ШОС-ы САММИТ

Бишкекы уагъд æрцыд ШОС-ы бæстæты – Инди, Казахстан, Хъыргъызтан, Китай, Пакистан, Уæрæсе, Таджикистан æмæ Узбекистаны лидерты саммит. Фембæлды хайад райста УФ-йы Президент Владимир Путин. Саммиты хайадисджытæ уынаффæ кодтой дунеон ахсджиаг фарстытыл æмæ ШОС-ы фæлгæтты æмархайд фæарфдæр кæныны тыххæй. Уымæй дарддæр ма уыдон æруынаффæ кодтой Афганистан æмæ Сирийы уавæр æрбæстон кæныны тыххæй, ирайнаг ядерон программæйыл.

РАХАСТОЙ ЙЫН 13 АЗЫ АХÆСТОНЫ ФÆБАДЫНЫ ТÆРХОН

Мæскуыйы Пресненскийы тæрхондон УФ-йы мидхъуыддæгты министрады булкъон Дмитри Захарченкойæн рахаста 13 азы карз режимы ахæстоны фæбадыны тæрхон гæртæмттæ райсыны тыххæй. Захарченко рæстæгмæ æххæст кодта мидхъуыддæгты министрады коррупцийы ныхмæ управленийы хистæры хæстæ. Уый урæд æрцыд 2016 азы. Уæд ын йæ æввахс хионы фатеры ссардæуыд 8 миллиард сомы. Фæдагуырды версимæ гæсгæ, 2014 азы Захарченко æмæ Æдасдзинады федералон службæйы раздæры кусæг Дмитрий Сенин райстой гæртам 800000 доллары.

ЦÆТТÆ СТЫ ИДЛИБÆЙ АЦÆУЫНМÆ

Сирийы деэскалацийы Идлибы зонæйæ ацæуынмæ цæттæ сты 80 мин адæймаджы. Уыдонæн æндæр æмæ æндæр провинциты бацæттæ кодтой рæстæгмæ цæрæн бынæттæ. Идлибы зонæйæ адæмы ракæныны тыххæй баконд æрцыд уæлæмхас уадзæн пункт «Суран», кæцы кусы штатон режимы. Суткæйы дæргъы ацы пунктыл ацæуынц мин адæймаджы онг.

ЗДÆХЫНЦ СИРИМÆ

Ливан æмæ Иорданийы арæнтыл Сиримæ æрбаздæхтысты 256 мин лигъдоны. Ацы бæстæты къухдариуæгадимæ сириаг къухдариуæгады иумиаг куыстæн ис æвæрццаг фæстиуджытæ бæстæмæ æмбæстæгты æр-баздæхыны хъуыддаджы.Фæстаг рæстæджы Сиримæ чи здæхы, уыцы лигъдæтты нымæц бæрæг фæфылдæр. Æрвылбон дæр æрбаздæхынц дыууæ мин лигъдоны бæрц.

УРÆД ÆРЦЫД

Республикæ Комийы раздæры сæргълæууæг Вячеслав Гайзерæн рахастæуыд 11 азы карз режимы ахæстоны фæбадыны тæрхон. Афтæ ма уый хъуамæ бафида ивар 160 милуан сомы. Уымæй дарддæр ма ацы уголовон хъуыддаджы 13 фигуранты Мæскуыйы тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ, райстой 11 азы ахæстоны фæбадынæй 3 азы онг сæрибардзинад байсыны тæрхон дзырдæй коррупцийы тыххæй. Вячеслав Гайзер 2006 азæй фæстæмæ уыд организацигонд фыдракæндон къорды лидер, кæцыйы сконды уыдысты регионалон администрацийы бæрзонд бынæтты кусæг чиновниктæ. Уæрæсейы Фæдагурæн комитеты информацимæ гæсгæ, уыдон паддзахадæй адавтой æртæ миллиардæй фылдæр. Гайзеры кабинеты ссардæуыд æхцатимæ сейф, иу милуан доллары аргъ сахатты коллекци æмæ хæдтæхджытæ самал кæныны тыххæй проекттæ.

ФÆНДОН БАХАСТОЙ ГАЗ БАЛХÆНЫНЫ ТЫХХÆЙ

Украинæйы президент Владимир Зеленскийы минæвар Хицауады Андрей Герус фæндон бахаста Уæрæсейæ газ балхæныны ног амал сæрмагонд компанийы руаджы, кæцыйæн йæ бон суыдзæн «Газпром»-имæ сразыдзинад саразын.

ЦÆТТÆ У ПРОЕКТМÆ ÆРБАИУ УÆВЫНМÆ

Словаки цæттæ у газуадзæн «Северный поток-2»-йы проекты иу хай суæвынмæ, кæцыйы Уæрæсе реализаци кæны Герман æмæ фæсарæйнаг æндæр партнертæн. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы премьер-министр Петер Пеллегрини. Проекты сæйраг ныхмæлæуджытæ сты АИШ æмæ Украинæ. Вашингтон Уæрæсейы уыны куыд комкоммæ конкурент, кæцы гæнæн ис æмæ бахъыгдара америкæйаг компаниты европæйаг базармæ рахизынæн йе ‘лхъывд æрдзон газимæ. Украинæ та тæрсы, уæрæсейаг газы стабилон æфтиæгтæй куы фæцух уа, уымæй.

БАРТХЪИРÆН СÆМ КОДТА НОГ САНКЦИТÆЙ

АИШ-ы президент Дональд Трамп бартхъирæн кодта Китаймæ ног санкцитæй, кæд æмæ Китайы лидер Си Цзиньпин «большая двадцатка»-йы саммитмæ не ‘рцæуа, уæд, кæцы уыдзæн 28-29 июны. Трампы ныхæстæм гæсгæ, Китайы бахъæудзæн АИШ-имæ базарадон сразыдзинад саразын. Китайæ, зæгъ, цæуынц компанитæ, уыцы нымæцы америкæйаг компанитæ дæр æндæр бæстæтæм, уымæн æмæ, зæгъ,  сæ нæ фæнды фиддонтæ фидын.

СÆ ХЪУС ДАРЫНЦ АХУЫРТÆМ

УФ-йы æфсæддон гарзджын тыхтæ сæ хъус дарынц НАТО-йы æфсæддон ахуыртæм,  кæцытæ райдыдтой Балтийы денджызы. Ахуырты хайад исынц НАТО-йы 16 бæстæйы, афтæ ма Финлянди æмæ Швецийы наутæ æмæ авиацион техникæ. НАТО-йы уæнгтæ-бæстæтæ ацы сæрд сорганизаци кæндзысты алыгъуызон ахуыртæ, кæцытæн сæ нымæц уыдзæн 20 бæрц.

УРÆД ÆРЦЫДЫСТЫ

Хъырымы урæд æрцыдысты террористон организаци «Хизб ут-Тахрир»-ы  æртæ организаторы æмæ фондз фарсхæцæджы. Уголовон хъуыддæгтæ равзарыны фæлгæтты баджигул кодтой Алушта, Белогорскы æмæ Симферополы районы, цыран цæрынц уыдон. УФ-йы Æдасдзинады советы секретарь Николай Патрушев майы мæйы фехъусын кодта, зæгъгæ, Хъырымы сбæрæгчындæуыд «Хизб ут-Тахрир»-ы æртæ къорды. Марты мæйы урæд æрцыдысты 23 адæймаджы.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.