Уæрсейаг æфсæддонтæ æнтыстджынæй ныхкъуырд радтой æнæпилотон аппараттæн

Æхсæвы уæрæсейаг уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæй сбæрæгчындæуыд 13 æнæпилотон тæхæн аппараты. Уыдон æрбаввахс сты уæрæсейаг æфсæддон объекттæм авиабазæ Хмеймимы æмæ горæт Тартусы. Уæрæсейаг æфсæддонтæ дзы æртæйы æрбадын кодтой базæмæ æввахс территорийыл, æртæ дзы спырх сты зæххыл сæмбæлгæйæ æмæ дзы авд та куынæг æрцыдысты. Ахæм æнæпилотон тæхæн аппараттæ райсæн уыд æрмæстдæр технологон æгъдауæй размæдзыд бæстæйæ. Бæрæг цæуы, террористæн ахæм технологитæ чи радта, уый.

Фæцис документтæ исыны æмгъуыд

Уæрæсейы ЦÆК-ы куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ УФ-йы Президенты бынатмæ йæхæдæг йæхи чи раразмæ кодта, уыдонæй документтæ исыны æмгъуыд фæцис. 7-æм январь уыд куырдиæттæ бадæттыны фæстаг бон, Уæд ма райстой 5 кандидаты документтæ. Æдæппæтæй ЦÆК-мæ сæ документтæ балæвæрдтой 46 кандидаты, уыдонæй 15 сты, йæхæдæг йæхи чи раразмæ кодта, ахæмтæ. Партитæй раразмæгонд кандидаттæн сæ бон у сæ документтæ 12 январмæ бадæттын.

Дыууæ Кореяйы официалон баныхæстæ

Дыууæ азы фыццаг хатт дыууæ Кореяйы хицауадты ‘хсæн официалон баныхæстæ уыдысты 9-æм январы райсомæй арæнгæрон хъæу Пханмунджомы, кæцы дих кæны дыууæ корейаг паддзахады. Баныхæстæм лæмбынæг йæ хъус дардта Кореяйы æрдæгсакъадахы æндыгъд уавæрыл чи катай кæны, уыцы дунеон æмæхсæнад. Ног баныхæстæ уагъд æрцыдысты йе мфыдыбæстæйонтæм Кореяйы Адæмон Демократон Республикæйы лидер Ким Чен Ын ногазон сидты цалдæр карз хъусынгæнинаг куы сарæзта, уый фæстæ. Сеул хорзыл банымадта диалог адарддæр кæныны хъуыддаг. 4 январы Хуссар Корея бадзырдта АИШ-имæ иумиаг æфсæддон ахуыртæ аргъæвыны тыххæй. Ахуыртæ уагъд æрцæудзысты Олимпиадæйы фæстæ. Сеул æмæ Пхеньян бадзырдтой æфсæддон фарстыты фæдыл бадзырдтæ сног кæныны тыххæй. Цæгат Корея фехъусын кодта, йе спортсментæ Олимпиадæйы хайад кæй райсдзысты, уый тыххæй.

Сусæггаг æмбæлццоны

хъысмæт

АИШ-ы хицауд бастдзинад фесæфта уый размæ цы сусæггаг æмбæлццон Zuma ауагътой уыимæ. Газет Wall Street Journal куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ аппарат æвæццæгæн æрхауд денджызы. АИШ райдыдтой фæдсгæрст, диверсийы миниуджытæ бæрæг не ‘рцыдысты. Ракетæ уагъд æрцыд мыс Канавералæй 8 январы. Хъуамæ йæ ауагътаиккой ивгъуыд азы ноябры мæйы, фæлæ йæ алы-гъуызон аххосæгтæм гæсгæ фæстæдæрмæ æргъæвтой. Зонæдты уæрæсейаг академийы космикон иртасæнты институты кусæг Натан Эйсмонты ны-хæстæм гæсгæ, ацы ситуаци æвзæрырдæм бандавдзæн АИШ-ы национ развæдсгæрсты управленийы имиджыл. Уымæй дарддæр ма уый куыд банысан кодта, афтæмæй æмбæлццон сусæггаг кæй уыд, уымæ гæсгæ АИШ-ы хицауад нæ раргом кæндзæн æрцæугæ цауы аххосаг.

