ФИНАНС КОДТОЙ ТЕРРОРИСТОН ОРГАНИЗАЦИЙЫ

УФ-йы Æдасдзинады федералон службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй террористон организацийы чи финанс кодта, ахæм фыдракæндон къорд архайдта Краснодары крайы, Дагъыстан æмæ Адыгейы. Хæрзаудæн архайды хуызы уыдон æмбырд кодтой æхцатæ æмæ сæ ‘рвыстой Сиримæ. Ацы факты фæдыл баконд æрцыд æртæ уголовон хъуыддаджы. Фæдагурæн архайдтыты рæстæджы урæд æрцыдысты æртæ адæймаджы. Баджигул кæныны рæстæджы сæм ссардæуыд коммуникацийы фæрæзтæ, картæтæ, чектæ æмæ æндæр документтæ, кæцытæ дзурæг сты сæ фыдракæндон архайдыл.

ДÆСÆМ САБАТ

Францы «бур жилетты» протестон радон, дæсæм акцийы æппæт бæстæйы хайад райстой 84 мин адæймаджы. Демонстранттæн ныхмæлæудтытæ уыд полициимæ. Полици спайда кодта цæссыгкалæн газæй æмæ донпырхгæнæн машинæйæ. Урæд æрцыдысты 300 адæймаджы бæрц. Парижы æмæ провинциты æхсæнадон фæткмæ сæ хъус дардтой барадхъахъхъæнæг органты 80 мин  кусæджы.

 

РАВДЫСТОЙ УÆРÆСЕЙАГ ÆФСÆДДОН ТЕХНИКÆ

Уæрæсейаг танкæтæ Т-22 æмæ БРДМ-2М, кæцытæ сты Лаосы гарзджын тыхтæм, хайад райстой бæстæйы Адæмон æфсады сырæзты 70 азы цытæн парады. Уый размæ Т-34 30 танкæтимæ эшелон, кæцыты Уæрæсейæн радта Лаос, æрцыд Владимиры областы горæт Муромы вагзалмæ. Техникæйыл сæмбæлдысты цытджын митинг æмæ концертимæ.

 

2020 АЗЫ АРХИТЕКТУРÆЙЫ ДУНЕОН СТОЛИЦÆ

ЮНЕСКО æмæ Архитекторты дунеон цæдис фехъусын кодтой, зæгъгæ, Рио-де-Жанейро 2020 азы суыдзæн архитектурæйы дунеон столицæ. Рио-де Жанейройы уагъд æрцæудзæн æртæ азы иу хатт уагъдцæуæг Архитекторты дунеон цæдисы дунеон конгресс, афтæ ма уагъд æрцæудзысты тематикон мадзæлттæ.

«Архитектурæйы дунеон столицæ хъуамæ суа культурæйы, культурон бынты, горæты планкæнынады цæстæнгасæй актуалон глобалон проблемæтыл æруынаффæ кæныны дунеон фæзуат», – банысан кодтой ЮНЕСКО-йы.

БАДЗЫРД ÆРВЫСТ ÆРЦЫД РАТИФИКАЦИМÆ

Республикæ Македонийы ном Республикæ Цæгат Македонимæ раивыны тыххæй Скопьеимæ бадзырд ратификацимæ æрвыст æрцыд Грецийы парламентмæ. Бадзырдыл уынаффæ кæнын райдыдтой 21 январы, кæцыйы план цæуы ацы къуырийы кæронмæ  сратификаци кæнын, – фехъусын кодта парламенты сæрдар Никос Вуцис.

Бадзырд скъуыддзаг кæны бирæазон быцæу номы тыххæй æмæ Скопьейæн гом кæны НАТО æмæ Евроцæдисмæ фæндаг, фæлæ критикæ расайдта куыд Грецийы, афтæ Македонийæн йæхимидæг дæр. Грецийы нымайынц, зæгъгæ, македониæгтæ сæхи гæнæн ис хоной æрмæстдæр бæстæйы цæгат хайы историон регионы цæрджытæ. Сразыдзинад æркодта Грецийы хицауадон коалицийы ныппырхмæ.

 

МИТИНГ – СРАЗЫДЗИНАДЫ НЫХМÆ

Афины центры парламенты цур митингмæ æрæмбырд сты 150 мин адæймаджы бæрц Скопьеимæ сразыдзинады ныхмæ. Грекъаг тырысатимæ мингай демонстранттæ фæзуаты сæххæст кодтой  грекъаг гимн æмæ зарыдысты патриотон зарджытæ. Уыдон домдтой Грецийы премьер-министр Алексис Ципрасæй, цæмæй ма сразы уа документ сратификаци кæныныл.

