НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин телефоны Казахстаны ног президент Касым-Жомарт Токаевимæ æмæ респуб-ликæйы фыццаг сæргълæууæг Нурсултан Назарбаевимæ телефоны ныхас кæнгæйæ æруынаффæ кодта, æввахс рæстæджы Уæрæсемæ Токаевы визит сорганизаци кæныны тыххæй. Афтæ ма уæрæсейаг лидер Токаевæн раарфæ кодта Казахстаны президенты бынатмæ кæй бахызт, уый тыххæй.

РАДТА СТАРТ

УФ-йы Президент Владимир Путин телехиды режимы старт радта Ямалы æрдæгсакъадахы «Газпром»-ы Харасавэейскы нефтгуырæн бынаты æххæстмасштабонæй куыст райдайыны тыххæй. «Мах зонæм, 2030 азмæ Ямалы азы дæргъы нефть кæй исдзысты 310-360 миллиард кубометры газ бæстæйы мидæггагон фæлхасы æмæ «Северный поток-1» æмæ «Северный поток-2»-йыл экспорты тыххæй. Уый у æцæг масштабон æмæ тынг цымыдисон куыст. Арфæ уын кæнын куыст райдайыны сæраппонд, мæ зæрдæ уын зæгъы æнтыстытæ», – загъта Путин. Æрдæгсакъадахы ныридæгæн арæзт æрцыдысты цардуагон объекттæ, сæрмагондæй, вахтон цæрæн корпус æмæ электростанц.

ФÆНДОН БАХАСТОЙ

Уæрæсе æмæ Сири фæндон бахастой, цæмæй Иугонд Штаттæ хайад райсой лагерь «Эр-Рукбан»-æй лигъдæтты раласыны операцийы, – уый тыххæй дзырдæуы дыууæ бæстæйы æхсæнведомствойон координацион штабты хъусынгæнинаджы. Уæрæсе æмæ Сири бахатыдысты АИШ-мæ, цæмæй рахæцой ацы инициативæйы æвварс æмæ снысан кæной сæ минæвæртты, кæцытæ хайад райсиккой колоннæты кæныны операцийы.

ЦÆРÆНБОНТÆМ АХÆСТОНЫ   ФÆБАДЫНЫ ТÆРХОН

Боснийаг сербæгты экс-лидер Радован Караджичæн Гаагайы тæрхондон рахаста цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадыны тæрхон. Уый размæ Караджичы аххосджыныл банымадтой 1992-1995 азты Босни æмæ Герцеговинайы территорийыл саразгæ фыдракæндты, уыцы нымæцы Сребреницайы адæмы дзыллон депортаци æмæ геноциды. «Апелляцион палатæ Радован Караджичæн хæссы цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадыны тæрхон», – фехъусын кодта тæрхондоны сæрдариуæггæнæг тæрхонгæнæг Ван Пруссе Йонсен.

ФЕСТЫ КУЫСТЫТÆ

Уæрæсейаг бригадæ кæронмæ фæцис цæугæдон Амурыл Нижнеленинскы хъæуæй Китайы цæгат-скæсæн хайы Тунцзянмæ фыццаг уæрæсейаг-китайаг хид баиу кæныны фæдыл куыст. Уый нысан кæны, дыууæ бæстæты ‘хсæн фыццаг æфсæнвæндагон хид æнтыстджынæй кæй баиу. Фæстаг азты китайаг-уæрæсейаг товарты æрзылд æппынæдзух рæзы. Уымæ гæсгæ ахæм арæзтæдтæ сты уæлдай актуалондæр. Хиды дæргъ у 2209 метры.

ФÆАХХОСДЖЫН КОДТА ТРАМПЫ

Венесуэлæйы президент Николас Мадуро фæаххосджын кодта АИШ-ы президент Дональд Трампы йæ бæстæйы бюджетон фæрæзтæй 5 миллиард доллары адавынæй. «Дональд Трамп, ды аххосджын цæуыс нæ адæмы ныхмæ иууыл фыдракæндондæр мадзæлттæй сæ иуы. Сымах стут дыдзæсгæмттæ. Уæ гуманитарон æххуысы та уыд, йæ пайда кæныны æмгъуыд кæмæн фесты, ахæм продукттæ æмæ медикаменттæ», – загъта Николас Мадуро. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Каракас тох кæндзæн ахæм цæстфæливæн миты ныхмæ, æмæ, зæгъ, нæ фармацевттæ та венесуэлæйæгтæн рауаддзысты фаг хостæ. Мадуройы ныхæстæм гæсгæ, ацы фадыджы сын баххуыс кæныны тыххæй сæ фæндон загътой Уæрæсе, Иран, Китай, Турк æмæ Белоруси.

