КУСÆГОН ВИЗИТ

УФ-йы президент Владимир Путин Мæскуыйы фембæлд  Республикæ Зимбабвейы президент Эммерсон Мнангагваимæ. Ныхас кодтой, сæйраджыдæр, экономикон æм-гуыстады фарстатыл.

АРФÆ ЙЫН РАКОДТА

УФ-йы Президент Владимир Путин раарфæ кодта Никол Пашинянæн, Сомихстоны премьер-министрæй йæ кæй снысан кодтой, уый сæраппонд. Путин сæрмагондæй банысан кодта: «Ныфс мæ ис, конструктивон иумиаг куыст æмæ диалог кæй ахъаз кæндзысты евразиаг тыгъдады интеграцион процессты размæцыдæн æмæ æмцæдисон æмар-хайдтытæ дарддæр сфидардæр кæнынæн».

АИШ ДОМЫ РАКЕТÆ СКУЫНÆГ КÆНЫН

АИШ-ы паддзахадон секретары хæдивæг Андреа Томпсон фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсе хъуамæ скуынæг кæна 9М729 (SSC-8) ракетон системæ, кæцы æмбæлон нæу астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ сликвидаци кæныны тыххæй Бадзырдæн. Йæ рады, УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Сергей Рябков фехъусын кодта, зæгъгæ, АИШ нæ фæнд кæны уæрæсейаг фарсы аргументтæ банымайын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсе раразмæ кодта конкретон мадзæлттæ 9М729 ракетæйы тыххæй. Ивгъуыд азы декабры райдианы АИШ-ы паддзахадон секретарь Майк Помпео фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсейæн ис дыууæ мæйы, цæмæй раздæха Бадзырд «æххæст кæнынмæ». Кæд æмæ, зæгъ, афтæ нæ уа, уæд Вашингтон æруромдзæн Бадзырды фæдыл хæстæ. УФ-йы Æдасдзинады секретарь Николай Патрушев фехъусын кодта, зæгъгæ, ракетæ 9М729-йæн фæлварæнты рæс-тæджы атахты дардад нæ уыд 476 километрæй фылдæр кæд æмæ бадзырдмæ гæсгæ гæнæн ис 500 километры, уæддæр.

САБЫРАДОН БАДЗЫРДЫ ФÆДЫЛ БАНЫХÆСТÆ

Мæскуыйы уагъд æрцыдысты уæрæсейаг-япойнаг баныхæстæ сабырадон бадзырды проблематикæйы фæдыл Уæрæсе æмæ Японы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров æмæ Таро Конойы хайадистæй. Сабырадон бадзырды фарсты фæдыл баныхæстæ фæактивондæр кæныны тыххæй бадзурын къухты бафтыд УФ-йы президент Владимир Путин æмæ Японы премьер-министр Синдзо Абэйы ‘хсæн 2018 азы ноябры мæйы Сингапуры. Ацы сразыдзинæдты фæл-гæтты Мæскуыйы фембæлд ссис фыццаг. Японимæ баныхæсты фæстæ Сергей Лавров загъта: «Курилы сакъадахтæ уыдысты, сты æмæ уыдзысты Уæрæсейы территори».

ПРЕСС-КОНФЕРЕНЦИ

Уæрæсе æмæ Японы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрты пресс-конференцимæ алцыдæр уыд цæттæ, фæлæ прессæимæ иумиаг пресс-конференци ивд æрцыд япойнаг делегацийы инициативæмæ гæсгæ.

Сергей Лавров йæ пресс-конференцийы банысан кодта, зæгъгæ, сабырадон бадзырд саразыны рæстæджы прогресс къухты бафтын кæныны сæйраг уавæр у, цæмæй Япон банымайа Дыккаг дунеон хæсты хатдзæгтæ, уыцы нымæцы æппæт Курилты сакъадахтыл Уæрæсейы Федерацийы суверенитеты банымад. Уæлдæр æмвæзады уæрæсейаг-япойнаг баныхæсты иннæ раунд уыдзæн январы кæрон. Уæд Уæрæсемæ визитимæ æрцæудзæн Синдзо Абэ.

ÆРЦÆУДЗÆН УÆРÆСЕМÆ

АИШ-ы аэрокосмикон агентад NASA-йы сæргълæууæг Джим Брайденстайн УФ-йы паддзахадон корпораци «Роскосмос»-ы генералон директор, Дмитрий Рогозинимæ телефоны ныхас кæнгæйæ, бафидар кодта æввахсдæр мæйты кусæгон визитимæ Уæрæсемæ æрцæуыны тыххæй. Ныхасы рæстæджы Рогозин æмæ Брайденстайн банысан кодтой, зæгъгæ, Роскосмос æмæ NASA æнувыд сты космос иумиагæй сахуыр кæныны хъуыддагыл. Уыдон бадзырдтой, куыд дунеон космикон станц æмæ мæйы проекты фæдыл, афтæ дард космос раиртасыны фæдыл æмгуыстад адарддæр кæныны тыххæй.

