ПАДДЗАХАДОН ВИЗИТ

УФ-йы Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володин паддзахадон визитимæ æрцыд Вьетнаммæ. Фыццаг бон Володин дидинджытæ сæвæрдта Ханойы столицæйы сæйраг мемориалтыл: французаг колонизатортимæ тохы чи фæмард, уыцы хæстонты æмæ Хо Ши Мины цыртытыл. Спикер ма федта  Хо Ши Мины хæдзар æмæ гараж, цыран ныры онг дæр урæд сты советон автомобилтæ «Победа» æмæ «ЗиС», кæцытыл цыд вьетнаймаг ссæрибаргæнæн змæлды раздзог. Вьетнам ссис дард фæсарæнты фыццаг паддзахад, кæцы йæ къух æрфыста сæрибар базары тыххæй Евразийаг экономикон цæдисимæ.

НÆ РАЙСТА РЕЗОЛЮЦИЙЫ ПРОЕКТ

ИНО-йы Генералон Ассамблея схъæлæс кодта астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ сликвидаци кæныны  бадзырд бахъахъхъæныны тыххæй  Уæрæсейы резолюцийы проекты ныхмæ. Резолюцийы проекты æвварс рахæцыдысты 43 делегаты, 46 та схъæлæс кодтой йæ ныхмæ, æмæ 78 делегаты та сæхиуыл фæхæцыдысты. Хъæлæс кæныны размæ  ИНО-йы УФ-йы æдзухон минæвары хæдивæг Дмитрий Полянский Генералон Ассамблеяйы ныхас кæнгæйæ, фехъусын кодта, зæгъгæ, ацы бадзырды руаджы «дунеон æдасдзинад æмæ стабилондзинадмæ бахаст æрцыд ахъаззаг хайбавæрд» æмæ, зæгъ, хъахъхъæд куынæ æрцæуа, уæд ын уыдзæн серьезон фæстиуджытæ. Хъæлæс кæныны размæ Бадзырд бахъахъхъæныны æвварс раныхас кодтой Австри, Белоруси æмæ Китай. Йæ ныхмæ раныхас кодтой Иугонд Штаттæ, Польшæ æмæ Украинæ.

ФАДАТ РАТДЗЫСТЫ СРАЗЫДЗИНАД ФЕХАЛЫНÆН

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъусын кæны, зæгъгæ, ИНО-йы Генералон Ассамблея астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ сликвидаци кæныны тыххæй бадзырды резолюцийы проект кæй нæ райста, уый  Вашингтонæн фадат ратдзæн ацы сразыдзинад фехалынæн.  Æмæ афтæмæй уадзын райдайдзысты хæцæнгæрзтæ, кæнæ та конфронтацимæ баконд æрцæудзысты дунейы цалдæр регионы. Резолюцийы проект кæй нæ райстой, уымæй дунеон æдасдзинад æмæ стабилондзинады архитектурæйæн уыдзæн мæгуырау фæстиуджытæ.

ПАДДЗАХАДОН ДУМÆЙЫ КОММЕНТАРИТÆ

УФ-йы Паддзахадон Думæйы комментаритæ сарæзтой ИНО-йы Генералон Ассамблея астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ сликвидаци кæныны Бадзырды фæдыл Уæрæсейы резолюцийы проект кæй нæ райстой, уый тыххæй. Хъахъхъæнынады фæдыл Паддзахадон Думæйы комитеты сæрдары хæдивæг Юрий Швыткин банысан кодта, зæгъгæ,  дунейы стабилондзинад чи хъуамæ ифтонг кæна, уыцы организаци Уæрæсейы бахæсгæ резолюци кæй нæ райста, уымæй, кæй зæгъын æй хъæуы, разæнгард кæны дунейы æндыгъддзинад фæтынгдæр кæнынмæ. Резолюцийы проекты ныхмæ чи рацыд, уыцы бæстæтæ бæрндзинад не ‘нкъарынц æмæ уадзынц деструктивон политикæ.