АИШ-Ы ХÆДТÆХДЖЫТÆ ЕВРОПÆЙЫ

Иугонд Штаттæ æфсæддон авиабазæ Луизинайæ æхсæз ядерон куынæггæнæг хæдтæхæджы æрбаппæрста Евро-пæмæ. Америкæйаг куынæггæнæг хæдтæхджытæ нырма æрбатахтысты Стырбританийы Фэйрфорды авиабазæмæ цалдæр боны размæ. Уый фæстæ та уыдонæй цыппар хæдтæхæджы сæххæст кодтой атахтытæ Европæйы цалдæр бынатмæ, уыцы нымæцы Норвегиаг, Балтийаг (Эстони) æмæ Зæххыастæу денджызы (Греци) сæрмæ. Уымæй АИШ равдыста НАТО-йы йе ‘мцæдисонтæ æмæ партнертыл æнувыдддзинад æмæ америкæйаг гарзджын тыхты руаджы регионалон æдасдзинад бахъахъхъæнынмæ цæттæ кæй у, уый.

НОГ ПРЕЗИДЕНТЫ АРДБАХÆРД

Казахстаны ног президент Касым – Жомарт Токаев ард бахордта æмæ официалонæй ссис бæстæйы президент. Ардбахæрды фæстæ Казахстаны Конституцион советы сæргълæууæг фехъусын кодта бæстæйы фыццаг президент Нурсултан Назарбаевæй æххæстбартæ парламенты сенаты сæргълæууæг Касым-Жомарт Токаевмæ кæй рахызтысты, уый тыххæй. Токаевæн лæвæрд æрцыд президенты бæлвырдгæнæн.

КАЗАХСТАНЫ СТОЛИЦÆ ХУЫНДЗÆН НУРСУЛТАН

Ардбахæрды фæстæ Касым-Жомарт Токаев фæндон бахаста Казахстаны столицæ Астанайы ном Нурсултанмæ раивыны тыххæй. Афтæ ма уый фæндон бахаста паддзахады уæвæг æппæт уæлдæр хорзæхтæй Назарбаевы схорзæхджын кæныны æмæ йын «кадджын сенаторы» статус радтыны тыххæй.

Казахстаны парламенты депутаттæ дыккаг, кæройнаг бакасты райстой Конституцимæ барасткæнинæгтæ бæстæйы столицæйы ном Назарбаевы цытæн Нурсултанмæ раивыны тыххæй

НЕ ‘РЦЫДЫСТЫ ИУ ХЪУЫДЫМÆ

Римы фембæлдысты Венесуэлæйы фæдыл АИШ-ы президент Трампы специалон æрвыст лæг Эллиотт Абрамс æмæ УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Сергей Рябков. Уыдон уынаффæ кодтой Венесуэлæйы уавæры фæдыл, фæлæ иу хъуыдымæ не ‘рцыдысты кризис æрбæстон кæныны тыххæй. Абрамсы ныхæстæм гæсгæ, баныхæсты цæлхдур ссис «Венесуэлæйы президент чи у, уый». Уый банысан кодта, зæгъгæ, Мæскуы Венесуэлæйы иунæг легитимон сæргълæуæгыл нымайы Николас Мадуройы, Иугонд Штаттæ æмæ дунейы бæстæты стыр къорд та нымайы Венесуэлæйы «рæстæгмæйон президентæй» Хуан Гуайдойы. Йæ рады Рябков банысан кодта АИШ-имæ ныхас кæныны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй.

 

СРÆМЫГЪД КИТАЙЫ ХИМЗАВОДЫ

21 марты Китайы горæт Яньчэны химион заводы æрцыд срæмыгъд, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты 44 адæймаджы, алыгъуызон цæфтæ та фесты 640 адæймаджы. Химион заводмæ æввахс хæдзæртты æвгтæ ныппырх сты. Срæмыгъды аххосæгтæ бæрæг цæуынц.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.