Бартхъирæн кодта ядерон программæ сæндидзын кæнынæй

Кæд æмæ АИШ Ираны ныхмæ фæстæмæ раздахой санкцитæ, уæд бæстæ сæндидзын кæндзæн йæ ядерон программæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Ираны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Мохаммад Джавад Зариф. 2016 азы Вашингтон Иранæй систа ядерон программæимæ баст санкцитæ, фæлæ дзы уæддæр ныууагъта баллистикон ракетон хæцæнгарз саразынимæ баст санкцитæ.

    Бадзырдтæ уагъд не ‘рцыдысты

Сомихстоны оппозицийы лидер, депутат Никола Пашинян æмæ премьер-министр Серж Саргсяны бадзырдтæ фæсыкк сты. Уый размæ Пашинян фехъусын кодта, зæгъгæ, ацы бадзырдты уынаффæ цæудзæн Саргсяны сабырадон отставкæйыл. «Спутник Армении» куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ ныхас кæнын дæр райдыдта уый, зæгъгæ, хицауад рахызт адæммæ. Дзуаппæн ын Серж Саргсян загъта, зæгъгæ, Пашиняны нæ фæнды диалог уадзын, дзуры ультиматумы æвзагæй. Уымæй дарддæр ма Саргсяны зæрдæмæ нæ фæцыд, залы бирæ журналисттæ кæй æрæмбырд, уый æмæ фехъусын кодта, зæгъгæ, ахæм уавæрты бадзырдтæ уадзын зын у æмæ ацыд залæй. Саргсян бауынаффæ кодта оппозицийæн закъоны фæлгæтты архайын, афтæ ма фехъусын кодта, зæгъгæ, парламентон æвзæрстыты 7-8% йедтæмæ чи нæ райста, уыцы фракцийæн ультиматумты æвзагæй дзурæн нæй. Пашинян та æрсидт æмбæстæгтæм, цæмæй протесты митингтæ дарддæр кæной.

Фехъусын кодта ядерон программæ æруромыны тыххæй

Цæгат Кореяйы лидер Ким Чен Ын сарæзта сенсацион хъусынгæнинаг, зæгъгæ, Кореяйы Адæмон Демократон Республикæ æруромдзæн цахæмфæнды ракетон æмæ ядерон фæлварæнтæ, æппæт тыхтæ дæр экономикæйы рæзтмæ смобилизаци кæнгæйæ. Йæ ныхæсты рæстдзинады тыххæй Пхеньян ныфс бавæрдта Пхунгеры иунæг ядерон полигон сликвидаци кæныны тыххæй, цыран уый размæ уагъд æрцыдысты æхсæз ядерон фæлварæны. Ацы хъусынгæнинаг алкæмæндæр уыд æнæнхъæлæджы. 27-æм апрелы уый фембæлдзæн Хуссар Кореяйы лидер Мун Чжэ Инимæ, æмæ май-июны та – АИШ-ы президент Дональд Трампимæ скæндзæн ба-дзырдтæ.

Теракты фæмард сты дæсгай  адæймæгтæ

Афганистаны столицæ Кабулы срæмыгъды фæстиуæгæн фæмард сты 57 адæймаджы, 100 адæймагæй фылдæр та цæфтæ фесты.  Кабулы æвзарджыты регистрацийы центры цур бомбæ спырх кодта террорист-химар (смертник). Боевик бацыд центры бæстыхаймæ, цыран чиновниктæ регистраци кодтой æвзарджыты парламентон æмæ бынæттон æвзæрстыты хайад райсыны тыххæй, кæцытæ уагъд æрцæудзысты ацы аз октябры мæйы. Кабулы  срæмыгъды фæдыл бæрндзинад йæхимæ райста ИГИЛ. Уыцы иурæстæджы Багланы провинцийы дæр уыд срæмыгъд æвзарджыты регистрацигæнæн центры. Уым та фæмард авд адæймаджы æмæ 10 та  – цæфтæ фесты. Ацы срæмыгъды тыххæй йæхимæ бæрндзинад ничи ма райста.

