ФЕМБÆЛД КРЕМЛЫ

УФ-йы Президент Владимир Путинæн Кремлы баныхæстæ уыд Эстонийы президент Керсти Кальюлайдимæ. Баныхæстæ аххæссыдысты æртæ сахатмæ æввахс. Дыууæ бæстæйы ‘хсæн мидисджын контакттæ нал уыд 2008 азæй фæстæмæ. «Официалон адæймæгты, официалон органты, сыхæгты ‘хсæн контакттæ кæй нæй, уый нормалон уавæр нæу. Уый фæстиуæгæн ивгъуыд азты нæ бæстæты ‘хсæн товарты æрзылд æрхауд 50 проценты. Махæн ис иумиаг объективон интерестæ Балтийы денджызы регионы æдасдзинад æмæ экологийы фарстыты. Иумиагæй, фарстытæ бирæ сты», – загъта Путин. Йæ рады Эстонийы президент Керсти Кальюлайд Уæрæсемæ йæ фыццаг визиты рæстæджы загъта: «Æз ам кæй дæн, уый æвдисæн у Эстони цæттæ кæй у æмгуыстад æмæ диалогмæ», – загъта уый.

КЪУХТÆ ФЫСТ ÆРЦЫДЫСТЫ ХЪУСЫНГÆНИНАГЫЛ

Уæрæсе æмæ Таджикистаны президенттæ Владимир Путин æмæ Эмомали Рахмон къухтæ æрфыстой иумиаг хъусынгæнинагыл Мæскуымæ таджикаг лидеры визиты фæс-тиуджытæм гæсгæ. Афтæ ма къухтæ фыст æрцыдысты къорд дыууæварсон документтыл. Зæгъæм, Уæрæсейы Олимпион комитет æмæ Таджикистаны национ Олимпион комитет къухтæ æрфыстой æмгуыстады тыххæй меморандумыл, æмæ зонæдты Уæрæсейы æмæ Таджикистаны академитæ  та къухтæ æрфыстой зонадон æмархайды тыххæй сразыдзинадыл. Афтæ ма визиты хатдзæгтæм гæсгæ къухтæ æрфыстæуыд наркотиктæ æмæ психотропон буарадтæ æнæзакъонæй зилыны ныхмæ архайды фадыджы æхсæнведомствойон сразыдзинадыл 2021 азы онг.

ФÆКАРЗДÆР КОДТА УГОЛОВОН ÆФХÆРД

УФ-йы Паддзахадон Думæ райста закъон, кæцымæ гæсгæ  бæрндзинад фæтыхджындæр уыдзæн фæндагон-транспортон цауы рæстæджы шофыртæй цауы бынатæй чи алидза, уыдонмæ ахасты. Аварийы фæмардуæвджытæ куы уа, уæд чи бамбæхса, уыцы шофыр æфхæрд баййафдзæн дыууæ азæй авд азы онг ахæстоны фæбадынæй, æмæ кæд аварийы рæстæджы фæмард уа дыууæ кæнæ фылдæр адæймаджы, уæд та цыппар азæй фараст азы онг.

НОГÆЙ ÆВЗÆРСТ ÆРЦЫД

УФ-йы Федерацийы советы Сæрдар Валентина Матвиенко ногæй æвзæрст æрцыд Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады æхсæнпарламентон ассамблеяйы советы сæрдарæй.

ДЗУАППОН САНКЦИТÆ

УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведев йæ къух æрфыста уынаффæйыл, кæцымæ гæсгæ Уæрæсе æххæстæй æруромдзæн Украинæмæ нефть æмæ æвзалы æрвитын. Афтæ ма уынаффæмæ гæсгæ уæрæхдæр кæны, Украинæйæ Уæрæсемæ цы товартæн нæй ласыны бар, уыдоны номхыгъд. Премьеры ныхæстæм гæсгæ, уынаффæ ист æрцыд дзуаппæн Киевы санкцитæн.

ДУНЕОН ЭКОНОМИКОН ФОРУМ

Ялтайы 17-20 апрелы уагъдцæуæг дунеон экономикон форумы хайадисджыты нымæц фондз азмæ фæфылдæр аст хатты – 600 хайадисæгæй 4,5 мин хайадисæджы онг. «Фондз азы размæ ист æрцыд уынаффæ, зæгъгæ, ам уагъд цæудзæн дунеон форум.

