Уагъд æрцæудзæн экстренон рабадт

Арабаг бæстæтæ цæттæ кæнынц ИНО-йы Генералон Ассамблеяйы экстренон рабадт.  Боны фæткы уыдзæн плестинаг-израилаг конфликты проблемæ. Документы, кæцыйы фарс рахæцыдысты АИШ-æй дарддæр Æдасдзинады советы уæнгтæ иууылдæр, дзырд цæуы Иерусалимы статус аивыны фæдыл иуфарсон мадзæлттæ ма бауадзыны тыххæй. Уый размæ АИШ спайда кодта ветойы барæй ИНО-йы Æдасдзинады советы Израилы столицæйыл Иерусалмы банымайыны ныхмæ здæхт резолюцийы тыххæй. Америкæйаг фарс уыд резолюцийы иунæг ныхмæлæууæг, иннæ 14 паддзахды  ИНО-йы Æдадзинады советы уæнгтæ рахæцыдысты резолюцийы фарс. Хейли Никки банысан кодта, зæгъгæ, уый æппындæр не ‘фсæрмы кæны, резолюцийы ныхмæ кæй рацыд, уый тыххæй, æфсæрмы, зæгъ, хъуамæ кæной ИНО-йы Æдас-дзинады иннæ уæнгтæ. 1990 азæй райдайгæйæ, АИШ 14 хатты спайда кодта ветойы барæй арабаг-израилаг конфликтмæ хауæг ИНО-йы Æдасдзинады советы резолюцийы ныхмæ. Иерусалиммæ америкæйаг минæварады ахæссыны тыххæй уынффæ закъондæттынадон æмвæзадыл райста АИШ-ы конгресс уартæ 1995 азы. Фæлæ Урс хæдзары сæргълæуджытæ се’ ппæт дæр фæстæдæр æмгъуыдмæ æргъæвтой ацы закъоны практикон реализаци.

 

В.Путин æмæ  А.Вучичы фембæлд

УФ-йы Президент Владимир Путин Сербийы Президент Александр Вучичимæ фембæлды рæстæджы банысан кодта Уæрæсе æмæ Сербийы ‘хсæн ахастыты рæзты тыххæй, уæлдайдæр та экономикон фадыджы. Йæ рады Александр Вучич дæр банысан кодта Уæрæсе æмæ Сербийы ахастыты хæларадон уаг. Уый загъта, зæгъгæ, политикон, экономикон æмгуыстадæн ис фæбæрзонддæргæнæн. Вучич Путинимæ ныхас кодта уырыссаг æвзагыл тæлмацгæнæджы лæггæдтæй не спайда кæнгæйæ. Сербийы лидеры Путинæн бафæндыд æнтыстытæ 2018 азы президентон æвзæрстыты. Сербийы, зæгъ, стыр аргъ кæнынц, нæ адæмæн ды цы сарæзтай, уымæн.

 

RT райдыдта æвдисын Францы

Уæрæсейаг канал Russia Today æвдисын райдыдта французаг æвзагыл. Канал трансляци кæндзæн ног хабæртты рауагъдтæ, алыгъуызон ток-шоутæ æмæ документалон фильмтæ. «Фрнцузаг аудитори ныр йæхæдæг базондзæн æмæ фендзæн цахæм «фейкометæтæ» стæм,  æмæ мах «Кремлы пропагандæйы рупортæ» стæм, æви мах æцæгæй Францы стæм иунæг телеканал, кæцы æвдисы уыдонæн альтернативон цæстæнгас, уый сын дзуры ахæм хæбрæттæ, кæцыты тыххæй уыдон французаг каналтæй никуы фехъусдзысты. Ныр махæн фадат ис нæ хъуыды зæгъынæн», – банысан кодта рауагъды сæйраг редактор Маргарита Симоньян.

Уæ сæртыл ныллæг æрхæцут æмæ

ныууадзут уæ куыст

Саакашвили ныффыста видеосидт Порошенкомæ, цыран æм сиды, цæмæй йе ‘ххæстбар-тæ барвæндонæй æрурома. «Басæттут уæхи раз дæр æмæ адæмы раз дæр, ды æмæ де ‘мтохгæнджытæн сæ бон кæй нæу æмæ уæ фæндгæ дæр нæ кæны Украинæйы хуыздæрæрдæм фæивын. Дæ барвæндонæй ацыд у фæстаг мадзал политикон кризисы сæрты ахизынæн». Дæ сæй-раг знаг æмæ тæссагдзинад, зæгъ, у дæ æгæрон кæрæфдзинад, кæцыимæ не сразы уыдзысты Украинæйы адæм.

Америкæ хæсджын у, цæмæй уа

тыхджын»

Дональд Трамп банысан кодта, зæгъгæ, мах æмæ не ‘мцæдисонты ныхмæ лæууынц режимтæ, террористон организацитæ æмæ дунеон криминалон синдикаттæ. Мах, зæгъ, æмбæлæм бæстæтæ-ныхмæлæуджытæ – Уæрæсе æмæ Китайимæ, кæцытæ тырнынц америкæйаг æндæвдадæн, æргъадтæн æмæ фæрныгадæн быцæусидт радтынмæ. Цæмæй АИШ дунеон аренæйы алыхатт дæр уа фыццаг, уый тыххæй Трамп фехъусын кодта цыппар сæйраг принципы: бæстæйы хъахъхъæнын, Америкæйы дидинæфтыдыл æмархайд кæнын, тыхы руаджы сабырдзинад бахъахъхъæнын (æфсад сфидар кæнын) æмæ АИШ-ы æндæвдад æндæр бæстæтыл рауæрæхдæр кæнын.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.