ÆНÆФОРМАЛОН ФЕМБÆЛД

Уæрæсейы Президент Владимир Путинæн туркмейнаг областы горæт Сарыагашы æнæформалон уавæры баныхæстæ уыд Казахстан æмæ Узбекистаны сæргълæу-джытæ Нурсултан Назарбаев æмæ Шавкат Миреевимæ. Фембæлды рæстæджы паддзахадты сæргълæуджытæ æруынаффæ кодтой бæстæты ‘хсæн æмгуыстады, уыцы нымæцы базарадон-экономикон æмæ культурон-гуманитарон фадгуыты актуалон фарстытыл. Уымæй дарддæр ма ныхас кодтой Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады æмæ æндæр дунеон организациты фæлгæтты Республикæ Казахстан, Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Узбекистаны æмархайды фарстытыл. Путин Казахастанмæ бацыд Узбекистанмæ йæ балцы фæстæ, цыран уый размæ къухтæ фыст æрцыдысты республикæйы фыццаг атомон электростанц саразыны тыххæй сразыдзинадыл.

 

ФЕХЪУСЫН КОДТА БАДЗЫРДÆЙ РАХИЗЫНЫ ТЫХХÆЙ

АИШ-ы президент Дональд Трамп фехъусын кодта, зæгъгæ, Иугонд Штаттæ рахиздзысты астæуккаг æмæ къаддæр дæрд-дзæджы ракетæты тыххæй бадзырдæй, фæлæ уыимæ, гæнæн ис, ахæм сразыдзинад ног уавæрты саразой Уæрæсе æмæ Китаимæ.  РИА Новости куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ, америкæйаг президент ахæм уынаффæйы райсты аххосаг схуыдта, партнертæ бадзырд кæй халыныц, уый. УФ-йы Президент Владимир Путин Трампы хъусынгæнинаджы тыххæй загъта, зæгъгæ, кæд æмæ Иугонд Штаттæ рахизой бадзырдæй, уæд Уæрæсе дæр карзæй сдзуапп кæндзæн АИШ-ы ацы къахдзæфæн.

 

СИРИЙЫ ÆФСÆДДОН ОПЕРАЦИЙЫ ХАТДЗÆГТЫ ТЫХХÆЙ

 

Æртæ азмæ Сирийы Уæрæсейы операцийы рæстæджы пырх æрцыдысты «пысылмон паддзахады» террористон бандитон къордтæ, – фехъусын кодта УФ-йы Хъахъ-хъæнынады министр Сергей Шойгу Хуссар-Скæсæйнаг Азийы паддзахадты ассоциацийы (АСЕАН) æмæ диалогы фæдыл партнерты хъахъхъæнынады министрты фæндзæм рабадты ныхас кæнгæйæ. Æппæт уыцы рæстæджы куынæг æрцыдысты 87,5 мин боевикы, сæрибар æрцыдысты 1411 цæрæн пункты, уыцы нымæцы сæйраг горæттæ дæр, Сирийы территорийы 95 процентæй фылдæр. Ныртæккæ хицауадон тыхтæ контроль кæнынц уыцы территорийыл, цыран цæры бæстæйы цæрджыты 90 проценты, – загъта Шойгу. Йæ ныхæстæм гæсгæ, УФ-йы Уæлдæфон-космикон тыхтæ хæстон архайдтыты рæстæджы сæххæст кодтой 40 мин атахтæй фылдæр, уыдонæй 21 мин атахты æххæст æрцыдысты æхсæвыгон. Уый фæстиуæгæн  ныппырх кодтой 112 мин объекты. Уæрæсейаг сапертæ минæтæй асыгъдæг кодтой 6,5 мин гектары, 1,5 мин километры фæндæгтæ æмæ 19 мин бæстыхайы. Арæзт æрцыдысты æппæт уавæртæ Сирийы сæндидзын кæныны тыххæй, фæлæ, зæгъ, йæ реализацийæн хъæуы æрмæст Уæрæсейы архайдтытæ нæ, фæлæ дунеон æмæхсæнады уæнгты архайд дæр.

БАСАСТЫСТЫ ЖУРНАЛИСТЫ АМÆЛÆТЫЛ

Саудоваг Арави басаст Турчы йæ консулады территорийы саудоваг журналист Джамал Хашукджийы амæлæты фактыл. Уый тыххæй фехъусын кодта бæстæйы генералон прокурор Сауд аль-Муаджиба. Генпрокуроры ныхæстæм гæсгæ, журналисты амардтой, консулады цы адæмыл сæмбæлд, уыдонимæ йын конфликт кæй рауад, уый фæстиуæгæн. Урæд æрцыдысты Саудоваг Аравийы 18 æмбæстаджы. Дональд Трамп банысан кодта, зæгъгæ, гæнæн ис æмæ аххосджынты ныхмæ бакæной «тынг карз» санкцитæ, Вашингтон куы сбæрæг кæна «чи, куыд æмæ йæ цæмæн сарæзта» уый фæстæ. Уыцы иурæстæджы уавæр нæ бандавдзæн Саудоваг Аравиимæ америкæйаг хæцæн-гæрзтæ балхæныны тыххæй бирæмилуанон контракттыл.