 

НЕ СРАЗЫ СТЫ ТРАМПЫ ПЛАНЫЛ

АИШ-ы демократтæ не сразы сты «шатдауны» сæрты ахизыны фæдыл Трампы фæндоныл. Иугонд Штатты ныр 29 боны нæ кусы хицауад бюджетон кризисы аххосæй. Дональд Трамп æрсидт нацимæ æмæ æрбавдыста йæ фæндон АИШ æмæ Мексикæйы ‘хсæн арæныл къулы арæзтады финанскæнынад сифтонг кæныны проблемæйы фæдыл. Уыимæ президенты фæндон нæ аскъуыддзаг кодта «шатдаун» æруромын. Трамп загъта, зæгъгæ, бæстæйæ нæ арвитдзæн 700 мин мигранты, кæцытæ Америкæмæ æрбахаудтой хæрзчысылтæй. Уый ныхмæ Трамп æрдомдта, цæмæй Конгрессы уæнгтæ рахицæн кæной 5,7 миллиард доллары къул саразыны тыххæй. Демократты лидертæ ацы фæндон растыл нæ банымадтой.

АИШ-ы ДЕЛЕГАЦИ НÆ АЦÆУДЗÆН ДАВОСМÆ

АИШ-ы делегаци бюджетон кризисы аххосæй нæ ацæудзæн Давосмæ дунеон экономикон форуммæ. Ахæм уынаффæ райста АИШ-ы президент Дональд Трамп, кæцы уый размæ та не сразы Швейцарийы ахсджиаг дунеон мадзалы хайад райсыныл.

НЫХКЪУЫРД РАДТА АТАКÆЙÆН

Сириаг уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ ныхкъуырд радтой Израилы авиацæфæн. Куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ израилæгтæ сатакæ кодтой бæстæйы хуссар хайы объектты, фæлæ дзы иу дæр йæ нысаныл нæ сæмбæлд. Сирийы ирайнаг тыхтæ æххуыс кæнынц бæстæйы хицауады æфсæдтæн ныхмæлæуджытимæ тох кæнынæн. Израиль æмæ АИШ активонæй домынц, цæмæй ирайнаг тыхтæ ацæуой бæстæйæ. Дзуттаг паддзахады иу æмæ дыууæ хатты нæ бацамыдтой, зæгъгæ, уыдон фæнд кæнынц Сирийы Ираны уæвынады ныхмæ тох кæнын.

ТЕРАКТТÆ

Дыууæ егъау срæмыгъды айхъуыстысты сириаг Дамаск æмæ Африны. Ацы срæмыгъд Дамаскыл у фыццаг атакæ иу азы дæргъы. Сириаг Африны дыккаг срæмыгъды фæстиуæгæн фæмард сты 4 адæймаджы, 11 та цæфтæ фесты. Бомбæ æвæрд уыд автобусы салоны.

 

АМÆТТÆГТЫ НЫМÆЦ СХЫЗТ 85 АДÆЙМАДЖЫ ОНГ

Мексикæйы Туспан-Тулайы нефтуадзæн хæтæлы (трубопровод) срæмыгъды фæстиуæгæн фæмард сты 85 адæймаджы. Срæмыгъд æрцыд, æнæзакъонæй хæтæл кæм фæхуынкъ кодтой, уыцы бынатмæ бидонтæ æмæ канистрты æртагæй байдзаг кæнынмæ 350 бынæттон цæрæджы бæрц куы æрæмбырд сты,  уæд. Уæлвæткон уавæрты зонæйæ эвакуаци æрцыдысты цæрджытæ, территори сæхгæдтой. Фондз сахаты фæстæ зынгсирвæзт ахуыссын кодтой. Уымæй дарддæр ма, бæрæг куыд у, афтæмæй нефтуадзæн хæтæлæй æртаг давгæйæ ноджы иу зынгсирвæзт æрцыд Керетаройы штаты. Ног азæй Мексикæйы хицауад уæлдай тынгдæр тох кæнын райдыдта æртаг давыны ныхмæ.

 

ФÆМАРД СТЫ 13 АДÆЙМАДЖЫ

Ливийы столицæ Триполы хæстон ныхмæлæудтыты фæстиуæгæн фæмард сты 13 адæймаджы, ноджы 52 та цæфтæ фесты, уыдоны ‘хсæн сты сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ. 2018 азы декабры Ливийы мидхъуыддæгты министрады сатакæ кæныны рæстæджы та фæмард æртæ адæймаджы.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.