ÆРУЫНАФФÆ КОДТОЙ АХСДЖИАГ ФАРСТАТЫЛ

УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ ИНО-йы генералон секретарь Антониу Гутерреш сæ фембæлды рæстæджы æруынаффæ кодтой адæймаджы барты фæдыл ИНО-йы Советæй АИШ-ы рахизыны алыварс уавæрыл. «Уымæй дарддæр ма сæйраджыдæр уынаффæ кодтой дунеон карз фарстатыл», – фехъусын кодта УФ-йы Президенты пресс-секретарь Дмитри Песков. Фембæлды рæстæджы Путин зæрдыл æрлæууын кодта, ныртæккæ ИНО-йы Æдасдзинады советы Уæрæсе кæй сæрдариуæгад кæны, уый тыххæй, æмæ ныфс бавæрдта, йæ куыст конструктивонæй кæй ацæудзæн, уымæй. Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, ИНО-йæн хъуамæ уа ахсджиагдæр нысаниуæг дунеон хъуыддæгты.

ЙÆХИМÆ РАЙСТА ПОРТУГАЛИЙЫ ПРЕЗИДЕНТЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин йæхимæ райста Португалийы президент Марселу Ребелу ди Созайы. Уый Мæскуымæ æрцыд футболæй дунеон чемпионатмæ. «Мах, кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаджыдæр хæцæм уæрæсейаг æмбырдгонды æвварс. Фæлæ куыд турниры организатортæ, афтæ мах æмхуызон уавæртæ аразæм алкæцы æмбырдгондæн дæр, нымайæм сæ нæ уазджытыл», – банысан кодта Путин.

«Æнæхъæн дуне стыр цымыдисимæ сæ хъус дарынц чемпионатмæ. Мах, португайлæгтæ, уæлдай уарзт кæнæм футбол. Æцæг нын ис иу чысыл проблемæ, кæцы гæнæн ис æрцæуа æмæ мах бахъæуа кæрæдзийы ныхмæ хъазын. Уымæн æмæ, хъыгагæн,  дыууæ уæлахиздзауы нæ вæййы. Кæй зæгъын æй хъæуы, махæн ис Криштиану Роналду, фæлæ иннæрдæгæй та, уæрæсейаг æмбырдгонд æвдисы тынг хорз хъазт, иннæмæй та сæ хæдзары сты. Уымæ гæсгæ ацы хъазты фæстиуæг цахæмфæнды дæр ма уа, уæддæр мæ ныфс ис, нæ дипломатон ахастытыл кæй нæ бандавдзæн», – банысан кодта Португалийы президент Марселу Ребелу ди Соза.

ФЕМБÆЛД ГЕНЕРАЛОН СЕКРЕТАРИМÆ

Владимир Путин Мæскуыйы фембæлд Европæйы Советы генералон секретарь Турбьерн Ягландимæ. Уæрæсейаг лидер банысан кодта, зæгъгæ, Мæскуыйæн зындгонд у Уæрæсе æмæ Евроцæдисы æххæст æмархайды позици. «Ацы позицийæн аргъ кæнæм. Ацы фарстыл абон дæр ныхас кæндзыстæм», – загъта Владимир Путин.

ПАДДЗАХАДОН ВИЗИТ

Уæрæсемæ паддзахадон визитимæ æрцыд Хуссар Кореяйы президент Мун Чжэ Ин. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Сингапуры АИШ-ы президент Дональд Трамп æмæ Цæгат Кореяйы лидер Ким Чен Ыны баныхæсты фæстæ, официалон Сеул фехъусын кодта, дыууæ Кореяйы кæрæдзимæ знаджы цæстæй кæй нал кæсдзысты, уый тыххæй. Уый ма куыд загъта, уымæ гæсгæ Цæгат Корея кусы ядерон хæцæнгарзы арсеналты æххæстæй скуынæг кæныныл, æмæ Хуссар Корея æмæ Америкæ та æрурæдтой раздæр сплангонд иумиаг æфсæддон ахуыртæ Кореяйы æрдæгсакъадахы. Хуссар Кореяйы лидер фехъусын кодта дарддæры дыууæфарсон æмгуыстады конкретон план: кореяйаг-уæрæсейаг инновацион центр саразын, Дард Хурыскæсæны рæзт æмæ бирæ æндæртæ. Афтæ ма загъта, зæгъгæ, йæ фæнды Сеул æмæ Мæскуыйы ‘хсæн товарæрзылд 30 миллиард доллары онг скæнын æмæ цыппæрæм сæудæджерадон революцийы дуджы лидертæ суæвын. Сеул уæлдай ныфс æвæры Мæскуыйæ Пхеньянимæ бафидауыны æмæ Кореяйы æрдæгсакъадахы æххæст денуклеаризацийы фарстыты.

НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

Уæрæсейы æмæ Украинæйы президенттæ Владимир Путин æмæ Петр Порошенко ныхас кодтой телефоны. Уыдон æруынаффæ кодтой Донбассы уавæрыл, минскаг бадзырдтыл, Украинæйы уавæр æрбæстон кæныныл, афтæ ма ахст адæймæгты баивыны фарстыл. Петр Порошенко æрсидт, цæмæй украинæйаг омбудсмены бауадзой режиссер Олег Сенцовмæ, кæцыйæн уæрæсейаг тæрхондон рахаста 20 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон Хъырымы территорийыл теракт саразынмæ кæй хъавыд, уый тыххæй. Порошенко æрсидт уæрæсейаг ахæстæтты чи бады, уыцы украинæйæгты ссæрибар кæнынмæ. Уæрæсейаг президент йæ катайдзинад равдыста, Донбассы уавæр кæй фæкарздæр, уый фæдыл.

СФИДАР КОДТА ДЗУАППОН МАДЗÆЛТТÆ

Еврокъамис сфидар кодта дзуаппон мадзæлттæ бакæнын «баланс сæндидзын кæныны фæдыл» æндон æмæ алюминийыл америкæйаг фиддонты ныхмæ. Ног мадзæлттæ сæ тыхы бацыдысты 22-æм июнæй æмæ фиддонтæ цы товартыл бакодтой, уыдоны аргъ уыдзæн 2,8 миллиард евройы. «Мах нæ фæндыд ахæм уавæр æруадзын. Фæлæ  европæйаг æндон æмæ алюминийыл фиддонтæ бакæныны тыххæй АИШ-ы иуфарсон æмæ æнæбындур уынаффæтæ дзурынц ууыл, æмæ махæн дæр æндæр гæнæн кæй нал уыд. Кæд æмæ АИШ аива фиддонтæ, уæд сæ мах дæр сисдзыстæм», – банысан кодта базарады фæдыл къамисар Сесилия Мальмстрем.

ТУРК ДÆР БАКÆНДЗÆН ФИДДОНТÆ

Турк Иугонд Штатты къорд товартыл бакæндзæн фиддонтæ. Ацы мадзал у дзуаппон Вашингтоны ‘рдыгæй аналогон архайдтытæн. Уæлæмхас фиддонтæ бакæндзысты автомобилтæй райдайгæйæ суанг хурæй бахъахъхъæныны тыххæй кремты онг. Фæсарæйнаг продукцийыл АИШ фиддонтæ кæй фæфылдæр кодта, уый æнæразыдзинад расайдта Вашингтоны ахæм æмцæдисонтæм, куыд Евроцæдис æмæ Турк.

«ФАРСТ ÆХГÆД У»

«Мах Уæрæсейæ æлхæнæм С-400 системæтæ æмæ ацы фарст у æхгæд», – фехъусын кодта Турчы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Мевлют Чавушоглу 2019 азы финансон азæн Пентагоны бюджеты тыххæй АИШ сенаты закъоны проект куы исы, уыцы рæстæджы. Хъахъхъæнынады министр хорзыл нæ банымайдзæн Анкарайæн америкæйаг хæцæнгарз раттын. Афтæмæй гæнæн ис АИШ Анкарайы ныууадза æнæ америкæйаг фæндзæм фæлтæры F-35А куынæггæнæг хæдтæхджытæй.

РАЙСТА ЗАКЪОН

Венгрийы парламент райста закъон, кæцымæ гæсгæ   нæ уыдзæн æнæлегалон мигранттæн баххуыс кæныны бар. Чи сын æххуыс кæна, уыцы организациты кусджытæ  конд цæудзысты уголовон бæрндзинадмæ, суанг ахæстоны фæбадыны тæрхон рахæссыны онг.  Мигрантты проблемæйы тыххæй ныридæгæн   фæкарздæр сты ахæм бæстæты ‘хсæн ахастытæ куыд Итали æмæ Франц, æндыгъддзинадмæ æркодта Германы къухдариуæггæнæг коалицийы. Германы канцлер Ангела Меркель, кæцы  йæ рæстæджы расидт «гом дуæртты политикæ», ныр йæ позици фæивта. Меркель æмæ Францы президент Эммануэль Макрон фехъусын кодтой Евроцæдисы æддагон арæнтæ фæфидардæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй.  Меркель ма фæндон бахаста, цæмæй лигъдæттæ сæхæдæг ма æвзарой, кæм цæрой, уыцы бæстæйы. Еврокъамисы сæргълæууæг Жан-Клод Юнкер фехъусын кодта 24 июны миграцион кризис аскъуыддзаг кæныны фæдыл Евроцæдисы лидерты экстренон фембæлд ауадзыны тыххæй, ома, Евроцæдисы саммиты размæ, кæцы уагъд æрцæудзæн июны кæрон.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.