28-æм майы нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы уагъд æрцыд цытджын мадзал 1992 азы 29-æм майы Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады акт расидыны цытæн. Цытджын линейкæмæ æрбацыдысты РХИ-йы Уæлдæр Советы 1-аг æрсидты депутаттæ – Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр æмæ Кокойты Тарзан, уæрæсейаг уазæг, РХИ-йы кадджын æмбæстаг Виктор Бунин, 1989-2008 азты РХИ-йы территорийыл хæстон архайдтыты рæстæджы инвалидтæ æмæ фæцæфуæвджытæн æххуысы фонды хистæр Плиты Мадинæ, горæт Цхинвалы администрацийы ахуыры хайы сæргълæууæг Сиукъаты Ольга, æмæ æндæр уазджытæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Виктор Бунин 2008 азы апрелы мæйы экспедицийы сконды кæй басаста цæгат полюс, цыран æрсагъта Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырыса. 2009 азы та басаста хуссар полюс æмæ уым дæр æрсагъта Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырыса.

Мадзал байгом кодта æмæ æрæмбырдуæвджытæн ацы нысаниуæгджын боны цытæн раарфæ кодта уагдоны директор Бедойты Элеонорæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны гимны зæлты бын ахуыргæнинæгтæ рахастой РХИ-йы Паддзахадон тырыса. Уый фæстæ ахуыр-хъо-мыладон куысты хайы сæргълæууæг Дзанайты Зæлинæ радзырдта, Хуссар Ирыстоны хъысмæты ацы нысаниуæгджын цауы – Хæдбардзинады акт расидынæн цы ахсджиаг нысаниуæг уыд æмæ ис, уый тыххæй. «Алы паддзахады историйы дæр ис сæйраг бон æмæ сæйраг паддзахадон бæргæгбон. Махæн, хуссарирыстойнаг ирæттæн уыцы бонтæй иу у 29 май. 29 азы размæ 1992 азы 29 майы ист æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны акт.Акт райстой нæ бæстæйы Уæлдæр Советы фыццаг æрсидты депутаттæ. Хæдбардзинады тыххæй акт  уыд тынг ахсджиаг къахдзæф барадон паддзахад саразыны фæндагыл цæугæйæ», – загъта уый. Документмæ гæсгæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны территори у æнæдихгæнгæ» æмæ дзы тых ис æрмæстдæр Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци æмæ закъæттæн. Акты бындурыл, зæгъ, ист æрцыдысты æп-пæт паддзахадон атрибуттæ, арæзт æрцыдысты Хуссар Ирыстоны хицауады æнæмæнгхъæуæг институттæ. Загъта, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг адæмы бынтон скуынæг кæнынæй бахызта Стыр Уæрæсе æмæ нæ абон дæр хъахъхъæны. Афтæ ма радзырдта 1992 азы Хуссар Ирыстоны уагъд кæй æрцыд референдум хæдбардзинад расидыны æмæ республикæйы Уæрæсемæ баиу кæныны тыххæй. Референдумы фæстиуæгæн республикæйы хæ-дбардзинад æмæ фидæны Уæрæсеимæ баиу кæныны æвварс рахæцыдысты æвзарджыты 99 процентæй фылдæр. Дзанайты Зæлинæ бакаст Акты текст дæр.

Кокойты Тарзан йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, «Советон Цæдис куы ныппырх, уæд Хуссар Ирыстон иунæгæй аззад фашистон Гуырдзыстонимæ. Æмæ хъуыд æвæстиатæй уынаффæтæ исын хуссарирыстойнаг адæм бахъахъхъæныны тыххæй. Хæдбардзинад расидыны акт куы истам, уæд нæ бирæтæ сессимæ æрбацыдысты постытæй. Æмæ тыхджын æхстыты бын скъуыддзаг æрцыд Ирыстоны фидæн».