Трамп ныфс бавæрдта 2020 азы президентон æвзæрстыты

фæуæлахизæй

АИШ-ы президент Дональд Трамп фехъусын кодта, зæгъгæ, уый 2020 азы президентон æвзæрстыты хайад куы райса, уæд рамбулдзæн телеуадзæг Огра Уинфрийы. Конгрессментимæ фембæлды рæстæджы уый фехъусын кодта, зæгъгæ, президентон æвзæрстыты Уинфрийы хайадист уыдзæн хъæлдзæг цауы хуызæн, фæлæ, зæгъ, мæнмæ гæсгæ уый хайад нæ райсдзæн æвзæрстыты. Трамп уый размæ фехъусын кодта, дыккаг æмгъуыдмæ кæй цæудзæн, уый тыххæй.

Сырæзт 9 сантиметры

Япойнаг астронавт Норисигэ Канаи фехъусын кодта, зæгъгæ, тæрсы йæ куысты йын проблемæтæ куы фæзына, уымæй, уымæн æмæ æртæ къуырийы космосы фæуыны фæстæ сырæзт 9 сантиметры. «Æз тынг тыхсын, космикон нау «Союз»-ы бандоны мыййаг, куынæуал бацæуон, уымæй. Аэрокосмикон иртасынæдты япойнаг агентады бамбарын кодтой, зæгъгæ, космосы гравитаци кæй нæй, уымæ гæсгæ адæймаг сырæзы 1-2 сантиметры, фæлæ нырма 9 сантиметры ничи ма сырæзт абоны онг.

Цæгат Корея сарæзта национ

ядерон тыхтæ

2017 азы Цæгат Корея фæцис йæ национ ядерон тыхты арæзт. Уый тыххæй фехъусын кодта бæстæйы лидер Ким Чен Ын. «Ядерон кнопкæ ис мæ кусæгон стъолыл. Пхеньянмæ ядерон тыхтæ кæй ис, уымæ гæсгæ АИШ нæ райдайдзысты хæст Цæгат Кореяйы ныхмæ», – загъта уый. Ким Чен Ын фехъусын кодта, зæгъгæ, АИШ-ы территори уыдзæн куынæггæнæн зонæйы, кæд æмæ уый ядерон цæф ныккæна Пхеньяны, уæд. Йæ ныхæстæм гæсгæ Пхеньян бацыд финалон стадимæ æхсæнконтиненталон баллистикон ракетæ баццæттæ кæныны. «Мах хъуамæ массон æгъдауæй райдайæм æхсæнконтиненталон баллистикон ракетæтæ аразын», – банысан кодта уый.

ИНО нæ рахæцыд АИШ-ы

æвварс

ИНО-йы Æдасдзинады совет нæ рахæцыд АИШ-ы æвварс Ираны мидæггагон хъуыддæгты йæхи схæццæ кæныны тыххæй. ИНО-йы АИШ-ы æдзухон минæвар Никки Хейли фехъусын кодта, зæгъгæ, Ираны уавæр рæзы сирийаг сценаримæ гæсгæ æмæ, зæгъ, дуне хъуамæ йæ ныхас зæгъа. Хейли æнхъæлдта тымбыл фынджы рæстæджы йе вварс кæй рахæцдзысты. Фæлæ, æгæрыстæмæй, сæ фарс нæ рахæцыдысты се ‘мцæдисонтæ дæр. «Ирайнаг адæм сæхæдæг хъуамæ райдайой сабырадон диалог. Кæд æмæ Ираны фæстаг бонты æрцæугæ цаутæ катайаг сты, уæддæр уыдон планетæйы æдасдзинад æмæ сабырдзинадæн ницы тас сты»,- загъта ИНО-йы Францы æдзухон минæвар Франсуа Делаттр.

«Уæ энерги Афганистан, Сири, Ливи, Ирак, Йемен, африкæйаг континенты карз кризисон ситуацитæ æрбæстон кæ-ныны тыххæй спайда кæныны бæсты, сымах фæндон хæссут паддзахады мидæггагон хъуыддæгты хи хæццæ кæныны тыххæй», – бафиппайдта ИНО-йы Уæрæсейы æдзухон минæвар Василий Небензя.

 

Историйы иууыл хъæздыгдæр адæймаг

Америкæйаг телеканал CNN куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ интернет-компанийы къухдариуæггæнæг Безосæн йæ исад схызт 105,1 миллиард доллармæ æмæ историйы ссис иууыл хъæздыгдæр адæймаг. Телеканал куыд нысан кæны, афтæмæй Безосы капитал фылдæр кодта, Amazon-ы акциты аргъ кæй рæзт, уымæ гæсгæ. Уый размæ та историйы иууыл хъæздыгдæр адæймагыл нымад цыд америкæйаг компани Microsoft-ы бындурæвæрæг Билл Гейтс.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.