НЫХАС КОДОЙ ТЕЛЕФОНЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ Индийы премьер-министр Нарендру Моди телефоны ныхас кæнгæйæ, æруынаффæ кодтой алыгъуызон фадгуыты Уæрæсе æмæ Индийы æмгуыстады фарстытыл. Ацы дыууæ бæстæйы хæлардзинад сбæрæг кодта рæстæг. Уæрæсейаг лидер Модийы фæхуыдта сæйраг уазæгæй  2019 азы сентябры Владивостокы уагъдцæуæг дунеон экономикон форуммæ. Йæ рады Моди дæр Путины фæхуыдта Индимæ.

АТОМОН ÆНÆПИЛОТОН «ПОСЕЙДОН»

Ацы бонты бæрæг æрцыд донбындзугæнæг атомон æнæ-пилотон «Посейдон»-ы тагъдад, кæцыйæн йæ бон у ядерон хæстон зарядтæ хæссын. Хъахъхъæнынадон-сæудæдже-радон комплексы куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ æнæпилотон аппаратæн йæ бон суыдзæн максималон тагъдадæй сахаты 200 километры цæуын. Уыимæ йе сцæф кæнын нæ бауыдзæн никæцы ныхмæлæууæджы фæрæзтæн. «Посейдон»-ы донбындзугæнæн фæлварæнтæ Уæрæсейы райдыдтой 2018азы 25-æм декабры.

«БУР ЖИЛЕТТЫ» ПРОТЕСТЫ НОГ АКЦИТÆ

Францы хицауиуæгады структурæтæ кæд æнхъæлдтой, зæгъгæ, «бур жилетты» змæлд цæхгæр къаддæр кæны, уæд дæр серьезонæй фæрæдыдысты. Ацы бонты протестон акциты хайад райстой 50 мин адæймаджы.  Æрмæст Парижы уынгтæм рахызтысты 4 мин адæймаджы онг, кæцы у бирæ фылдæр ивгъуыд азы фæстаг акцийы хайадисджытимæ абаргæйæ. Парижы уагъд æрцыдысты санкцигонд дыууæ манифестацийы, кæцытæ райдыдтой сабырæй, фæлæ сын боны дыккаг æмбисы ныхмæлæудтытæ уыд полициимæ. Цалдæр адæймаджы урæд æрцыдысты. Бирæнымæц манифестацитæ уагъд æрцыдысты бæстæйы æндæр горæтты дæр. Бордойы акцийы хайадисджыты нымæц схызт 4,6 мин адæймаджы онг.

БАРТХЪИРÆН КОДТА УÆЛВÆТКОН УАВÆР БАКÆНЫНÆЙ

АИШ-ы президент Дональд Трамп журналисттæн фехъусын кодта, зæгъгæ, гæнæн ис æмæ бæстæйы бакæна уæлвæткон уавæры режим, цæмæй сифтонг кæна Мексикæимæ арæныл къулы арæзтады тыххæй бюджетон финанскæнынад, Конгресс æй хорзыл куынæ банымайа, уæд дæр. Аналитиктæ куыд нысан кæнынц, афтæмæй кæд америкæйаг-мексикæйаг арæны уавæры тыххæй уæлвæткон уавæр бакæна, уæд Трамп къулы арæзтадæн спайда кæндзæн уæлвæткон уавæрты тыххæй Конгресс цы финанстæ рахицæн кодта, уыдонæй. Фæлæ ахæм уынаффæ куы райса АИШ-ы президент, уæд сæм-бæлдзæн къорд юридикон проблемæтыл. Трамп демократтæй домы, кæцытæ ныртæккæ сты Конгрес-ссы фылдæр хай, бюджетæй 5 миллиард доллары рахицæн кæнын Мексикæйы арæныл къулы арæзтады тыххæй. Ацы къул Трампы хъуыдымæ гæсгæ, Иугонд Штатты бахъахъхъæндзæн æнæлегалон мигранттæ æмæ наркотиктæ уæйгæнджытæй.

ТРАМПЫ ТЕЛЕСИДТ

АИШ-ы президент Дональд Трамп телесидт сарæзта нацимæ, цыран банысан кодта, зæгъгæ, Мексикæйы арæныл къул саразыны проблемæйы иунæг уынаффæ ис уый мидæг, цæмæй демократтæ райсой хæрдзты статьятæ, кæцытæ фадат ратдзысты нæ арæнтæ бахъахъахъæнынæн æмæ хицауады куыст сног кæнынæн. Демократтæ ууыл нæ разы кæнынц. Уый аххосæй АИШ-ы президент йæ къух нæ фыссы бæстæйы сæйраг финансон документыл æнæ ацы арæзтадæн рахицæгонд æхцатæй. «Къул у аморалон. Нæ нацийæн хъуа-мæ уаид худинаг», – фехъусын кодта минæвæртты палатæйы демократты лидер Нэнси Пелоси. Фæлæ цалынмæ хицауады уæлдæр эшелонты политикон ныхмæлæудтытæ ис, уæдмæ сæдæгай мин америкæйаг паддзахадон службæгæнджытæ баззадысты æнæ куыстмыздæй.

ГУМАНИТАРОН ÆХХУЫС

Уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæ гуманитарон æххуыс баластой Дамскы цур лигъдæтты лагерь Ярмукмæ. «Ацы лагеры цæрджытæ сты иууыл уæззаудæр уавæры, æгæрыстæмæй сын нæй цæрынæн æнæмæнгхъæуæг элементарон хæлцадон продукттæ. Абон мах æрбаластам дыууæ тоннæйы хæлцадон продукттæ», – загъта Сирийы знагиуæг фæрстæ фидыдады фæдыл центры минæвар Эдуард Титов.