КОНЦЕПЦИЙЫ ПРОЕКТЫ ТЫХХÆЙ

Уæрæсе æмæ Белорусийы Цæдисы Парламентон Æмбырд 55-æм сессийы рæстæджы райста УФ æмæ Белорусийы закъондæттынад æрбаввахсдæр кæныны тыххæй Концепцийы проект. Дзырд цæуы дыууæ бæстæйы закъæтты унификацийы тыххæй. Концепцийы проектмæ гæсгæ, Уæрæсе æмæ Белорусийæн сæ бон суыдзæн дыууæ бæстæйы территориты компанитæн иугъуызон уавæртæ саразын. Концепцийы проекты нысан цæуы, цæмæй  дывæр хъалонтæ æвæрд ма цæуой. Уымæй дарддæр ма дзырд цæуы иумиаг транспортæй пайда кæныны, зонад æмæ техникæйы рæзтæн иугъуызон уавæртæ саразын, афтæ ма иугонд æфсæддон доктринæ æмæ хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинад фарстытæм æнгæс ахастыты тыххæй. «Уæрæсе æмæ Белорусийы закъондæттынад æрбаввахсдæр кæныны Концепцийы проект баццæттæ кæныны процесс ис фæуыны стадийы. Концепцийы бындурыл махæн æнæмæнгхъæуæг уыдзæн закъондæттынады фæдыл «фæндагон картæ» бакусын», – фехъусын кодта йæ раныхасы рæстæджы Паддзадон Думæйы æмæ Белоруси æмæ Уæрæсейы Цæдисы Парламентон Æмбырды Сæрдар Вячеслав Володин.

РАЙСТА УКРАИНÆЙЫ РЕЗОЛЮЦИ

ИНО-йы Генералон ассамблея райста Украинæйы резолюци Хъырымы адæймаджы бартæ хæлд кæй цæуынц, уый фæдыл. Документы æвварс рахæцыдысты дунейы 65 бæстæйы, йæ ныхмæ рацыдысты 27 бæстæйы æмæ сæхиуыл та фæхæцыдысты 70 паддзахады. Документы дзырдæуы, зæгъгæ, уæрæсейаг æрдæгсакъадахы территорийыл хæлд цæуынц адæймаджы бартæ. Сæрмагондæй, Киев домы æвæстиатæй йе ‘мбæстæгты ссæрибар кæнын, кæцытæ урæд æрцыдысты алыгъуызон фыдракæндты тыххæй.

«СЕВЕРНЫЙ ПОТОК -2»-ЙЫ ТЫХХÆЙ

Нау-хæтæлтæвæрæг Pioneering Spirit æрбаиу газуадзæн «Северный поток -2»-йы фадыджы арæзтадмæ, кæцы ис Финляндийы дæтты. «Северный поток -2»-йы арæзтад цæуы графикмæ гæсгæ. Абоны онг æвæрд æрцыд газуадзæны 370 километры. Проекты тыххæй бар радтой фондз бæстæйæ цыппар. Финлянди газуадзæны арæзтадæн бар радта ацы аз апрелы мæйы.

ПРОТЕСТОН АКЦИ

Францы столицæ Парижы «бур жилетты» радон протестон акцийы хайад райстой 38 мин адæймаджы. Ивгъуыд къуыри та протестгæнджыты нымæц хызт 66 мин адæймаджы онг. Куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ проестон акцийы хайадисджытæй урæд æрцыдысты 200 адæймаджы. Протестон акцитæ уагъд цыдысты бæстæйы æндæр районты  – Бордо, Лион, Руан, Сен-Этьены дæр.

НÆ РАЙСТОЙ РÆСТÆГМÆЙОН БЮЖЕТ

АИШ-ы конгрессы уæлдæр палатæ нæ райста уынаффæ рæстæгмæйон бюджеты тыххæй, ног рабадт нысан æрцыд 27 декабры ауадзын. Уый та нысан кæны, федералон хицауады куысты дарддæры æрурæд. Афтæмæй, 27 декабрмæ федералон америкæйаг бирæ ведомствотæ нæ кусдзысты. Дзырд цæуы финансты, мидхъуыддæгты министрадты, паддзахадон департаменты æмæ æндæр уагдæтты тыххæй. Уыимæ куысты æрурæд нæ бандавдзæн Пентагон æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ ветеранты хъуыддæгты фарстытыл, уымæн æмæ конгресс уый размæ хорзыл банымадта уыдоны финанскæнынад 2019 азы кæронмæ.

ТРАГЕДИ

22-æм декабры Соликамскы æрзæткъахæны зынгсирвæзт кæй æрцыд, уый фæстиуæгæн фæмард сты 9 адæймаджы. Пермы крайы хицауады уынаффæмæ гæсгæ  24 декабры расидт æрцыд фыдохы бонæй. Æнамонд цау æрцыд 340 метры арфæны. Æдæппæтæй уыцы рæстæджы уым куыстой 17 адæймаджы, кæцытæй астæн сæ бон ссис зæхмæ схизын.

КОММЕНТАРИИЦУНАМИ

Индонезийы цунамийы фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц ахызт 280 адæймагæй. Иу мин адæймаджы та баййæфтой хъыгдард, 200 адæймаджы бæрц нымад цæуынц æбæрæгæй сæфтыл. Индонезийы хицауад æмæ адæмæн мæсæллæйы ныхæстæ загътой УФ æмæ АИШ-ы президенттæ Владимир Путин æмæ Дональд Трамп, Евроцæдисы дипломатийы сæргълæууæг Федерика Могерини.

 

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.