НОГ КАДДЖЫН НÆМТТÆ

Уæрæсейы ма фæзынд дыууæ кадджын номы – «УФ-йы сгуыхт æурналист» æмæ «УФ-йы бастдзинад æмæ информацийы сгуыхт кусæг». Ацы фарст рахаста Уæрæсейы Журналистты цæдисы сæргълæууæг Владимир Соловьев январы мæйы дзыллон информацийы фæрæзты сæйраг редактортимæ УФ-йы президенты фембæлды рæстæджы. Владимир Путин уæд сразы йæ аргументтимæ. Президент ацы фарст бакусын бахæс кодта йæ администрацийæн æмæ загъта, зæгъгæ, журналисты професси у «цымыдисон, тынг ахсджиаг, вазыгджын, æмæ хъыгагæн, бирæ хæттыты тæссаг, фæлæ тынг хъæуæг». Абоны онг Уæрæсейы ис алыгъуызон фадгуыты сгуыхт кусджытæн 60 кадджын номы.

МАДЫ КАПИТАЛЫ ТЫХХÆЙ

Мады капиталы райсыны æмгъуыд фæкъаддæр кæндзысты иу мæйæ дыууæ къуырийы онг. Социалон лæггæдты  гъæд фæбæрзонддæр кæныныл уынаффæ кодтой УФ-ы Хицауады. Дмитрий Медведев  фехъусын кодта: «Мады капиталы программæ  хъуамæ фæахъаз уа материалон проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн. Иумиагæй æмбæрстгонд у, адæмы фæнды сæ сертификат, куыд гæнæн ис, афтæ тагъддæр райсын. Уымæй дарддæр ма фæкъаддæр уыдзысты  документтæ басгарыны æмгъуыдтæ дыууæ къуырийæ фондз боны онг».

БАБÆРÆГ ÆЙ КОДТОЙ

Вашингтоны уæрæсейаг минæварады  дипломаттæ фæдагурæн изоляторы бабæрæг  16 июлы Вашингтоны кæй бауæрдтой, уыцы уæрæсейаг æмбæстаг Мария Бутинайы. Уый аххосджын кæнынц АИШ-ы территорийыл фæсарæйнаг агенты хуызы куысты. АИШ-ы юстицийы министрады куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ Бутина 2015-2017 азты куыста уæрæсейаг хицауады бæрзонд бынаты кусæгæн.

ÆНÆРХЪÆЦÆЙ  ÆНХЪÆЛМÆ КÆСЫ ДЫККАГ ФЕМБÆЛДМÆ

АИШ-ы президент Дональд Трамп фехъусын кодта, зæгъгæ, æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсы йæ уæрæсейаг коллегæ Путинимæ ног фембæлдмæ. «Æз æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсын нæ дыккаг фембæлдмæ, цыран махæн нæ бон суаид, цы фарстытыл уынаффæ кодтам, уыдоныл уынаффæ адарддæр кæнын, уыцы нымæцы терроризмы ныппырх кæнын, Израилы æдасдзинад, ядерон хæцæнгарз апарахат кæнын ма бауадзын, кибератакæтæ, базарад, Украинæ, Æввахс Хурскæсæн, Цæгат Кореяйы фæдыл фарстытæ æмæ æндæртыл». Трамп Дæон Боллтонæн бахæс кодта, цæмæй хонæн гæххæтт арвита Владимир Путинмæ фæззæджы визитимæ Америкæмæ æрцæуыны тыххæй. Уыимæ Путин та банысан кодта, зæгъгæ, АИШ-ы ис хъомысджын тыхтæ, кæцыты фæнды Мæскуы æмæ Вашингтоны ахастытæ фехалын.

