НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ Германы канцлер Ангела Меркель ныхас кодтой телефоны. Уыдон æруынаффæ кодтой Сирийы уавæры тыххæй, уыцы нымæцы 2018 азы октябры Стамбулы цыппарварсон саммиты Уæрæсе, Герман, Турк æмæ Францы хайадистæй къухтыбафтгæ бадзырдты бындурыл конституцион комитет саразыны тыххæй. Банысан æрцыд сирийаг кризис æрбæстон кæныны нысæнттæн ИНО-имæ æнгом политикон процессы æмархайд фæтыхджындæр кæныны тыххæй.

ЙÆ ЦАРДÆЙ АХИЦÆН СОВЕТОН ЦÆДИСЫ УÆЛДÆР СОВЕТЫ ФÆСТАГ СÆРДАР

Советон æмæ уæрæсейаг политикон архайæг, Советон Цæдисы Уæлдæр Советы фæстаг Сæрдар Анатолий Лукьянов йæ цардæй ахицæн 89-аздзыдæй. Уый уыд юридикон зонæдты доктор. 1987-1988 азты уый уыд Советон Цæдисы Коммунистон партийы Централон Комитеты секретарь. 1988-1989 азты уыд Советон Цæдисы Коммунистон партийы Централон Комитеты Политбюройы уæнгтæм кандидат. 1990-1991 азты та уыд Советон Цæдисы Уæлдæр Советы Сæрдар.

РАЙДЫДТА УАЛДЗЫГОН СЕССИ

УФ-йы Паддзахадон Думæйы уыд уалдзыгон сесси байгом кæныны цытджын церемони. Паддзахадон Думæйы спикер Вячеслав Володин  йæ раныхасы банысан кодта, депутатты боны фæткы кæй ис 1164 закъæтты проекттæм æркæсын. Уыдонæй 365 цæттæ цæуынц фыццаг бакастмæ, 234 – дыккагмæ, æмæ дыууæ проекты та цæттæ цæуынц кæройнаг, æртыккаг бакастмæ. Володины ныхæстæм гæсгæ, 2019 азы сæйраг хæсыл нымайынц, Федералон Æмбырдмæ йæ Ныстуаны Владимир Путин цы хæслæвæрдтæ радта, уыдон æххæст кæнын. «Мах сымахимæ иумæ хъуамæ бацæуæм дунейы фондз егъаудæр экономикæты нымæцмæ, уый саразын тынг ахсджиаг у», – фехъусын кодта Вячеслав Володин.

КУЫД НЫСАН ЦÆУДЗЫСТЫ ПЕНСИТÆ 2019 АЗЫ

УФ-йы Пенсион фонд куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ 2019 азы пенси снысан кæныны тыххæй минималон домæнтæ сты 10 азы стаж æмæ 16,2 пенсион баллы. 2019 азæй Уæрæсейы æрцæудзæн ивындзинæдтæ пенсион кар этапгай фæфылдæр кæныны тыххæй. Афтæмæй ацы аз пенсийы ацæуыны кар фæфылдæр уыдзæн иу аз. Пенсион закъондæттынады аивгæ нормæтæм фыццæгтæй бахаудзысты 1964 азы гуырд сылгоймæгтæ æмæ 1959 азы гуырд нæлгоймæгтæ.

САРГЪ КОДТА NASA-йы АРХАЙДТЫТÆН

«Роскосмос»-ы сæргълæууæг Дмитрий Рогозин фыццаг хатт комментаритæ сарæзта NASA-йы къухдариуæгады архайдæн,  америкæйаг иуæй-иу сенаторты æндæвдады бын ын АИШ-мæ йæ визит кæй аивта, уый тыххæй. «Роскосмос»-ы генералон директор нымайы, зæгъгæ, АИШ-мæ йын йæ визит кæй аивта, уый баст у АИШ-ы президент Дональд Трамп æмæ Конгрессы ‘хсæн ныхмæлæудимæ. «Уый у цахæмдæр диссаджы «Санта-Барбара», – загъта Рогозин. Уыимæ фехъусын кодта, зæгъгæ, цæттæ у NASA-йы къухдариуæггæнæг Джим Брайденстайн æмæ Уæрæсейы потенциалон коммерцион минæвæртты райсынмæ, цæмæй æруынаффæ кæной, «дарддæр куыд цæрой», ууыл. 2014 азæй Рогозин ис америкæйаг санкциты бын Украинæйы уавæрмæ гæсгæ. Рогозины ныфс ис, космосы æмгуыстад уæддæр кæй адарддæр уыдзæн, уымæй.