СÆ ХЪУС ДАРЫНЦ НАТО-йы НАУТÆМ

Балтийы флот йæ хъус дары Уæрæсейы арæнтæм æрбацæуæг НАТО-йы наутæм. Фæсарæйнаг науты къорд æрбацыд Балтийы денджызы акваторимæ, кæцыйы сконды сты АИШ-ы æфсæддон денджызон тыхты хæстон эсминец, Польшæ, Турк æмæ Испаны æфсæддон денджызон тыхты фрегаттæ. Ницахæм æнæштатон уавæр нæ сæвзæрд,      уæрæсейаг наутæ хæссынц хæстон радгæсад æмæ оперативонæй доклад кæнынц НАТО-йы науты маневрты тыххæй. Уæрæсейаг цæстдарæн къорды архайынц денджызы авиацийы хæдтæхджытæ, науты цæвгæ къорд, радгæсад хæссынц донбылгæрон ракетон комплекстæ «Бастион» æмæ «Бал».

ÆРСИДТ ИУГОНД ШТАТТÆМ

Уæрæсе фæндвидарæй æрсидт Иугонд Штаттæм, цæмæй «нæ» зæгъой Венесуэлæмæ ахасты тыхон плæнттæн. «Венесуэлæйы социалон-эономикон æмæ гуманитарон уавæры вазыгджындзинадмæ нæ кæсгæйæ, ацы бæстæ тæссагдзинад нæ хæссы дунеон стабилондзинад æмæ æдасдзинадæн. Афтæ зæгъæн нæй закъонон хицауады ныхмæ ультиматумты æмæ суверенон паддзахады ныхмæ æндæр бæстæтæ тыхæй спайда кæнынмæ кæй хъавынц, уый фæдыл æргомæй кæй хъусын кæнынц, уый тыххæй», – фехъусын кодта УФ-йы фæсарæйнаг хъуыд-дæгты министрады официалон минæвар Мария Захарова брифинджы рæстæджы.

НОГ САНКЦИТÆ

Иугонд Штаттæ ног санкцитæ бакодтой Кубæ, Венесуэлæ æмæ Никарагуайы ныхмæ. Сæрмагондæй, санкцитæ бакондæуыд Венесуэлæйы централон бангы æмæ Никарагуайы бангы ныхмæ. Уымæй дарддæр ма Венесуэлæйы фæдыл санкцион номхыгъдмæ бахаудтой дыууæ адæймаджы  Никарагуайы президенты фырт Ортега Мурилльо æмæ Венесуэлæйы Централон бангы сæргълæууæг Рузза Теран. АИШ ма санкцитæ бакодтой Кубæйы развæдсгарæн службæимæ баст фондз организацийы ныхмæ. Афтæ ма арæнтæ конд цæуынц Кубæмæ америкæйаг æхцайы фæрæзтæ ахынцыны тыххæй дæр.

САНКЦИТЫ СХУЫДТА АМОРАЛОН

Венесуэлæйы президент Николас Мадуро АИШ-ы санк-цитæ схуыдта «бынтон аморалон». Венесуэлæйы централон бангы ныхмæ бакæнгæ санкцитæ здæхт сты бæстæйы президентыл бандавынмæ.

НОГ ХÆЦÆНГАРЗЫ  ФÆЛВАРÆНТÆ

Цæгат Корея ауагъта хæцæнгарзы ног хуызы фæлварæнтæ. Бæстæйы Паддзахадон советы сæрдар æмæ Адæмон Республикæйы гарзджын тыхтыл сæйраг командæгæнæг Ким Чен Ын хайад райста ног хæцæнгарз фæлварыны, кæцыйы рæстæджы æххæст гуырахстæй бæрæг æрцыдысты ацы хæцæнгарзы бæрæггæнæнтæ. Уый уыд хæцæнгарзы фыццаг фæлварæн Ким Чен Ын æмæ Дональд Трампы дыккаг саммитæй фæстæмæ.

АМАРДТА ЙÆХИ                                                  

Перуйы экс-президент Алан Гарсияйы æрцахсыны тых-хæй полици рбацыд экс-президентмæ хæдзармæ. Гарсия бахатыд, цæмæй йын рæстæг радтаиккой адвокатмæ фæдзурыны тыххæй æмæ ацыд иннæ хатæнмæ. Уым Гарсияйы цæфæй ссардтой полицийæгтæ æмæ йæ баластой рынчындонмæ, фæлæ йын дохтырты бон ницыуал бацис бах-хуыс кæнын.

  Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.