Фæуæлахиз президентон æвзæрстыты

Азербайджаны архайæг президент Ильхам Алиев фæуæлахиз президентон æвзæрстыты. Паддзахады сæргълæууæджы бынатыл тох кодтой аст кандидаты. Йæ кандидатурæйы æвварс схъæлæс кодтой æвзарджыты 86,9 проценты. Уый размæ Азербайджаны Конституцимæ бахæсгæ ивындзинæдтæм гæсгæ президенты бынаты иу æмгъуыд та ссис 7 азы, уымæ гæсгæ ацы бæстæйы иннæ президентон æвзæрстытæ уыдзысты 2025 азы.

 

Ныхас кодтой телефоны

УФ-йы Президент Владимир Путин телефоны ныхас кодта Израилы премьер-министр Биньямин Нетаньяхуимæ. Дыууæ паддзахадты сæргълæуджытæ, сæрмагондæй, æруынаффæ кодтой, сирийаг аэродром «Тифор»-ы Израиль ракетæтæй кæй фехста, ууыл. Уый фæдыл Путин банысан кодта Сирийы суверенитет бахъахъхъæныны æнæмæнгхъæуындзинад æмæ æрсидт, ахæм архайдтыты тыххæй хиуыл фæхæцынмæ, кæцытæ ноджы дестабилизаци кæнынц ацы бæстæйы уавæр. Уымæй дарддæр ма Путин æмæ Нетаньяху Холокосты амæттæгты мысæн боны фæдыл фехъусын кодтой истори сфальсификаци кæнынмæ бафæлвæрдтытæ ма бауадзыны тыххæй. Холокосты амæттæгты мысæн бон нысан фæцæуы 12-æм апрелы.

 

***

УФ-йы Президент Владимир Путин ма телефоны ныхас кæнгæйæ Сирийы уавæрыл æруынаффæ кодта Туркы президент Реджеп Тайип Эрдоганимæ. Дыууæ лидеры дæр равдыстой сæ катайдзинад, Сирийы уавæр кæй æндыгъддæр кæны, уый фæдыл æмæ загътой сæ хъуыдытæ процесс  политикон æгъдауæй æрбæстон кæныны тыххæй. Лидертæ бадзырдтой алыгъуызон здæхтыты дыууæфарсон контакттæ адард-дæр кæныны тыххæй.

 

«Ног æмæ зондджын» ракетæтæ

Сирийы алыварс уавæр дарддæр дæр æндыгъддæр кæны. АИШ-ы президент Дональд Трамп фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы хъæуы йæхи бацæттæ кæнын Сирийы территорийы ракетон цæфæн ныхкъуырд радтынмæ, кæцы æххæст æрцæудзæн «ног æмæ зондджын» ракетæты руаджы.

 

Æбæрнон хъусынгæнинаг

УФ-йы Паддзахадон Думæйы Хъахъ-хъæнынады фæдыл комитеты сæргълæууæг Владимир Шаманов «зондджын ракетæты» тыххæй Трампы хъусынгæнинаг схуыдта æбæрнон. Фæлæ Иугонд Штатты куы бафæнда уæрæсейаг хæцæнгарзы гъæд сбæрæг кæнын, уæд, йæ ныхæстæм гæсгæ райсдзысты аккаг ныхкъуырд.

 

«Зондджын ракетæтæ» хъуамæ тæхой террористты ‘рдæм

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар Мария Захарова Трампы æртхъирæнтæн сдзуапп кодта, зæгъгæ, «зондджын» ракетæтæ хъуамæ тæхиккой  Сирийы закъонон хицауады ‘рдæм нæ, кæцы йæ территорийыл ныр цалдæр азы тох кæны дунеон терроризмы ныхмæ,  фæлæ террористты ‘рдæм.

 

Йæхи цæттæ кæны Сирийы хæстон операцимæ

Бритайнаг авиаци æмæ флот цæттæ сты Сирийы ныццæвынмæ. Æххæст хæстон цæттæдзинадмæ раконд æрцыдысты бритайнаг хæдтæхджытæ Кипры æфсæддон базæйы. Ныртæккæ авиабазæйы ис аст куынæггæнæг-бомбæзгъалæн хæдтæхæджы, кæцытæ ифтонг сты базырджын ракетæтæй æмæ цæттæ сты хæстон архайдтытæм. “The Times” фыссы, зæгъгæ, Сирийы донбылгæрæттæм цæуынц бритайнаг хæстон денджызон тыхты наутæ.