Ныхасы рацыд Медойты Димитр. «1992 азы майы мæй ссис Республикæ Хуссар Ирыстоны къорд министрадты æмæ ведомствоты сырæзты мæй. 1992 азы 28-æм майы арæзт æрцыдысты цалдæр сæйраг ведомствойы, уыцы нымæцы Æддагон бастдзинæдты министрад (ныртæккæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад), Паддзахадон æдасдзинады комитет æмæ информаци æмæ мыхуыры министрад (ныртæккæ комитет). Ацы ведомствотæ саразыны тыххæй уынаффæ ист æрцыд 1992 азы Уæлдæр Советы сессийы. Уæд арæзт æрцыд республикæйы министрты фыццаг совет. Номхуындæй, ацы сессийы, 1992 азы 29-æм майы ист æрцыд республикæйæн хъысмæтскъуыддзагæнæн документ – Хæдбардзинад расидыны Акт», – загъта Медойы фырт.

6-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн ацы ахсджиаг бæрæгбоны цытæн. «Мах бузныг зæгъæм, мæнæ абон нæ фарсмæ цы хъайтартæ лæууынц, уыдонæн. Ахæм хъæбатырты фæрцы нæ къухы бафтыд, цæргæ-цæрæнбонты ирон адæм цæмæ бæллыдысты, уый – нæ хæдбардзинад. Уыцы æндыгъд рæстæджыты ирон фæсивæд нæ хъуыды кодтой сæ удтæ бахъахъхъæныныл, фæлæ удуæлдайæ тох кодтой гуырдзиаг тыхæйисджыты ныхмæ». Уый æрæмбырдуæвджытæм бахатыд, цæмæй иу уысм æмырæй алæугæйæ ссарой, дæргъвæтин азты дæргъы хæстон архайдтыты рæстæджы сæ Райгуырæн Ирыстоны сæрвæлтау чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ». Ахуыргæнинæгтæн загъта, зæгъгæ, мах рацыдыстæм уæззау фæлварæнтыл æмæ, зæгъ, ныр Ирыстоны рæсугъд фидæн сымахæй аразгæ у.

Плиты Мадинæ йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, «мах кастыстæм мæлæты цæстытæм. Ирон хъæбатыр лæппутæй бирæтæ уыдысты уæлтæрхæг, фæлæ мах райстам хæдбардзинад расидыны акты деклараци. Сывæллæттæ, хъахъхъæнут уæ сæрибардзинад, уымæн æмæ уый æгæр стыр аргъæй, – ирон лæппуты тугæй æлхæд æрцыд. Кад кæнут уæ Ирыстонæн, хистæртæн, уæ ахуыргæнджытæн, ныййарджытæн».

Виктор Бунины хуссарирыстойнаг адæмæн бафæндыд сабыр арвы бын цæрын. Рауагъдонтæн загъта иууыл хуыздæр фæндиæгтæ сæ дарддæры царды.

Къостайы æмдзæвгæ «Æнæ хай»-ыл фыст зарæджы зæлты бын  хистæркъласонтæ бакастысты Алайнаг кады кодекс ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, кæцыты бацæттæ кодта Дыгъуызты Лианæ. Бедойты Элеонорæ  ахуыргæнинæгтæн загъта, зæгъгæ, не ‘взонг республикæйы дæттæм уæ къухтæм. Уый фæстæ Кады грамотæтæй схорзæхджын кодта, хорз чи ахуыр кодта, уыцы ахуырдзауты, кæцытæн сæ нымæц  дзæвгар кæй уыд, уый нын уыд тынг æхсызгон. Уыдоны ‘хсæн уыд Кæсæбиты Майрæм дæр, кæцыйæн хорз æнтыстытæ ис спорты. Ацы скъолайы музы-кæйы ахуыргæнæг Козаты Маринæ та Кады грамотæйæ схорзæхджын кодта 7-æм  къласы ахуыргæнинаг Гуыбеты Викторияйы, кæцы активон хайад райсы куыд скъолайы, афтæ республикон æмвæзадыл уагъдцæуæг мадзæлт-ты дæр.

Кæронбæттæны ахуыргæнинæгтæ рахастой РХИ-йы Паддзахадон тырыса.

 

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.