КОЛЛЕГÆТЫ ФЕМБÆЛД

УФ-йы хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу Сингапуры фыццаг хатт фембæлд Пентагоны сæргълæууæг Джеймс Мэттисимæ. Уыдон ныхас кодтой цыбыр рæстæджы АСЕАН-ы хъахъхъæнынады министрты ра-бадты размæ. Мэттис мæсæллæйы ныхæстæ загъта Шойгуйæн Керчы æрцæугæ трагедийы сæраппонд. Пентагоны сæргълæууæг загъта, зæгъгæ, ахæм цаутæ æрцæуы Иугонд Штатты дæр æмæ америкæйæгтæн æмбæрстгонд сты уæрæсейæгты æнкъарæнтæ. Шойгу банысан кодта, зæгъгæ, ахæм цаутæ арæх æрцæуы æмæ хъæуы æппæт дæр саразын сæ аиуарс кæныны тыххæй. Уæрæсейаг министр ма фмæблд Китай, Инди æмæ æндæр бæстæты æфсæддон ведомствоты сæргълæуджытимæ.

ФЕМБÆЛД АСАДИМÆ

Уæрæсейаг делегаци, кæцыйы сконды уыдысты сирийаг бæстонкæнынады фæдыл УФ-йы президенты сæрмагонд минæвар Александр Лаврентьев, фæсарæйнаг хъуыд-дæгты министры хæдивæг Сергей Вершинин æмæ хъахъхъæнынады ведомствойы минæвæрттæ  Дамаскы фембæлдысты Сирийы президент Башар Асадимæ. Уыдон æруынаффæ кодтой Сирийы рæзты фарстыты комплексыл. Банысан кодтой террористон къордты кæронмæ скуынæг кæныны æнæмæнгхъæуындзинад.

 

ПРОТЕСТЫ АКЦИ

Стырбританийы сæйраг горæт Лондоны протестон демонстрацийы йæ организатортæ схуыдтой иууыл масштабондæр, цыран хайад райстой 700 мин адæймаджы. Акцийы хайадисджытæ бынæттон хицауадæй æрдомдтой Евроцæдисæй рахизыны тыххæй ноджы иу референдум ауадзын. Акцийы хайадисджыты ‘хсæн уыдысты бритайнаг парламенты цалдæр уæнджы, кæцытæ сты ног референдум ауадзыны æвварс. 2016 азы референдумы фæстуиджытæм гæсгæ, Лондоны цæрджытæ схъæлæс кодтой Евроцæдисæй Стырбританийы рахизыны ныхмæ. Фæлæ Британийы иннæ цæрæн районты бынæттон цæрджытæ рацыдысты Евроцæдисы уæнгады ныхмæ.

ЦАЛДÆР СРÆМЫГЪДЫ

Афганистаны парламентон æвзæрстыты боны цалдæр срæмыгъды амæттæгтæ систы 44 адæймаджы, алыгъуызон травмæтæ райстой 238 адæймаджы. Теракттæ арæзт æрцыдысты Кабулы æвзарæн фадыгмæ æввахс. Бæстæйы æмбæстæгтæ æвзарынц Афганистаны Национ ассамблеяйы Адæмон палатæйы уæнгты 32 провинцийы. Барадхъахъхъæнæг органтæ кусынц фæтыхджындæр хæстон цæттæдзинады, æв-зæрстытæ фехалыны фæдыл радикалон змæлд «Талибан»-ы æртхъирæнты тыххæй.

 

ФÆМАРД СТЫ 55 АДÆЙМАДЖЫ

Нигерийы Кадуны штаты  пысылмæттæ æмæ чырыстон диныл хæст адæмы ‘хсæн ныхмæлæудтыты фæстиугæнæн фæмард сты 55 адæймаджы. Быцæутæ райдыдтой 18-æм октябры. Ныхмæлæудтыты фæстиуæгæн хъыгдард баййæфтой къорд цæрæн æмæ базарадон бæстыхайы. Фыццаг хатт ныхмæлæудтытæ уыдысты февралы мæйы. Уæд та змæстыты амæттæгтæ систы дæс адæймаджы.

Информацион агентадты хъусын-гæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.