Цыртдзæвæнтæ æмæ историон бынæтты дунеон боны хæдразмæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрады цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныны хайады сæргълæууæг Табуты Нелли пресс-конференцийы рæстæджы журналисттæн æрдзырдта, нæ республикæйы цыртдзæвæнтæ цы уавæры сты, сæ бахъахъхъæныны сæраппонд цы мадзæлттæ ист цæуы, уыдæтты æмæ ма афтæ   историон объектты паспортизацийы тыххæй. 

«Культурон объектты паспортизацийы фæдыл Цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныны хайады куыст уагъд æрцæудзæн дыууæ этапмæ гæсгæ. Фыццаг уыдзæн – хыгъдон карточкæтæ саразын. Уыдон сты ахæм паспорттæ, кæцыты мидæг вæййы æппæт хъæуæг информаци дæр. Нæ планы ис, паспорттæ раздæр куыд уыдысты, уымæй сæ  уæрæхдæр хуызы саразын. Уый тынг зын куыст у, уымæн æмæ бирæ хъæутæ федзæрæг сты æмæ нын æмбæлон информаци чи радта, ахæм адæймæгтæ дæр бирæ нал сты. Цыртдзæвæнты 80 процентæн ныридæгæн ис хыгъдон карточкæтæ. Паспортизацийы фæдыл куыст дарддæр цæудзæн», – банысан кодта Табуты Нелли.

Цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныны хайады сæргълæууæг ма радзырдта, зæгъгæ, æввахс рæстæджы мыхуыр æрцæудзæн культурон объектты реестр. «Уымæ гæсгæ æнцондæр уыдзæн кæцыдæр объекты тыххæй уæлæмхас информаци базонын. Чизоны исчи растдæр зоны цыртдзæвæны номы тыххæй», – загъта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, цыртдзæвæнтæ хъахъхъæнын у паддзахадон куыст, мах та стæм йе ‘ххæстгæнджытæ. «Хъыгагæн, нын нæй паддзахадон программæ. Аивгъуыйгæ аз мах фæндыд уый æрбавдисын, фæлæ нын нæ бантыст. Фæлæ нæм ис бакуыстытæ, размæцыды план.

Цы программæ хъуамæ арæзт æрцæуа, уым рагхыгъд не ‘рцæудзæн цыртдзæвæнты реставраци, уымæн æмæ æнæ бæрзондквалификациджын специалистты æххуысæй нæй бавналæн историон æмæ культурон объектты реставраци кæнынмæ. Æмæ ахæм специалисттæ та Хуссар Ирыстоны нæй.  Мах алыварсонæй дæр уыдзыстæм, уыцы хъуыддаг хивастæй аразынмæ чи æрхъава, уый ныхмæ»,- банысан кодта уый.

Фыццаградон куыстытæ, кæцытæ æнæмæнгдæр хъæуы саразын, уыдон сты цыртдзæвæнтæ консерваци кæнын. – Мæн ныфс ис æмæ консервацион-фидаргæнæн куыстыты фæстæ уыдон лæудзысты, цалынмæ республикæйæн сæ реставраци кæныны фадат фæзына, уæдмæ. Республикæйы нæй иу ахæм цыртдзæвæн дæр, кæцы хъуаг нæ æййафы фидаргæнæн куыстытæй, кæд фыццаг бакастæй æнæхъæн æмæ фидар зынынц, уæддæр.

Уый ма æппæрццагыл банымадта, хицæн мыггæгтæ сæ фыдæлты мæсгуытæ сæндидзын кæнынмæ æнæ æмбæлон специалисттæ фæхонгæйæ кæй бавналынц, уый дæр. Кæцыдæр хъæуты цæрджытæ цыртдзæвæны пырхæнтæ фенгæйæ, сæхи тыхтæй фæархайынц йе сцалцæг кæныныл, йæ æмбæрзт ын раивыныл. Уый тынг хорз хъуыддаг у, фæлæ цыртдзæвæн æнæ профессионалон æгъдауæй цалцæг куы æрцæуа, уæд йæ хуыз, индивидуалондзинад æмæ аурæ фесафы.

2015 азы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестпрограммæйы фæлгæтты Уæрæсейаг бюджетæй фыццаг хатт рахицæнгонд æрцыд дæс милуан сомы, цыппар аргъуаны – Тиры моладзандон, Архангел Михаилы Икъортайы аргъуан, Гомарты æмæ Кафтинскы аргъуанты консервацийы тыххæй. Фæлæ мадзæлттæ райдыдтой, цырт-дзæвæнты хъахъхъæныны хайадæн нæ фехъусын кодтой, афтæмæй. Куыстытæм æрбахуыдтой хуымæтæджы аразджыты.

