Дунейыл алы адæм дæр буц æмæ сæрыстыр цæмæй сты, уыдонæй сæ иутæ сты историон цыртдзæвæнтæ, хæзнатæ. Хуссар Ирыстоны территорийыл ис тынг бирæ цыртдзæвæнтæ. Ацы хъуыддаг дзурæг у ирон адæмы хъæздыг æмæ рагон историйыл. Рагон цыртдзæвæнты руаджы ахуыргæндтæ сбæлвырд кæнынц, цардæн ахъаз чи сты, бирæ ахæм фарстытæ. О, фæлæ ма дзы ис ахæмтæ, кæцыты нырма зонадон æгъдауæй хъæуы сахуыр æмæ сбæлвырд кæнын. Уымæн та хъæуы дæсны специалисттæ æмæ ахуыргæндтæ.

Нæ фыдæлтæ хъæздыг культурон хæзнатæ кæй сфæлдыстой, уый бæрæгæй зыны, абоны онг нæм дзы цы цыртдзæвæнтæ æрхæццæ, уыдонæй. Уыдоны къухæй арæзт æрцыдысты Ирыстоны иууыл бæрзонддæр æмæ рæсугъддæр бынæтты уаз кувæндæттæ. Бирæтыл дзы цæуы цалдæргай æнустæ æмæ сын абоны онг дæр нæ адæм кæнынц кад, нымад цæуынц табуйаг бынæттыл. Фæлæ æнусон ницы ис. Стыр хъыгагæн, нæ республикæйы бирæ кæмттæ æмæ хъæутæ æдзæрæг кæнынц æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ацы кувæндæттæ æмæ мæсгуытæ æмæ æндæр историон цыртдзæвæнтæ дæр цадæггай рау-уатмæ  цæуынц æмæ  уый  та  у мæгуырау хъуыддаг. Афтæ зæгъæн ис æмæ ацы цыртдзæвæнтæ  нæ  адæмы  историйы ахсынц егъау  бынат æмæ алы ирон адæймаг дæр хъуамæ йæ хæсыл нымайа, фыдæлтæй нæм æнусты сæрты цы культурон цыртдзæвæнтæ æрхæццæ сты, уыдон нын аудинаг æмæ хъахъхъæнинаг кæй сты.

Абон цы уавæры сты нæ республикæйы цыртдзæвæнтæ æмæ сæм цахæм  хъусдард здæхт цæуы, уый фæдыл 18-æм апрелы Цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны дунеон боны цытæн Дзауы районы администрацийы бæстыхайы РХИ-йы Культурæйы министрады цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныны хайад сæ хистæр Табуты Неллийы сæргълæудæй сорганизаци кодтой æмæ ауагътой нæ фыдæлты хæзнатыл аудыны сæраппонд цымыдисон конференци. Йæ сæйраг темæ уыд Дзауы районы тобæгонд бынат саразыны тыххæй æмæ йын йæ цыртдзæвæнтыл æрдзурын.

Конференцийы куысты хайад райстой РХИ-йы Президенты уынаффæгæнæг, историк Коцты Къоста, ХИЗИИ-йы директор, историк Гаглойты Роберт, РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, историк Джиоты Мурат, ХИПУ-йы проректор Плиты Гацыр æмæ университеты ирон кафедрæйы ахуыргæнæг Дзабиты Зарбег, Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Чилæхсаты Владимир, цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайады гæс Табуты Нелли, афтæ ма хайады кусджытæ æмæ Дзауы районы скъоладзау фæсивæд æмæ ахуыргæнджытæ.

Конференци бацæуæн ныхасæй байгом кодта Табуты Нелли æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны историон рæзты æнусты дæргъы арæзт æрцыдысты бирæ уникалон материалон æмæ культурон цыртдзæвæнтæ æмæ, стыр хъыгагæн, абон сты мæгуырау уавæры.  Конференцийы программæйы фæлгæтты уый сарæзта хыгъдон доклад, цыбыртæй радзырдта æмæ адæмы базонгæ кодта сæ хайад цы куыст кæны, цавæр проблемæтыл æмбæлынц, æппæт уыдæттимæ. «Мах абон сæйраджыдæр, дзурдзыстæм Дзауы районы цыртдзæвæнтыл. Ацы хъæуты территоритæ хауынц арф этнографион зонæмæ æмæ йæ хъæуы бахъахъхъæнын, ныртæккæ цахæм у, ахæм хуызы.