СКРИТИКÆ КОДТА ЯПОНЫ ХЪУСЫНГÆНИНАДЖЫ

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад скритикæ кодта Курилты фæдыл бадзырды тыххæй Японы хъусынгæнинаджы. Японы фæстаг хъусынгæнинæгтæ зыгъуыммæ кæнынц Путин æмæ Абэйы бадзырдты мидис, – банысан кодтой министрады, Японы минæвар Тоехису Кодзуки УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Моргуловимæ фембæлды рæстæджы. Ахæм хъусынгæнинæгтæ «дезориентаци» кæнынц æхсæнады. УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ма банысан кодтой, зæгъгæ, Япон хæсджын у æппæт Курилты сакъадахтыл суверенитет æмæ Сабыр океаны Дыккаг дунеон хæсты хатдзæгтæ банымайын.

ЦÆТТÆ У ДИАЛОГМÆ

НАТО цæттæ у Уæрæсеимæ диалогмæ æппæт фарстыты фæдыл, уыцы нымæцы астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæты ликвидацийы тыххæй Бадзырды фæдыл дæр. Уый тыххæй фехъусын кодта политикон фарстыты æмæ политикон æдасдзинады фæдыл НАТО-йы генералон секретары æххуысгæнæг Алехандро Альваргонсалес. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсе-НАТО-йы ног рабадт уагъд æрцæудзæн æввахс рæстæджы.

ФЕДЕРАЦИЙЫ СОВЕТЫ КОММЕНТАРИТÆ

Дунеон хъуыддæгты фæдыл УФ-йы Паддзахадон Думæйы Федерацийы Советы комитеты сæрдары хæдивæг Владимир Джабаров комментаритæ сарæзта астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ сликвидаци кæныны Бадзырды фæдыл баныхæстæ ауадзыны тыххæй НАТО-йы хъусынгæнинагæн. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсе хорзыл нымайы баныхæстæ ауадзыны тыххæй цахæмфæнды позицийы дæр.

РАЗДÆХТОЙ ТАНКÆТÆ

Лаосы Адæмон-Демократон Республикæйы хъахъхъæнынады министрад æфсæддон-техникон æмгуыстады фæлгæтты Уæрæсейы æфсæддон ведомствойæн радтой Т-34 30 танкы, кæцытæ сты хорз уавæры. Уæрæсемæ танктæ раздахыны тыххæй бадзырд къухты бафтыд ивгъуыд аз январы мæйы Лаосмæ УФ-йы хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгуйы визиты фæлгæтты. Танктæ ныридæгæн денджызыл æрластæуыд Владивостокмæ æмæ сæ æфсæнвæндагыл арвитдзысты Мæскуыйы область горæт Наро-Фоминскмæ. Техникæйæ план цæуы спайда кæнын Уæлахизы парадты рæстæджы, афтæ ма музейон экспозицитæ сног кæныны æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тыххæй историон фильмтæ исыны тыххæй.

«РАСИДТ ХÆСТ» ПЛАСТИКОН ПАКЕТТЫ НЫХМÆ

Туркы президент Реджеп Тайип Эрдоган фехъусын кодта, зæгъгæ, расидт «хæст» пластикон пакетты ныхмæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Анкарайы бынæттон хæдразамынды проблемæты фæдыл симпозиумы. Туркаг лидер банысан кодта, зæгъгæ, пластик бамбийы цалдæр сæдæ азмæ. Мæ ныййарджытæ, зæгъ, пайда кодтой гæнæй пакеттæй (авоська). Фæлæ ныртæккæ бæстæйы гæн нæ зайын кæнынц. Уымæ гæсгæ хъæуы къорд къахдзæфы саразын, ацы зайæгойы кондад фæстæмæ сæндидзын кæныны тыххæй. 1-æм январæй фæстæмæ Турчы магазинты æппæт пластикон пакеттæн хъæуы фидын ног закъонмæ гæсгæ.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.