Гаглойты Алан хайад райста Дзæуджыхъæуы Георгийы кафедралон аргъуаны церемонийы.

Георги Уæлахизхæссæджы номыл кафедралон аргъуаны цытджын аргъуыд сарæзта Мæскуыйаг æмæ æппæт Уæрæсейы патриарх Кирилл. Уæрæсейаг чырыстон аргъуаны сауджын Хуыцаумæ бакуывды литурги сæххæст кодта ногсаргъуыд аргъуаны.

Хуыцаумæ бакувыны церемонийы хайад райстой РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйло, УФ-йы Хицауады сæрдары хæдивæг Александр Новак, Цæгат-Кавказаг Федералон зылды Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвар Юрий Чайка, Уæрæсейы Либералон-демократон партийы минæвар, УФ-йы Паддзахадон Думæйы ЛДПР-ы фракцийы къухдариуæггæнæг, Паддзахадон Думæйы æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Леонид Слуцкий æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Дзæуæджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епископ Герасимæн лæвæрд æрцыд архиепископы сан.

Хуыцаумæ бакувыны фæстæ Дзæуæджыхъæуккаг æмæ Алайнаг архиепископ Герасим раарфæ кодта Патриарх Кириллæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, историйы ацы рагон чырыстон зæххыл Уæрæсейаг Чырыстон аргъуаны сауджын никуы сарæзта Хуыцаумæ бакувыны литурги. Архиепископ Герасим йæ бæрзонддзинадæн балæвар кодта Мады Майрæмы Мæздæджы иконæйы номхыгъд.

Уæрæсейаг аргъуаны хистæр раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн.

Ногаргъуыд аргъуанæн Сыгъдæгдæр Патриарх Кирилл балæвар кодта Мады Майрæмы фæлгонц «Умягчение злых сердец», сауджынтæн та — аргъуаны службæгæнджыты рауагъдтæ.

«Бузныг мæ фæнды зæгъын бынæттон хицауадæн аргъуаны царды сæ хайадист, Чырыстон аргъуаны цардæн хорз уавæртæ саразын, зындзинæдты ныхмæ фæлæууыны фæдыл куысты тыххæй, кæцытæ хатт сæвзæрынц, æндæр дин æмæ нацитæм чи хауы, ахæм адæм иумæ куы цæрынц, уæд. Хуыцау уын фылдæр тыхтæ æмæ куырыхондзинад радтæд Цæгат Кавказы цы адæм цæрынц, уыдон ’хсæн хорз ахастытæ дары-ны тыххæй», — загъта Патриарх Кирилл.

Уый фæстæ церемонийы хайадисджытæ æмæ Чырыстон аргъуаны сауджын бабæрæг кодтой 2004 азы террористтæ Беслæны цы 1-æм скъола бацахстой æмæ мемориалон уæлмæрд «Зæдты горæт»-ы.

Цытджын литурги — Аланийы аргъуыды 1100 азы цытæн

Гаглойты Алан ссардта Беслæны трагедийы фæмардуæвджыты рухс нæмттæ æмæ дидинджытæ сæвæрдта скъолайы спортзалы Кувæн дзуары раз.

Скъолайы спортзалы литурги сæххæст кодта Патриарх Кирилл. Уый скуывдта æппæт амæттæгты тыххæй.

Делегацийы уæнгтæ дидинджытæ сæвæрдтой мемориалон уæлмæрд «Зæдты горæты»-ы монумент «Хъыынцъымы бæлас»-ыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.