НÆ РАЙСТОЙ МЭЙЫ ПЛАН

Бритайнаг закъондæтджытæ схъæлæс кодтой Евроцæ-дисæй Стырбританийы рахызты фæдыл бæстæйы премьер-министр Тереза Мэйы планы ныхмæ. Бадзырды про-екты ныхмæ схъæлæс кодтой æхсæнадты палатæйы 432 уæнджы, йе ‘вварс рахæцыдысты 202 адæймаджы.

БИОЛОГОН ЭКСПЕРИМЕНТ

Китайаг зонд биологон эксперимент сарæзта Мæйыл. Китай  зонд «Чанъэ-4»-йы руаджы Мæймæ фæхæццæ кодта  зайæгойты æмæ уырынгонты хуызæгтæ. Аппараты мидæг саразгæ нывтæм гæсгæ, тауинæгтыл  ныридæгæн фæзынд билцъытæ. Уый у фыццаг билцъ, кæцы разад планетæйы спутникы уæлцъарыл ныллæг гравитаци æмæ тыхджын радиацийы уавæрты. Ахуыргæндтæ дарддæр дæр уадзынц мониторинг биологон хуызæгты уавæры тыххæй. Космикон аппарат «Чанъэ-4» уагъд æрцыд ивгъуыд аз 8-æм декабры космодром Сичанæй. 3-æм январы уый æрбадт Мæйы уæлцъарыл æмæ ралæвæрдта фыццаг нывтæ. Биологон фæлварæнтæй дарддæр ма зонд æрæмбырд кæндзæн бæрæггæнæнтæ Мæйы геологон сконды тыххæй.

ПРОТЕСТЫ АКЦИ

Грецийы Афинты уынгтæм рахызтысты 3,5 мин ахуыр-гæнæджы, кæцытæ домынц сæ куысты бартæ бахъахъ-хъæнын. Демонстранттæй иуæй-иутæ цалдæр хатты бафæлвæрдтой парламентмæ бацæуæны тыххæй спецназы цæг атонынмæ. Барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ спайда кодтой цæссыгкалæн газæй. Уый уыд грекъаг ахуыр-гæнджыты протесты дыккаг акци. Уый размæ митинджы протестон акцийæ дарддæр ма йæ хайадисджытæ фæсыкк кодтой централон каналы рауагъд, уыдон сæ домæнтимæ батыдтой студимæ комкоммæ эфиры рæстæджы.

СРÆМЫГЪД

Афганистаны столицæ Кабулы фæсарæйнæгты хи-ирхæфсæн комплексы цур айхъуыст срæмыгъд, кæцыйы фæстиуæгæн алыгъуызон цæфтæ фесты 40 адæймагæй фылдæр. Афганистаны мидхъуыддæгты министрады минæ-вар фехъусын кодта, зæгъгæ, уый уыд теракт. Теракт æххæст æрцыд автомобилæй спайда кæныны руаджы, кæцы йедзаг уыд рæмудзæн æрмæгæй.

РАХАСТОЙ ЙЫН МÆЛÆТЫ ТÆРХОН

Китайы тæрхондон мæлæты тæрхон рахаста Канадæйы æмбæстаг Роберт Шелленбергæн, наркотикты контрабан-дæйы йæ кæй фæаххосджын кодтой, уымæ гæсгæ. Канадæ-йаг хицауад фæаххосджын кодтой Китайы, æфхæрды уæлдæр мадзалæй хивастæй спайда кæныны тыххæй. «Хицауад, куыд нæ дунеон хæлæрттæ æмæ æмцæдисонтæ, афтæ катайы бахаудтой, Китай хивастæй мæлæты тæрхон кæй рахæссынц, уый тыххæй», – фехъусын кодта канадæйаг премьер-министр Джастин Трюдо. Ноябры тæрхондон Шелленбергæн рахаста 15 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон, фæлæ прокуратурæ ахæм æфхæрд банымадта æгæр лæмæгъыл æмæ ногæй бахъаст кодта. Канадæйаг ссис фарастæм фæсарæйнаг æмбæстаг, Китайы мæлæты тæрхон кæмæн рахастой. Шелленбергы адвокат фæнд кæны апелляци бадæттын.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.