах Алгъуызæн, идеалон хъайтары, хъæбатыр хæстоны фæлгондз ын саразгæйæ, кæцы алы хатт дæр уæлахиз кодта раст хæсты, фæлæ ссис гадзрахатдзинады амæттаг. Йæ райгуырæн бæстæйы дард ивгъуыдыл дзургæйæ, поэт æмæ рухстауæгæн уыд йæ адæмы национ           хиæмбарынады рæзты нысан.

Гуыцмæзты Евелинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.