ФИДÆНЫ ХÆЦÆНГАРЗЫ ТЫХХÆЙ

УФ-йы Преиздент Владимир Путин бахæс кодта фидæны хæцæнгарз бакусыны тыххæй. Ныридæгæн радайдайут план кæнын хæцæнгарзы перспективон хуызæгты бакуыст, — æрсидт Владимир Путин Мæскуыйы цур Кубинкæйы паркы Æфсæддон-суæдæджерадон къамисы рабадты. Боны фæткы сæйраг фарст уыд хæцæнгæрзты радон перспективон паддзахадон программæ саразын. Путин банысан кодта, зæгъгæ, архайæг программæ реализаци кæнынмæ æрæвнæлдтой ацы аз. «Программæ сæххæст кæныны фæстиуæгæн æфсæдтæ хъуамæ райсой хæцæнгарзы ногдæр хуызæгтæ, кæцытæ тактикон-техникон характеристикæтæм гæсгæ уæлдæр лæууой фæсарæйнаг аналогтæй», — банысан кодта Путин. Дзырд цæуы, сæрмагондæй, «Сармат»-ыл, фæндзæм фæлтæры куынæггæнæг хæдтæхæг Су-57-ыл, хæстон платформæйы бæрзондхъахъхъæд танкыл, афтæ ма зенитон-ракетон комплекстæ С-500 æмæ 677 проекты донбындзугæнæг науыл

АЛЦЫ УÆРÆСЕЙЫ ÆФСОН КÆНЫН НÆ ХЪÆУЫ

Нобелы премийы лауреат Мейрид Магуайр æрсидт, цæмæй алцы Уæрæсейы æфсон ма кæной æмæ йæ мауал дæлдзиныг кæной. Ныгуылæйнаг дзыллон информацийы фæрæзтæ æппæт тыхтæй дæр фæлварынц Уæрæсейы дæлдзиныг кæныныл, фæлæ Ныгуылæн дарддæр дæр алцы Мæскуыйы æфсон куы кæна, уæд дуне февзæрдзæн катастрофæйы былыл, фыссы Магуайр. Дзыллон информацийы фæрæзтæ махæн дзурынц, зæгъгæ, мах хъуамæ тæрсæм Уæрæсейæ, æмæ, зæгъ, нæ уымæй æххæстæй бахъахъхъæндзæн нæ хицауад. Дзыллон информацийы ныртæккæйы фæрæзтæм æркæсгæйæ, махæн нæ зæрдыл æрлæууын кæнынц уазал хæсты рæстæджыты уацты тыххæй, зæгъгæ, уырыссæгтæ æрбацæудзысты æмæ мах æмбæхсдзыстæм къæбицы стъолты бын ядерон хæст адарддæр кæнынæй«, — фыссы йæ уацы Нобелы премийы лауреат. Йæ хъуыдымæ гæсгæ ацы пропагандæ кæны дунейы хæцæнгæрзты нымæц фæфылдæр кæнынмæ æмæ НАТО-йы рауæрæхдæр кæнынмæ, уыцы-иу рæстæджы хъуыддаг цæуы Æввахсхурскæсæйнаг æмæ Азийы егъау паддзахадтимæ конфронтацимæ.

ТАКТИКОН АХУЫРТÆ

Хуссар федералон зылды 45 мин æфсæддон службæгæнæджы архайдзысты 30 батальонон тактикон ахуырты, кæцытæ уагъд æрцæудзысты 31-æм октябры онг зылды 15 иумиаг æфсæддон полигонты. Ахуыртæ уагъд æрцæудзысты Волгограды æмæ Ростовы областты, Ставрополь æмæ Кубаны, Дагъыстаны, Цæгат Ирыстоны, Цæцæны, Хъырымы, афтæ ма Абхаз, Сомихстон æмæ Хуссар Ирыстоны æфсæддон базæты.

ПОСОБИ УЫДЗÆН 8 МИН СОМЫ

2019 азы 1-æм январæй Уæрæсейы æгуыстдзинады фæдыл максималон пособи уыдзæн 8 мин сомы. УФ-йы вице-премьер Татьяна Голикова бамбарын кодта, зæгъгæ, уыцы бонæй пособийы минималон бæрц сырæздзæн 1,5 мин сомы онг. Æмæ пенси ацæуыны азы агъоммæйы кары æмбæстæгтæн та (пенсимæ 5 азы кæй хъæуы, уыдонæн) пособийы максималон бæрц уыдзæн 11,28 мин сомы.

