НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

Германы канцлер Ангела Меркель телефоны фæдзырдта Владимир Путинмæ Керчы æрцæугæ провокацийы тыххæй. Уыдон æруынаффæ кодтой сæвзæргæ уавæрыл. Уæрæсейы лидер æрдзырдта Украинæйы провокацион архайдтыты тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ноджы иу конфликтон уавæр саразыны тыххæй бæрндзинад хæссы Украинæйы къухдариуæгад. Афтæ ма дыууæ лидеры сæ катайдзинад равдыстой Украинæйы гарзджын тыхты æххæст хæстон цæттæдзинадмæ æркæныны æмæ бæстæйы æфсæддон уавæр бакæныны фæдыл Киевы уынаффæйы тыххæй. Владимир Путин загъта, зæгъгæ, йæ ныфс ис Берлин кæй бандавдзæн Украинæйы хицауадыл, цæмæй сæ бахизой æнæахъуыдыгонд къахдзæфтæ саразынæй.

УЫНАФФÆ КОДТОЙ ÆМГУЫСТАДЫ РÆЗТЫЛ

УФ-йы премьер-министр Дмитри Медведев Минскы хайад райста Евразийаг экономикон цæдисы рабадты. Уым ма хайад исынц Уæрæсе, Белорусси, Сомихстон, Хъыргъызтан æмæ Казахстаны минæвæрттæ. Дмитри Медведев рабадты раныхас кæнгæйæ, фехъусын кодта, зæгъгæ, Евразийаг экономикон цæдис хъуамæ лæууа дунейы базарады протекционизмы ныхмæ. Рабадты размæ йæ хайадисджытимæ фембæлд Белоруссийы президент Александр Лукашенко. Уый хъусдард аздæхта Евразийаг экономикон цæдисы бæстæты ‘хсæн базарадон ныхдуртæ аиуварс кæныны ахсджиагдзинадмæ.

КУСÆГОН БАЛЦ

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров кусæгон балцы уыд Францы. Уый Парижы фембæлд йæ французаг коллегæ Жан-Ива Ле Дрианимæ. «Ныхас кодтам, дунеон хъуыддæгты нæ ахастытæ куыд рæзынц, уый тыххæй. Банысан кодтам Украинæйы Скæсæны уавæр æрбæстон кæныны фæдыл минскаг сразыдзинæдты среализаци кæныны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй», – загъта Лавров.

УКРАИНÆЙАГ ÆРТÆ ÆФСÆДДОН НАУЫ СТЫ КЕРЧЫ

25-æм ноябры тæссаг маневртæ аразгæйæ, Хъырымы хиды бынты ахизынмæ цы украинæйаг æртæ æфсæддон науы хъавыдысты, уыдон ныртæккæ сты Сау денджызы Керчы порты. Наутæ официалон æгъдауæй урæд æрцыдысты, уагъд цæуынц фæдагурæн архайдтытæ. Керчы порты онг украинæйаг наутæ бацыдысты сæхи цыдæй уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ семæ æмдзу кодтой, афтæмæй. «Украинæйаг наутæн бар ис ацы донкъубалыл цæуынæн æмæ Азовы денджызы акваторийæ пайда кæнынæн, фæлæ уыдон хъуамæ хъахъхъæной Уæрæсейы Федерацийы сфидаргонд фæтк, кæцы зындгонд у украинæйаг фарсæн. Ацы цауы уыцы уагæвæрдтæй иу дæр нæ сæххæст кодта украинæйаг фарс», – банысан кодта дунеон хъуыддæгты фæдыл УФ-йы Федерацийы Советы комитеты сæрдар Константин Косачев. Уый размæ украинæйаг науты экипажтæ хъахъхъæдтой фæтк.

БАКОДТОЙ СÆ РÆСТÆГМÆДАРÆН ИЗОЛЯТОРЫ

Керчы инциденты тыххæй Украинæйы 24 денджызоныл баконд æрцыд уголовон хъуыддаг. Уыдоны аххосджын кæнынц æнæзакъонæй æндæр бæстæйы арæн фехалынæй. 27 ноябры рæстæгмæдарæн фæдагурæн изоляторы бакодтой 12 матросы æмæ мичманы, æртæ денджызоны та сты рынчындоны. Иумиагæй украинæйаг 24 денджызоны фæдагурæн изоляторы уыдзысты 2019 азы 25 январы онг. Уыдонæн тас у 6 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахæссынæй.