СИРИЙÆ АИШ-Ы ÆФСÆДТЫ РАКÆНЫНЫ ТЫХХÆЙ

АИШ-ы президент Дональд Трамп фехъусын кодта, зæгъгæ, Сирийæ америкæйаг æфсæдты раконд æххæст цæудзæн «æмбæлон темптæй» æмæ уыцы иурæстæджы дарддæр тох кæндзыстæм «пысылмон паддзахадимæ».

ЦÆТТÆ КÆНЫНЦ ДЫККАГ САММИТМÆ

Ног азы æрбалæудимæ активондæрæй цæттæ кæнынц АИШ-Цæгат Кореяйы саммитмæ. Дзыллон информацийы фæрæзтæ фехъусын кодтой Дональд Трамп æмæ Ким Чен Ыны фембæлды гæнæнуæвæг бынæтты тыххæй. Трампы ныхæстæ хынцгæйæ, АИШ æмæ Цæгат Кореяйы лидерты радон фембæлд гæнæн ис уагъд æрцæуа Вьетнамы, Индонезийы, кæнæ Монголйы, кæнæ та, æгæрыстæмæй, Иугонд Штатты дæр. Ныртæккæ активон дипломатон куыст кæнынц вьетнаймæгтæ, кæцыты фæнды, цæмæй Цæгат Корея æмæ АИШ-ы дыккаг саммит уагъд æрцæуа Вьетнамы.

НОГ СÆРМАГОНД ÆРВЫСТ ЛÆГ

Сирийы фæдыл ИНО-йы сæрмагонд æрвыст лæг Гейр Педерсен 7-æм январы æрæвнæлдта йæ хæстæ æххæст кæнынмæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, кусдзæн сирийаг конфликт æрбæстон кæныны тыххæй. Сирийы фæдыл ИНО-йы уый размæйы сæрмагонд æрвыст лæг Стаффан де Мистура ацыд отставкæйы йæхи фæндонмæ гæсгæ.

СУСÆГ ВИЗИТ

Цæгат Кореяйы сæргълæууæг йæ райгуырæн бон банысан кодта Китаймæ визитæй. Цал азы йыл сæххæст, уый бæрæг нæу. Иуæй-иу бæрæггæнæнтæм гæсгæ йыл сæххæст 36 азы. Хуссар Кореяйы дзыллон информацийы минæвæрттæ фыссынц, зæгъгæ, Ким Чен Ын барæй æмбæхсы йæ кар, цæмæй æгæр æвзонг ма зына ахæм бæрнон бынаты. Пекины баныхæсты тыххæй дæр ницы хъусын кæнынц. Ким Чен Ын-имæ сты йæ цардæмбал æмæ бæрзонд бынæтты кусæг чиновникы делегаци. Бæрæг у уый, æмæ Ким Китаймæ кæй æрцыд Си Цзиньпины фæхуындмæ гæсгæ. Визит ахæссдзæн цыппар боны. Ким Ен Ком, Хуссар Кореяйы президенты резиденцийы офиицалон минæвар фехъусын кодта, зæгъгæ, «Мах ныфс ис,  Китаймæ Ким Чен Ыны визит æвæрццагæй кæй бандавдзæн Кореяйы æрдæгсакъадахы  денуклеаризацийы процессыл æмæ сабырад сфидар кæныныл.

РАЙДЫДТОЙ  АЛЕППОЙЫ РАЙОН ХЪАХЪХЪÆНЫН

Уæрæсейы æфсæддон полици райдыдта патруль кæнын сирийаг провинци Алеппойы скæсæны ног территоритæ. Ныр мобилон къордтæ ифтонг кæнынц буферон зонæйы æдас-дзинад, кæцы дих кæны боевикты æмæ хицауады æфсæдты. Уæрæсейаг тырысайы бын колоннæ фæзынд Туркы арæнмæ æввахс Мембиджы цæрæн пункты цур. Ацы районы уыдысты курдты къордтæ, кæцытæ ацыдысты уырдыгæй. Ныр уым ис легитимон хицауад, алырæтты дзы фæйлауынц паддзахадон тырысатæ. Уæрæсейаг æфсæддонты хæс у буферон зонæйы æдасдзинадмæ хъус дарын. Уый у тæссаг мисси, фæлæ хæстонтæ цæттæ сты сæ хæстæ æххæст кæнынмæ.

ФÆДÆЛДОН НАУ

Сау денджызы Туркы территориалон дæтты фæдæлдон уæзласæн нау, кæцы цыд Панамæйы тырысайы бын. Æна-монд цауы фæстиуæгæн фæмард сты 6 адæймаджы, уыдонæй цыппар уыдысты Украинæйы æмбæстæгтæ. Æдæппæтæй науы экипажы уыд 13 уæнджы.

 

АМÆТТÆГТЫ НЫМÆЦ СХЫЗТ 40 АДÆЙМАДЖЫ ОНГ

Афганистаны Бадахшаны провинцийы сыгъзæрингуыстгæнæн шахтæйыл дурты зæй кæй рацыд, уый фæстиуæгæн фæмард сты 40 адæймаджы бæрц, афтæ ма алыгъуызон травмæтæ райстой цалдæр адæймаджы.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.