МАДЫ КАПИТАЛЫ ТЫХХÆЙ

Уæрæсейы Федерацийы министрты кабинеты куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ мады капитал фæфылдæр уыдзæн 489 мин сомы онг. Социалон политикæйы фæдыл УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Татьяна Голиковайы ныхæстæм гæсгæ, мады капитал фæфылдæр уыдзæн дыууæ этапæй. 2019 азы баззайдзæн 453 мин сомæй, 2020 азы фæфылдæр уыдзæн 470 мин сомы онг, æмæ 2021 азы та суыдзæн 489 мин сомы. Æрæджы, УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутаттæ фыццаг бакасты райстой закъоны проект, кæцымæ гæсгæ мады капитал райсæн уыдзæн 15 бонмæ.

ЙÆ ЦАРДÆЙ АХИЦÆН

61 аздзыдæй йæ цардæй ахицæн Вьетнамы президент Чан Дай Куанг. Бæстæйы президенты хæстæ рæстæгмæ æххæст кæндзæн вице-президент Данг Тхи Нгок Тхинь. 58 аздзыд политик ссис фыццаг сылгоймаг, кæцы слæууыд Вьетнамы сæргъ. Уый паддзахады сæргълæууæджы хæстæ æххæст кæндзæн цалынмæ Национ Ассамблея официалонæй ног президент нæ сæвзара, уæдмæ.

БАКОДТОЙ НОГ ФИДДОНТÆ

АИШ æмæ Китай кæрæдзийыл бакодтой ног фиддонтæ. Ног, 10 процентон фиддонтæ 200 миллиард доллары аргъ Китайы товартыл архайын райдыдтой 24 сентябрæй. Уыцы-иу рæстæджы америкæйаг товартыл фиддонтæ бакодта Китай дæр, кæцыты аргъ у 60 миллиард доллары. АИШ-ы президент Дональд Трамп бафæдзæхста Китайы, зæгъгæ, кæд уыдон фиддонты ныхмæ исты мадзæлттæ райсой, уæд АИШ китайаг товартыл 2019 азы 1-æм январæй фиддонтæ фæфылдæр кæндзæн 25 проценты онг, ома, 500 миллиард доллары аргъ.

НАЛ У ВЕРОНЫ КАДДЖЫН ÆМБÆСТАГ

Украинæйы президент Петр Порошенко нал уыдзæн Италийы горæт Веронайы кадджын æмбæстаг. Ахæм уынаффæ райста коммуналон совет фылдæр хъæлæстæй. Кадджын æмбæстаджы ном украинæйаг лидер райста 2016 азы, уæд горæты раздæры хицауады хъуыдымæ гæсгæ, уый баххуыс кодта Веронамæ Кастельвеккьойы музейы ныв раздахынæн. Фæлæ дыууæ азы фæстæ, хицауадмæ парти «Лига»-йы минæвæрттæ куы æрбацыдысты, уæд Порошенкойæн æнæ бындурæй ратгæ горæты кадджын ном фæстæмæ раздæхтой. Уыимæ ныв раздахыны Порошенкойæн ницы нысаниуæг уыд, сæйраг куыст бакодтой барадхъахъхъæнæг органтæ.

ЦЪЫФЫ ВУЛКАН

Азербайджаны сабухта цъыфы вулкан, йæ бæрзæнд уыд 200-300 метры. 23-æм сентябры æрцыд вулканы дыууæ скалды. Уырдæм æввахс территорийыл зæхх аскъуыд 40 метры арфæнæн. Вулкан Отман-Боздаг ис Апшероны æрдæгсакъадахы азербайджайнаг столицæ Бакуйы хуссар-ныгуылæн хайæ 35 километры дæрддзæгæн. Дунейы йæ асмæ гæсгæ дыккаг вулкан 50 азы фæстæ фæстаг хатт скалд ивгъуыд аз февралы мæйы.

ТЕРАКТ

Ираны горæт Ахвазы арæзт æрцыд теракт парады рæстæджы, кæцы уагъд цыд, 1980 азты Иракимæ хæсты чи фæмард, уыдоны мысынæн. Иу рæстæджы парады хайадисджыты раз фæзындысты цыппар нæлгоймаджы, кæцытæ сæ райдыдтой æхсын. Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, атакæйы амæттæгтæ систы 25 адæймаджы. Бæстæйы расидт æрцыд фыдох. Ираны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ фæсидтысты Нидерландты, Дани æмæ Британийы минæвæрттæм. Ацы бæстæты аххосджын кæнынц ирайнаг оппозиционерты фарсхæцынадæй.

ФÆДÆЛДОН ПАРОМ

Танзаны Викорияйы цады паром кæй фæдæлдон, уый фæстиуæгæн фæмард сты 209 адæймаджы. Ир-вæзынгæнæн операцийы рæстæджы сæрæгасæй ссардæуыд иу адæймаджы. Паромыл уыд 400 адæймаджы. Æнамонд цауы аххосаг у, æгæр бирæ адæм ыл кæй уыд, уый.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.