БАКОДТА ÆФСÆДДОН УАВÆР

Украинæйы президент Петр Поршенко йæ къух æрфыста барамындыл бæстæйы æфсæддон уавæр бакæныны тыххæй æмæ йæ барвыста Уæлдæр Радамæ. Кæд райдианы оппозицион депутаттæ нæ разы кодтой Порошенкойы барамындыл æмæ рабадт ахæссыд суанг изæрмæ, уæддæр фæстагмæ сразы сты. Æцæг, Порошенко куыд домдта, ома, 60 бонмæ афтæ нæ, фæлæ 30 бонмæ. Уымæй дæр æппæт Украинæйы территорийыл нæ, фæлæ 10 районы, кæцытæ сты Уæрæсе æмæ Приднестровьейы областы арæнмæ æввахс. Афтæ зыны цыма Порошенко фæхæрд, фæлæ иннæ ‘рдыгæй та уымæн ис 30 боны, цæмæй та æрхъуыды кæна цыдæр ног провокаци. Бæстæйы æфсæддон уавæр бакæнгæйæ, Уæлдæр Радайы депутаттæ райстой иумиаг сидт Ныгуылæнмæ, цæмæй сын фæфылдæр кæной æфсæддон æххуыс æмæ НАТО-йы науты рарвитой Сау денджызмæ. Афтæ ма æрдомдтой, цæмæй арæзт мауал æрцæуа «Северный поток-2», ома уый тæссагдзинад хæссы Европæйæн.

НÆ РАЙСТОЙ УÆРÆСЕЙАГ БОНЫ ФÆТК

ИНО-йы Æдасдзинады советы уæнгтæ нæ райстой Керчы донкъубалы фæдыл рабадты уæрæсейаг боны фæтк. ИНО-йы АИШ-ы æдзухон минæвар Никки Хейли фехъусын кодта, зæгъгæ, ИНО-йы АИШ æмæ йæ европæйаг æмцæдисонтæ катай кæнынц донкъубалы инциденты тыххæй æмæ хæцынц Киевы æвварс. Æдасдзинады советы цыппар уæнджы схъæлæс кодтой боны фæткы тыххæй, авдæй уыдысты йæ ныхмæ, цыппарæй та сæхиуыл фæхæцыдысты.

ÆРСИДТЫСТЫ ХИУЫЛХÆЦЫНАДМÆ

Евроцæдис æмæ НАТО сидынц Уæрæсе æмæ Украинæмæ Азовы денджызы хиуылхæцынадмæ æмæ уавæры деэскалацимæ. Евроцæдисы уæлдæр минæвар Федерика Могерини фехъусын кодта, зæгъгæ Азовы денджызы цаутæ æвдисынц дунеон æмгуыстады сæйраг уагæвæрдтæ æххæст  кæй нæ цæуынц, кæцы кæны æнæстабилондзинад æмæ æндыгъддзинады рæзтмæ.

САТАКÆ КОДТОЙ УÆРÆСЕЙЫ МИНÆВАРАДЫ

Киевы уæрæсейаг минæварады сатакæ кодтой радикалтæ. Уыдон бæстыхайыл æхстой фæздæггæнаг шашкæтæ æмæ файертæ. Уымæй дарддæр ма Киевы басыгътой автомобиль уæрæсейаг дипломатон номыртимæ. Развæлгъау информацимæ гæсгæ машинæйы басыгътой радикалтæ. Афтæ ма машинæйы цæлхытæ сыгъдысты Львовы Уæрæсейы генералон консулады бæстыхайы цур. Радикалтæ сæ архайдтытæ хонынц протест Керчы донкъубалы уавæры тыххæй.

РАЙСТОЙ  МАРСЫ  УÆЛЦЪАРЫ  ФЫЦЦАГ  НЫВ

Америкæйаг иртасæн аппарат NASA Мars InSight æнтыстджынæй æрбадт Марсыл. Уый ахуыр кæндзæн, планетæ куыд рæзт, уый. Аппарат æрæрвыста Марсы уæлцъары фыццаг ныв. Мars InSight космикон управленийæн слæууыд 993 милуан доллары. NASA-йы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, космикон зонд æрбадт Элизийы районы. Æввахс рæстæджы инженертæ бæрæг кæндзысты космикон науы уавæр. Аппарат тахт æхсæз мæйы 548 милуан километры дæрддзæгмæ. InSight Марсы уæлцъар арвитдзæн 24 мæйы, ома иу марсианаг аз.

АДАВДТОЙ 25 АДÆЙМАДЖЫ

Афганистаны цæгаты «Талибан»-ы змæлды боевиктæ адавдтой 25 адæймаджы, кæцытæ цыдысты Сарипулы провинцийæ горæт Мазари-Шарифмæ. Кæй адавдтой, уыцы адæймæгтæ кæм сты, уый бæрæг нæу. АИШ-ы президент Дональд Трамп ивгъуыд къуыри ской кодта, зæгъгæ, гæнæн ис ацæуа  визитимæ Афганистанмæ. Уый размæ «Тали-бан»-ы змæлд бафидар кодта, зæгъгæ, йæ уæнгтæ фембæлдысты АИШ-ы минæвæрттимæ Катары æмæ уынаффæ кодтой Афганистаны конфликт баныхæсты руаджы æрбæстон кæныны тыххæй.

СПЫРХ ХИМИКОН ЗАВОД

Китайы цæгаты горæт Чжанцзякоуы уæлдæфмæ стахт химикон завод. Куыстуаты æрцыд цалдæр срæмыгъды, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты 22 адæймаджы, 22 адæймаджы та алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой рынчындонмæ. Егъау зынгсирвæзты фæстиуæгæн басыгъдысты 50 автомобилы. Трагедийы бынаты уагъд цæуынц ирвæзын-гæнæн куыстытæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.