Йæ амонд фæллойы чи уыны, куыстмæ æнæзивæг, æвзыгъд чи у, цардрæсугъдгæнджытæ раст ахæм адæймæгтæ вæййынц. Фæзындис нæм хъæуты, амалхъом адæймæгтæ кæй хонынц, ахæмтæ. Уыдон æфсæнттæ нæ агурынц, стæй иудадзыг дæр паддзахадмæ не ‘нхъæлмæ кæсынц фæрæзтæ сын рахицæн кæнынмæ, фæлæ сæ фадæттæ куыд амонынц, афтæ цæрыны фæрæзтæ агурынц. Ахæмтæм хъус æрдарынц республикæйы разамынад дæр æмæ балæууынц се ‘нцой. Уыцы адæймæгтæй сæ иу у Цхинвалы районы Елтъурайы цæрæг Сиукъаты Роберт. Роберт æндæртау нæ равзæрста горæттаг цард, кæд ын уыцы фадат дæр уыд, уæддæр. Иугæр нæ бæстæмæ æнцойдзинад куы ‘рцыд, фадат куы фæцис сабыр цард аразынæн, фæллой скæнынæн, уæд фæстæмæ аздæхт йæ хъæумæ, сфæнд кодта фос скæнын, цæмæй дара йæ бинонты æмæ адæмæн дæр пайда хæсса.

Райдианы цыфæнды хъуыддаг дæр зын вæййы. Æнцон нæ уыд Сиукъаты Робертæн дæр, фæлæ фæндвидар, куыстуарзаг нæлгоймаг нæ фæтыхст. Адæймаджы та цы фæнда æмæ цы нæ сараздзæн. Кæд йæ ныййарджытæ уым цардысты, уæддæр сфæнд кодта йæхи хицæнæй бафæлварын. Балхæдта уал 10 роды æмæ уымæй бындур æрæвæрдта йæ хъуыддаджы райдайынæн. Фæстæдæр балхæдта хъуццытæ дæр. Уыдоны æхсæн – алыхуызон мыггаджы хъуццытæ. Роберты хъуыдымæ гæсгæ, иууыл хуыздæр рауадысты шведаг хъуццыты мыггаг. Уымæй дарддæр ма йæм ис «Коштинофриз», «Шаралей», «Лимузин», «Черно-пестрый» æмæ æндæр мыггаджы хъуццытæ дæр.

Æнцон нæу фос дарын, бирæ фыдæбон, фезмæлд домы. Бирæ зындзинæдтыл æмбæлд Роберт дæр, фæлæ быхста. Уыцы куыст ын æнæзонгæ нæ уыд. Йæ ныййарджытæ йæ хæрзчысылæй фæцахуыр кодтой.

Роберт ныр бындуронæй æрæвнæлдта фосдард райтынг кæнынмæ, алы уавæртæ сын аразынмæ. Сарæзта скъæт, хорз холлагдон. Æппæт уыдæттæ Роберт арæзта йæхи тыхтæй. Уæдмæ уый æххуыс никуы ракуырдта Хицауадæй. Стæй уый фæстæ бавдыста æрмæстдæр йæ бизнес-план. Йæ бæллицц ссис æхсыры чысыл завод саразын. Æмæ уыцы æнтыст йæ къухты æфтгæ дæр бакодта, радтой йын бангæй кредит.

Робертæн йæ цардæмбалимæ сæ хъуыддагмæ бавнæлдтой æнæгуырысхойæ. Балхæдта ноджыдæр фос æмæ йын баисты 72-йы бæрц. Уыдонæй дуцгæ хъуццытæ уыдис 28 бæрц, родтæ  20, иннæтæй иутæ уыдысты дыгæрдгуытæ, иннæтæ та хуыскъæгтæ. Цы ‘хсыр-иу æрдыгътой, уый бынаты цыд пастеризацигонд. Уый тыххæй балхæдтой сæрмагонд аппаратурæ æмæ æхсыры лæвæрдтой 16-æм сабидонмæ. Сывæллæттæ натуралон æхсыр æнæ консерванттæй кæй нуæзтой, уымæй Роберт йæхæдæг дæр иста æхцондзинад. «Уадз æмæ рæзой нæ сабитæ æнæнизæй, кæннод æндæр рæттæй æрласгæ урсаджы продукттæ, чи йæ зоны, æмæ цæмæй конд вæййынц æмæ куыд æндавынц нæ сабиты æнæниздзинадыл æвзæрырдæм», – загъта уый.

Æхсырыæрдыгъд куы фæфылдæр, уæд Роберт æмæ йе ‘мкъай уадзын райдыдтой къæпы æмæ нæлхæ дæр. Лæвæрдтой йæ нæ горæты дуканитæм. Фæлæ-иу дзы кæй фæндыд балхæнын, уыдонæй-иу дзы алкæйы нæ фæцис, нæ фаг кодта. Уыцы хъуыддаг æнцой нæ уагъта Роберты, уæдмæ бафыста йæ хæс бангæн æмæ сфæнд кодта ногæй кредит райсын. Ацы хъуыддаджы ногæй йе ‘нцой балæууыд Национ банджы сæрдар Зассеты Феликс. Радта йын ногæй кредит æмæ дзы Сиукъайы фырт ноджыдæр балхæдта фос. Ныр ын баисты 90 сæры æмæ йæ цинæн кæрон нæй. «Ныр фæфылдæр уыдзæн нæ рауадзгæ продукци æмæ дзы фылдæр адæм хайджын уыдзысты нæ горæты цæрджытæй», – загъта Роберт.

Рагæй фæндыд Роберты йæхи дукани æрбакæнын дæр, цæмæй йæ рауадзгæ продукци къухæй-къухмæ уæй ма цæуа, фæлæ йæ фæлхасгæнæг æлхæна иу бынаты. Уымæ гæсгæ Чысыл базары уый бакодта йæхи дукани дæр. Ныр ын фадат ис канд йе ‘хсыры продукттæ нæ, фæлæ ма фыдызгъæл уæй кæнынæн дæр.

Сæххæст йæ бæллицц Сиукъайы фыртæн. Уый йын ноджыдæр йæ тыхыл тых бафтыдта. «Æнæфыдæбонæй ницы ис æмæ мæ архайд ноджыдæр фæтынгдæр кæндзынæн, ноджыдæр фылдæрæй-фылдæр кæндзынæн мæ фосы рæгъау. «Фæлæ уæддæр адæм кæрæдзи фæрцы сты. Æвæццæгæн, мæ хъуыддаг афтæ рæвдз нæ рауадаид Национ банджы сæрдар Зассеты Феликс ме ‘нцой куы нæ балæууыдаид, уæд», – æхсызгонæй йæ ныхасмæ бафтыдта Сиукъайы фырт.

Раст зæгъы, цы ма уа уымæй хæрзиуæгондæр хъуыддаг, дæ фарсмæ  балæууæг куы уа, куыстыл æй баифтонг кæныныл чи архайа, ахæм. Æмæ куыд бæрæг у, афтæмæй Зассейы фыртæн ахæм цæстуарзон архайд фыццаг нæу. Уый бирæтæн баххуыс кодта, цæмæй цы хъуыддаджы архайынц, уым сын æнтыст уа.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.