Æрмæст сыл цæст куы ахæссай, æрвылбон дæр хъæууон фæллойгæнæг цас фыдæбон кæны, ууыл, уæд дисы бахаудзынæ. Уый уымæн, æмæ уый бæрц куыстытыл куыд æххæссы, куыд сыл фæтых вæййы. Фæлæ хæдзардзин æмæ куыстуарзаг адæймагæн алцы дæр развæлгъау хъуыдыгонд вæййы, иу кæнæ иннæ куыст цы рæстæджы сæххæст кæндзæн, цы бон æм бавналдзæн, уый фæзоны. Уыдæттæ куынæ хынца, уæд та æнхъæлмæ кæсæн нæй зæрдæйы фæндиаг тыллæг æркæнынмæ.

Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрæг, ме ‘мхъæуккаг хæдзардзин зæхкусæг Мæлдзыгаты Маиры æрвылбонон фыдæбон хорз зонын æмæ мæ бафæндыд уый тыххæй радзурын. Хъæуæй дыууæ километры дарддæр ис, йæ ног хæдзарад  кæм æрбынат кодта, уый. Хæсты фæстæ сфæнд кодта, цæмæй ма куса уæлæмхас зæххы фадыг. Сфæнд кодта æмæ разынд йæ ныхасы хицау, ныр дзы 6 азы намысджынæй фæллой кæны. Уыцы зæххы фадыг афтæ æнцонкусæн нæ уыд, уымæн æмæ къорд азты дæргъы уыд зæрæстон. Æгуыстæй та къутæр æмæ хæмпæл кæны. Фæлæ куыстуарзаг зæхкусæг нæ фæтарст зындзинæдтæй æмæ йæ æркодта фæткмæ. Ныр дзы æрмæстдæр хъуыд кусын æмæ зæр-дæйы фæндиаг фæллой кæнын.

Араст дæн уæзæгæвæрд зæхкусæджы куыстытæ фенынмæ. Маир уалдзæджы рæстæгыл, агротехникон  домæнтæм гæсгæ байтыдта нартхоры  культурæ дыууæ хуызы  0, 4 га.  Донхæры дон æм дæрддзæф уыд, фæлæ йæ рауагъта. Æвзартæ бонæй бонмæ рæзтысты æмæ сæ уындæй зæрдæ рухс кодта. Хуым нæ ныууагъта дон цух дæр æмæ уыцы куыст та бакодта дыууæ хатты. Зæрдæйы фæндиаг куыст та кæддæриддæр радты хорз тыллæг æмæ дзы æрзайын кодта дыууæ тоннæйы. Уымæй дарддæр ма хорз тыллæг райста йæ хъæдуры хуы-мæй дæр æмæ уый дæр бафснайдта. Ис ма дзы, хъилтыл чи зайы, ахæм хъæдуры мыггаг дæр, уæй дæр дзы дзæвгар акодта, фæлæ йын уыцы тыллæгæй нырма бабæстон кæнинаг дæр дзæвгар ис.

Къаддæр нæу сæ фæзуат æмæ сæ тыллæгæрзад цæхæрадоны халсæрттæн дæр. Пъамидор, джитъри, цывзы, неси, нас, харбыз æмæ æндæрты тыллæг у бæркадджын. Хъæздыг тыллæг æрзайын кодта пъамидорæй, рæстæгæй рæстæгмæ горæты хицæн æмбæстæгтæн среализаци кодта 400 кг, джитърийы тыллæг та ноджы фылдæр рауад. Фæлæ ууыл нæ фæци йæ зæххы тыллæгæрзад – нырма дæр дæттынц тыллæг.

Хъусдард здахы æрыскъæфы куыстмæ дæр. Уый йедтæмæ ма ныссагъта сæнæфсиры талатæ, зилы сæм хорз, нæ сæ уадзы донцух дæр æмæ æввахс рæстæджы сæ тыллæгæрзадæй рухс кæндзæн йæхи æмæ фæлхасгæнджыты зæрдæ дæр.

Мæлдзыгайы фырт тауы æф-сирон культурæтæ дæр. Зæгъæм, ацы аз ын тыд уыд 4 гектары хъæбæрхор æмæ дзы тыллæг та райста 8 тоннæйы. Раппæлыд «Агросервис»-ы механизатортæ Гаглойты Алик, Мæлдзыгаты Алан æмæ æндæртæй, хуым кæнын-тауыны куысты йын æнæзæрдæхудт фæллой кæй бакодтой, уый тыххæй.

Хосгæрдæн цæнгты тых домы, æдзух уæнгтæ змæлгæ хъуамæ кæной. Бирæ хид рауадзын хъуыд Мæлдзыгайы фырты дæр хосгæр-дæны, уымæн æмæ æрмæст æрдзон кæрдæг цы фæзуатыл æркарста, уым холладжы тыхтæттæ райста 470 иуæджы, 200 иуæджы та бафснайдта хоры культурæйы хуымæй. Ивгъуыд аз цы кæрдæг æркарста, уым та йæ тыллæг уыд 800 иуæджы. Уый æппæт холлаг æй цæмæн хъæуы, куы зæгъат, уæд ма дары фос дæр. Ис æм цыппар дуцгæ хъуджы, иу уæныг æмæ 12 фысы, ноджы иу дзæргъ æмæ 10 хъыбылы. Маирæн ацы куыстыты аххуыс кæны йе ‘мкъай Мзия дæр, фæлæ уæддæр куыстыты фылдæр хай сты йе уæхсчытыл. Йæхæдæг сæрыстырæй фæдзуры, кæй уарзы хъæууон адæймаджы цард, зæххы куыст æмæ дзы кæй исы æхцондзинад.

Ноджы фылдæр æнтыстытæм тырны Мæлдзыгаты Маир. Йæ зæрды ис, цæмæй йæ байтыдтыты фæзуæттæ алы культурæйæ дæр фæфылдæр кæна, сæ тыллæгæрзад та ноджы фылдæр уа. Бантысæд куыстуарзаг æмæ хъаруджын зæхкусæ-гæн æмæ йæ фæндтæ сæххæст уæнт!

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.