Махæн нæ хайад ис РХИ-йы Культурæйы министрады дæлбар æмæ нын ис æрмæст дыууæ штаты, кæцыты адих кодтам цыппар кусæгыл. Афтæмæй уыцы цыппар адæйма-джы кусынц æрдæг штаттыл. Уыдон иууылдæр сты энтузиасттæ æмæ сын сæ куыстмæ ис иузæрдион ахаст. Мах рагæй дзурæм, цæмæй нын нæ хайады ракæной министрады дæлбарæй æмæ йын йе статусыл дæр схæцой. Цæмæй йæ адæм зоной кæй ис ахæм уагдон, æмæ йæ нымайой, ома, аккаг бынат æрцахса æхсæнады царды. Уымæн æмæ,  зæгъæм, вæййы афтæ æмæ махæн нæ фехъусын кæнынц, афтæмæй хицæн адæй-мæгтæ цыртдзæвæнтæ цалцæг кæнынмæ бавналынц æмæ сын афтæмæй фæивынц се ‘ддаг хуыз. Æмæ уый та у æнæраст хъуыддаг. Арæх ма фембæлæм æндæр æмæ æндæр хъæуты мыггæгты минæвæрттæ кувæндæттæ æмæ æндæр ахæм цыртдзæвæнтæ аразынмæ куы бавналынц, куыд сæ хъæуы аразын, уый нæ зонгæйæ æмæ уыимæ фехалынц уымæн йæ архитектурон стиль. Уый раст нæу, æмæ цæмæй дарддæр уыдæттæ ма цæуой, уый тыххæй мах кусæм нæ уавæртæ нæ куыд амонынц, уымæ гæсгæ. Раздæр нын нæ уыд техникæ æмæ нын уыд тынг зын кусæн. Уымæн æмæ цыртдзæвæнтæ сты республикæйы алы къуымты зынвадат бынæтты. Ныр 2008-æм азæй фæстæмæ ацæуæм экспедициты æмæ бабæрæг кæнæм, цыртдзæ-вæнтæй чи цы уавæры ис, уый. Уымæй дарддæр ма махæн ис егъау кабинетон куыст дæр. Æппынæдзух кусæм цыртдзæвæнты реестр фæхуыздæр кæныныл. Ныртæккæ мах нымадмæ гæсгæ культурон бынтæ, археологион æмæ скульптурон цыртдзæвæнты нымæц хизы 1200-мæ. Уымæй дарддæр ма мах кусæм цыртдзæвæнты паспортизацийыл дæр æмæ æндæр ахæмтыл. О, фæлæ кæд мах кусæм, уæддæр нын æнтыст нæй, цæмæй бахъахъхъæнæм нæ цыртдзæвæнты. Уымæн æмæ ацы хъуыддаг баст у стыр æхцайы фæрæзтимæ æмæ уыдон та махмæ не сты. Зæрдæ риссы нæ культурон цыртдзæвæнтыл, сæ бахъахъхъæныныл, фæлæ сын нæ бон ницы у, æмæ нæ къухтæ ауадзæм. Уый у нæ риссаг фарст æмæ йыл кæддæриддæр дзурæм. Тынг нæ фæнды, цæмæй уал Уахтъанайы хъæуы иу цыртдзæвæны сæр бамбæрзæм, уымæн æмæ уый цадæггай пырх цæуы. Уазджытæ нæм куы ‘рцæуы æмæ нын нæ цыртдзæвæнты ахæм уагæй куы фенынц, уæд сыл тынг фæмаст кæнынц. Ахæм проблемæ ис нæ куысты æмæ йыл нæ паддзахад куы нæ бацархайа, уæд нæ хайад ницы сараздзæн. Кæннæд та хъæуы саразын æппæтиронадæмон фонд цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныны тыххæй. Махæн æрмæст афтæмæй суыдзæн нæ бон уыцы 1200 цымыдисон цыртдзæвæнты бахъахъхъæнын», – загъта Табуты Нелли.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ Табуты Неллийы инициативæмæ гæсгæ ныр фæстаг цалдæр азы нæ республикæйы районты уагъд кæй цæуынц ахæм конференцитæ, тымбыл фынгтæ, цыран, фыццаджыдæр, æрныхас кæнынц нæ цыртдзæвæнты абоны уавæрыл æмæ сæ хайады куыст æмæ проблемæтыл. Ахæм конференцитæ ауадзыны нысан ма сты, цæмæй скъоладзау фæсивæды хъусдард аздахой ацы сферæйы професситæм æмæ скъола каст фæуыны фæстæ, бацæуой историон, археологион æмæ æндæр  æнгæс факультеттæм ахуыр кæнынмæ.  Уый фæдыл Гаглойты Роберт куыд банысан кодта, афтæмæй уæлдæр банысангонд професситæм рауагъдонтæ се ‘ргом нал здахынц æмæ æййафынц кадрты цухдзинад. Уый æрсидт скъола-дзаутæм, цæмæй ахæм хъæуæг професситæ равзарой æмæ са-хуыр кæной археологы дæсныйадыл æмæ сæм йе ‘ххуысы къух кæддæриддæр фæдардзæнис. Уый фæстæ ма æрæмбырдуæвджытæн цыбыртæй æрдзырдта Дзауы районы цыртдзæвæнтыл, археологион куыстыты рæстæджы-иу цы диссаджы æрмæджы-тæ ссардтой, æппæт уыдæттыл. Абон дæр ма хицæн рæтты исчи хæдзар аразынмæ куы æрæвна-лы æмæ йын куы скъахынц бындур, уæд дзы, зæгъгæ, кæй ссарынц алыхуызон мигæнæнтæ. Уыдоныл дарддæр кæй хъæуы кусын археологион æгъдауæй, ууыл уыд йæ ныхасы сæр дæр. Фæлæ сæм æрыгон археологтæ нæй æмæ йæм ацы хъуыддаг æвзарын кодта катайдзинад. «Иу хъуыддаг ма уый, æмæ нæ дæрддаг хъæутæ æдзæрæг кæнынц æмæ абон ахæм цыртдзæвæнты фæдыл кæй бафæрсæм, уыцы адæм дзы нал ис», – банысан кодта Гаглойты Роберт.