 

Хыгъд радта йæ бакæнгæ куысты тыххæй

УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитри Медведев Паддзахадон Думæйы хыгъд радта йæ бакæнгæ куысты тыххæй. Паддзахадон Думæйы Хицауады Сæрдары æрвылазон раныхас ацы хатт ссис æхсæз азы дæргъы министрты кабинеты куыстæн хатдзæгтæ саразыны фæдыл хыгъд. «Уыцы æхсæз азы уыдысты фæлварæнты азтæ, нæ экономикæйы фидардзинад сбæрæг кæныны фæлварæнтæ. Уый размæ ахæм цыбыр рæстæджы нæ экономикæ никуы иста уыйбæрц тыхджын цæфтæ уыцы иу рæстæджы. Уыдон сты дунеон финансон кризис, санкцитæ, финансон æмæ технологон базæртты сæхгæд æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ мах уымæ нæ кæсгæйæ бафæрæзтам, райдыдтам рæзын», – загъта Дмитри Медведев.

 

Лæмбынæг сæ хъус дарынц Сирийы алыварс уавæрмæ

УФ-йы Гарзджын тыхты Генералон штабы комментаритæ сарæзтой Персы донбакæлæнмæ АИШ-ы авиахæссæг къорды рацыдæн. Генералон штабы банысан кодтой, зæгъгæ, лæмбынæг сæ хъус дарынц Сирийы æмæ æппæт регионы алыварс уавæрмæ. УФ-йы Гарзджын тыхтæ сирийаг хицауадимæ иумæ кæронмæ фæуд кæнынц егъау гуманитарон операци Скæсæйнаг Гутайы.

 

Фæдзырдта йæм телефоны

УФ-йы Президент Владимир Путинмæ телефоны фæдзырдта Индийы премьер-министр Нарендра Моди. Уыдон уынаффæ кодтой дыууæфарсон стратегион партнерондзинады тыххæй. Сæ ныхасы мидис æргом не ‘рцыд. Хъусынчындæуы, зæгъгæ, ныхас ацыд конструктивон æмæ хæларадон уавæры. Владимир Путин æмæ Нарендра Модийы фæстаг сæрмагонд фембæлд уыд 2017 азы октябры мæйы БРИКС-ы бæстæты саммиты. Уæд къухтæ фыст æрцыдысты 18 æхсæнхицауадон документыл, уыцы нымæцы æфсæддон-техникон æмгуыстады фæдыл дæр.

 

Хайад нæ райсдзæн

Германы канцлер Ангела Меркель куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ йæ бæстæ хайад нæ райсдзæн Сирийы хæстон операцийы. Уыимæ  банысан кодта, зæгъгæ, бæстæйы къухдариуæгад цы гæнæн ис, уый сараздзæн, цæмæй химион хæцæнгарзæй мачи пайда кæна.

 

Экспертизæйы хатдзæгтæ

Химион хæцæнгарз ма уадзыны фæдыл организаци фехъусын кодта Скрипалты фæхъæстæ кæныны хъуыддаджы фæдыл фæдагуырды тыххæй  экспертизæйы хатдзæгтæ. Организаци бафидар кодта Стырбританийы хатдзæгтæ, æмæ хъæстæгæнæн буарады сыгъдæг сконд та дзурæг у ууыл, æмæ кæцыдæр паддзахады специалисттæ кæй архайдтой йæ рауадзыныл. Фæлæ йæ чи рауагъта, уый сбæрæг кæнын нæ хаудта организацимæ.

 

Организаци йæ куыстмæ æрæвналдзæн

Химион хæцæнгарз ма уадзыны фæдыл организаци мисси арвыста Сиримæ, цæмæй сбæрæг кæной, Думайы химион хæцæнгарзæй спайдагонд æрцыд, уый. Миссийы специалисттæ сæ куыстмæ æрæвналдзысты абон, 14-æм апрелы.

 

Æрхауд хæдтæхæг

Алжиры æрхауд æфсæддон хæдтæхæг. Ил-76 уыдысты 257 адæймаджы, уыдон иууылдæр фæмард сты. Æфсæддон службæгæнджытимæ хæдтæхæг тахт Буфарикы аэродромæй горæт Бешармæ. Куы стахт, уымæй цалдæр минуты фæстæ æрхауд Алжиры столицæмæ æввахс. УФ-йы Президент Владимир Путин мæсæллæйы тел арвыста Алжиры президентмæ авиакатастрофæйы сæраппонд.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.