Футболæй Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæ Цхинвалмæ æрхаста CONIFA-йы эгидайы бын уагъдцæуæг Европæйы чемпионаты Кубок. Футболисттыл республикæйы столицæмæ цæугæйæ, ирон æгъдаумæ гæсгæ, æртæ уæливых æмæ бæгæныйы кæхцимæ сæмбæлдысты Дзауы районы цæрджытæ. Уæлахиздзаутæн раарфæ кодтой ирон энциклопеди «Осетия и осетины»-йы автор Челехсаты Хъазбег, районы администрацийы сæргъ-лæууæг Джиоты Андрей, спорты фарстаты фæдыл президенты æххуысгæнæг Джиоты Руфин æмæ РХИ-йы Футболы федерацийы президент Джиоты Алан. Спортивон делегацийы номæй æрæмбырдуæвджытæн бузныг загъта РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдар Зассеты Сергей.

Уый фæстæ футболисттæ автографтæ ныууагътой сæрмагонд чиныджы, цыран ацы районыл цæуæг зындгонд гоймæгтæ ныууадзынц сæ къухфыстытæ æмæ арфæйы ныхæстæ.

Кæронбæттæны æрæмбырдуæвджытæ систой зæрдылдарæн къамтæ.

Дарддæр командæ йæ фæндаг акодта Цхинвалмæ, цыран сæм æнхъæлмæ кастысты Хетæгкаты Къостайы номыл драмон театры. Футболистты фæхуыдтой сценæмæ æмæ сын раарфæ кодта РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик. Уый сæ Президент Бибылты Анатолийы номæй схорзæхджын кодта æхцайы премитæй.

«Тынг æхсызгон мын у афтæ рæсугъд кæй ахъазыдыстут æмæ кæй рамбылдтат, уый. Чемпионат равдыста, спорт политикæйы æддейæ кæй ис æмæ кæд ФИФА бирæ бæстæты нæ нымайы, уæддæр уыдон равдыстой футбол кæй уарзынц  æмæ сæ кæй фæнды спорты ацы хуызæй хъазын», – банысан кодта Пухаты Эрик.

CONIFA эгидæйы бын Европæйы чемпионат уагъд цыд Республикæ Арцахы. Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæ финалы 1:0 хыгъдæй фæуæлахиз Хурныгуылæйнаг Сомихстоныл. 

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.