«Большая семерка»-йы фембæлд

«Большая семерка»-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæн Торонтойы уыдзæн бадзырдтæ дунеон къорд проблемæйы фæдыл. Авд бæстæйы – Стырбритани, Герман, Итали, Канадæ, АИШ, Франц æмæ Японы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрты фембæлд уагъд æрцæудзæн ахæм девизы бын  «Строя более безопасный мир», зæгъгæ. Фембæлдтыты темæ суыдзысты дунеон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм глобалон фæсидтытæ æмæ фарстытæ. Ведомствоты сæргълæуджытæ æруынаффæ кæндзысты Кореяйы æрдæгсакъадахы, Уæрæсе, Украинæимæ ахастытæ, Сирийы æмæ Æввахс Хурскæсæны уавæр, афтæ ма палестинаг-израилаг конфликтыл. 2014 азы онг дунейы раззагон бæстæты баиугæнд уæвынад кодта «большая восьмерка»-йы форматы Уæрæсейы хайадистæй. 2014 азы «восьмерка»-йы сæрдариуæгад рахызт Уæрæсейы Федерацимæ æмæ саммит план кодтой Сочийы ауадзын, фæлæ Украинæйы æмæ Хъырымы алыварс цауты тыххæй фембæлд хаст æрцыд Брюсселмæ æнæ уæрæсейаг хайадистæй баиугæнд райста уынаффæ G7 форматмæ раздæхыны тыххæй.

Тыхдымгæтæ

УФ-йы Централон æмæ Цæгат- Ныгуылæн Федералон зылдты 12 регионы – Мæскуыйы, Владимиры, Тулæйы, Тверы, Ивановойы, Молнескаг, Липецкы, Рязанскы, Псковскы, Новгородаг, Ленинградаг областтæ æмæ Мæскуы хъыгдард баййæфтой тыхдымгæтæ æмæ митхæццæ къæвдатæй. 52 муниципалон баиугæндты территориты 980 цæрæн пунктты нал уыд электорифтонгад. Æрдзон æнамонддзинадæй тынгдæр бахъыгдард сты Мæскуы æмæ Мæскуыйы область.

Протестон акцитæ

Никарагуайы социалон ифтонгады реформæты ныхмæ протестон акциты фæмард 25 адæймаджы. Бæстæйы президент Даниэль Ортега Никарагуайы столицæ Манагуа æмæ цалдæр æндæр горæты змæстыты фæдыл райста уынаффæ сплангонд реформæтæ аивыны фæдыл. Ацы хъусынгæнинаджы размæ протестгæнджытæ ныппырх кодтой супермаркеттæ, уынгты сарæзтой баррикадæтæ. Оппозици аххосджын кæны Ортега æмæ йæ цардæмбал Росарио Мурильойы бинонты диктатурæ сæвæрынмæ бафæл-вæрды. Ортега Никарагуайы президент у 2007 азæй фæстæмæ, йæ президентон рæстæджы фиппайдæуы стабилон экономикон рæзт.

Фæндагон-транспортон цау

Цæгат Кореяйы туристон автобусы аварийы амæттæтæ систы китайаг туристтæ. Авари æрцыд Бур денджызы цур фæндагыл, автобус ахаудта хидæй. Развæлгъау зонæнтæм гæсгæ фæмард сты 30 адæйма-джы.

Бацыдысты сириаг Думамæ

Химион хæцæнгарз ма уадзыны фæдыл организацийы эксперттæ бацыдысты сириаг Думамæ химион хæцæнгарзæй пайдагонд æрцыд æви нæ, уый сбæрæг кæныны тыххæй. Организацийы фехъусын кодтой, зæгъгæ, уыцы хуызæгты аласдзысты голландиаг горæт Рейсвейкы лабораторимæ, æмæ сæ уырдыгæй та ратдзысты организацийы лабораторимæ анализтæ саразынмæ. Ацы хуызæгты анализты æмæ æндæр информаци æмæ æрмæджыты бындурыл бацæттæгонд æрцæудзæн доклад, кæцы æркæсынмæ лæвæрд æрцæудзæн химион хæцæнгарз ма уадзыны тыххæй Конвенцийы паддзахадтæ-хайадисджытæм.

«Ныр ахæм механизмтæ нал ис»

Швецийы хуссары  ИНО-йы Æдасдзинады советы уæнгтæ – бæстæты минæвæрттимæ æнæформалон фембæлды хайад райста организацийы генералон секретарь Антониу Гутерреш. Уый фехъусын кодта, зæгъгæ, ИНО-йæн йæ бон нæу Сирийы æппæт проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын. «Æмбæрст-гонд у, уазал хæст фæстæмæ кæй æрбаз-дæхт, уый. Фæлæ ис хицæндзинад раздæры æмæ ныры уавæры ‘хсæн. Ныр АИШ æмæ Уæрæсе нал контроль кæнынц алкæуыл, раздæр куыд уыд, афтæ. Бирæ бæстæтæ  Турк, Иран, Саудоваг Арави æмæ æндæртæ тынг активон сты Æввахс Хурскæсæны. Раздæры уазал хæсты рæстæджы уæвынад кодтой диалогы, контролы æмæ коммуникациты функцитæ, цæмæй гаранти уыдаид конфронтациты рæстæджы цаутæ контролы бынæй ма рахизынæн. Ныр ахæм механизмтæ нал ис», – загъта уый.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.