Конференцийы ма цымыдисон докладтæ сарæзтой Коцты Къоста, Джиоты Мурат, Мæргъиты Ирбег, Багаты Ларисæ æмæ Дзабиты Зарбег.

Плиты Гацырмæ дæр нæ цырт-дзæвæнты абоны уавæр сæвзæ-рын кодта катайдзинад æмæ афтæ радзырдта:

“Абоны темæ у диссаджы темæ, чи нæ хъæуы, ахæм. Сывæллæттæ ам кæй сты, уый хорз хъуыддаг у, фæлæ скъоладзаутæн уыцы тых нæй. Арæхдæр хъæуы æмбæлын не студенттимæ, уыдоны тых егъаудæр у скъоладзаутимæ абаргæйæ. Уымæн æмæ уæлдæр цы проблемæтыл дзырдтат, уыдон сты тынг вазыгджын æмæ серьезон фарстытæ. Дзуринæгтæ бирæ ис. Бæгъиатæй мидæмæ кæмдæриддæр цыртдзæвæнтæ ис, уыдон æз зонын тынг хорз. Æгæрыс-тæмæй, ма сын сæ легендæтæ дæр зонын æмæ сыл фысгæ дæр кодтон. Æз ма йæ хъуыды кæнын, Советон дуджы Тъехты Баграт æмæ æндæртæ археологон къахæн куыстытæ куы кодтой, уæд семæ уыдысты нæ историон факультеты студенттæ. Фæнды мæ зæгъын иу хъуыддаг; Тъунел куы байгом, уæдæй фæстæмæ цал мæсыг ныккалд! Дыууæ мæсыг ма ис Рукъгомы, иннæтæ иууылдæр сты пырх. Зынынц ма сæ бынæттæ, сæ калд дуртæ. Æмæ ацы фæндаг куы байгом ис, уæд нæ хицауад Цыбырты Людвигæй райдайгæйæ, карзæй æвæрдтой фарста, цæмæй Рукъгомы музей арæзт æрцæуа. У Федералон нысаниуæджы фæндаг æмæ дунейы адæмтæ иууылдæр ууылты цæуынц. Фæндаг хъæуы срæсугъд кæнын, цæмæй бæлццæттæ æндæр цæстæй кæсой ацы фæндагмæ дæр æмæ ирон адæммæ дæр. Къух куы нæ амона, фадæттæ куы нæ уой, уæд Табуты чызг цы хъуамæ сараза. Фæлæ ацы фæндагмæ цы зыны æмæ цы хауы, уымæ æркæсын хъæуы. Хъæуы музей саразын. Скъола, иууылдæр зонæм, цы ран ис æмæ кæй у нык-кæлын æввонг. Уый куы ныккæла, уæд у стыр худинаг. Уый уал иу стыр цыртдзæвæн, кæцы нæ къухтæй фæхауы.

Уымæй дарддæр ма Ручъы ис зæппадзтæ æмæ сæ æппындæр ничи бæрæг кæны. Уыдонмæ дæр хъæуы хъус æрдарын, хъæуы сæ сыгъдæг кæнын. Ныххизæн дæр сæм нæй. Æрмæст Зæрæмæджы доны бын æмæ Жинвалы доны бын цы алайнаг уæлмæрдтæ баззад, уыдон сæхæдæг диссаг сты.

Конференцийы организатор-тæн бузныг. Ныртæккæйы хуы-зæн мах ацы фарстыл дзурын никуы хъæуы. Мах дзæвгар азты нæхи æгæр ауагътам. Хъæуы змæлын æмæ аразын, уымæн æмæ æппæт адæттæ сты культурон æргъадтæ æмæ сæ хъæуы бавæрын», – банысан кодта Плиты Гацыр.

Цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныны дунеон боны цытæн ма районы администрацийы бæстыхайы фойейы баконд æрцыд  равдыст нæ республикæйы цыртдзæвæнтыл сæм цыдæриддæр фотоæрмæджытæ уыдис, уыдонæй. Равдыст баконд æрцыд иу бон раздæр æмæ йæм райцентры цæрджытæ цыдысты уынын-мæ. Фотонывтæ сты цымыдисон. Се ‘хсæн сты зæронд Цхинвалæй ист нывтæ, афтæ ма нæ республикæйы иууыл рагондæр, чизоны, нæ адæмæй бирæтæн зындгонд чи не сты, уыцы мæсгуытæ, кувæндæттæ æмæ æндæр ахæм цыртдзæвæнтæ.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.