«Уыдон сæ куыстыты уæлдай арæзтой æндæр цалцæггæнæн куыстытæ дæр, æмæ мах уый куы базыдтам, уæд æппæт арæзтадон куыстытæ дæр æрурæдтам, Уæрæсейæ æрхуыдтам специалистты, кæцытæ нын радтой сæхи рекомендацитæ. Мах разы не стæм уыцы Инвестпрограммæйы куыстæй. Уæлдай дзы ницы арæзт æрцыд. Ног Инвестпрограммæйы цыртдзæвæнты бахъахъхъæнынæн фæрæзтæ дихгонд не ‘рцыд. Нæ хайад фæндон бахаста, цæмæй фæрæзтæ дихгонд æрцæуой фондз объектыл – иу Цхинвалы æмæ фæйнæ та – районты цыртдзæвæнтæн, фæлæ нын нæ фæндон нæ сæххæст кодтой.

Цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны дунеон боны цытæн ацы аз 20 апрелы горæт Къуайсайы уагъд æрцæудзæн конференци. Табуты Нелли куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ конференцимæ æрбацæудзысты  бынæттон цæрджытæ дæр. «Уымæй дарддæр ма план кæнæм алы районы дæр цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны фæдыл инспекторты бынæттæ бакæныны фарст, кæцытæ цыртдзæвæнты уавæрмæ сæ хъус дариккой.

Горæт Къуайсайы уæвынад кæнынц зындгонд лæгæттæ, куыд Кударо, кæцыты 1955 азæй фæстæмæ иртасæн куыст кодта археолог, Уæрæсейы Зонæдты Академийы Материалон культурæйы институты палеолиты хайады хистæр зонадон кусæг – консультант  Василий Любин. Ахуыргонд йæхæдæг дзырдта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны хæхты рагон адæймаджы стджытæ кæй ссардта, уый у йæ сæйраг профессионалон æнтыст.  Уыцы цыртдзæвæн абоны бон ис хорз уавæры. Республикæйы нæй уыцы лæгæтты ссаргæ артефакттæ, уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг ахуыргæндтæ фæнд кæнынц Хуссар Ирыстоны музеймæ æппынкъаддæрæй сæдæ экспонаты æрбаздахын», – загъта Табуты Нелли.

Цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайады сæргълæууæг ма куыд радзырдта, уымæ гæсгæ хатт аразджытæ æнæмæнгхъæуæгыл нæ банымайынц сæ арæзтады фæдыл фехъусын кæной, уый. Хатт къахæн куысты  рæстæджы ссардæуы рагон дзаумæттæ. Цæвиттонæн райсæм 2009 азы горæты цæгатварсы кафейы арæзтад. Уым куыстыты рæстæджы ссардæуыд æртыккæгæм æнусы дурынтæ. «Горæты мэрийæ нæм нырма æрæджы райдыдтой æрвитын æмбæлон документтæ зæхх рахицæн кæныны тыххæй, кæцыйы хъæуы нæ разыдзинад дæр. Абонæй хъæуы райдайын нæ цыртдзæвæнтыл аудын, кæцыты  тыххæй алы адæймаг дæр хæссы бæрндзинад», – загъта уый.

Уый ма радзырдта, зæгъгæ сæ хайад рагæй фæстæмæ архайы, цæмæй Ручъы хъæуы цы бирæнымæц мæсгуыты пырхæнтæ баззад, уым арæзт æрцæуа культурон бынты тобæгонд бынат. Фæлæ уымæн хъæуы дзæвгар финансон фæрæзтæ. Уый, зæгъгæ, у цæттæ этнографион къуым, цыран уадзын хъæуы алыгъуызон мадзæлттæ. – Махæн нæ бон нæу мадзæлттæ уадзын, уымæн æмæ нын Финансты министрад нæ проект нæ уадзы, кæд æмæ финансон фарст тынг стыр нæу, уæддæр.

Æрдз хъахъхъæныны зонæ, кæнæ националон паркыл, гæнæн ис, æмæ нымад æрцæуа Дзимыры ком дæр. Ныридæгæн ууыл дæр куыст цæуы.

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.