АРÆЗТ ÆРЦЫД ЛИГЪДÆТТЫ ЦЕНТР

Сирийы территорийыл арæзт æрцыд лигъдæтты райсыны æмæ æрбынат кæныны центр. Центры хæстæй иу у фæсарæйнаг бæстæтæй сæ цæрæн бынæттæм сирийаг лигъдæтты раздахын, Сиримæ гуманитарон æххуыс ласын, уыцы нымæцы арæзтадон æрмæджытæ æмæ йæ адих кæнын сорганизаци кæнын, Сирийаг хицауадæн æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ æндæр социалон слуæбæты системæтæ сæндидзын кæнынæн баххуыс кæнын æмæ бирæ æндæртæ. Центры куысты координацийæн æмæ сплангонд мадзæлттæ сæххæст кæныны тыххæй Мæскуыйы арæзт æрцыд æмæ Уæрæсейы Федерацийы управленийы национ центры бындурыл йæ куыст райдыдта Уæрæсейы хъахъхъæнынады æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты æхсæнведомствойон штаб. Сирийаг лигъдæтты сæ хæдзæрттæм раздахыны проблемæ аскъуыддзаг кæныны фæдыл Уæрæсейы инициативæйы тыххæй информаци дипломатон каналтыл фехъусын кодтой ИНО-йы профилон дæлхæйттæм, афтæ ма 36 бæстæйы  Уæрæсейы Федерацийы минæварадтæм, кæцыты территорийыл ныртæккæ сты иууыл фылдæр сирийаг лигъдæттæ.

ПОЛИТИКОН СЕЗОНЫ СÆЙРАГ ЦАУ

Хельсинкийы УФ æмæ АИШ-ы президенттæ Владимир Путин æмæ Дональд Трампы фембæлд ссис политикон сезоны сæйраг цау æмæ уыд тынг мидисджын. Дыууæ президенты ныхас кодтой æргомæй, дзырдтой цы сæ тыхсын кæны, уыцы фарстытыл æмæ фæлвæрдтой иумиаг хъуыдымæ æрцæуынмæ», – фехъусын кодта Вашингтоны УФ-йы минæвар Анатолий Антонов.

РАДТОЙ БАНДÆЙЫ УÆНДЖЫ

Уæрæсемæ секстрадици кодтой  Шамил Басаевы бандæйы уæнг Аслан Яндиевы. Словакийы хицауад уæрæсейаг спецслуæбæты домæнмæ гæсгæ террористы радтой Уæрæсейæн. Мæхъæлы райгуыргæ 40 аздзыд Яндиев  барадхъахъхъæнæг органты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хайад иста 2006 азы Цæгат Ирыстоны территорийыл  терактты сери саразыны, егъау хъомысады хиаразгæ рæмудзæн æрмæджытæй спайда кæнгæйæ. Терактты фæстиуæгæн фæмард сты сабыр цæрджытæ. Террорист уыд дунеон фæдагуырды. 2010 азы уый бафæлвæрдта фæдагурæн органтæй бамбæхсынмæ æмæ ацыд фæсарæнтæм мæнг документтæм гæсгæ. Яндиев фæлвæрдта Швейцари, Голланди æмæ европæйаг æндæр паддзахадты легализацимæ. 2011 азы урæд æрцыд Словакийы.

РАКЕТÆ «АНГАРА»-Ы ТЫХХÆЙ

УФ-йы Президент Владимир Путин радзырдта ракетæ «Ангар»-ы 2021 азы кæй хъуамæ ауадзой, уый тыххæй.  Уæззау къласы ракетæтæ «Ангара А5»-æн ис стыр нысаниуæг бæстæйы хъахъхъæнынады тыххæй, – банысан кодта уый. Афтæ ма фехъусын кодта,  уæрæсейаг уæлуæззау ракетæйы фæлварæнтæ 2028 азы райдианы плæнтты тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, космодром «Восточный»-йы фæлварæнтæн æнæмæнгхъæуæг у сæрмагонд стартон комплекс саразын. Уæрæсейаг паддзахады сæргълæууæг бафидар кодта Мæйы программæ среализаци кæныны фæдыл плæнттæ. Уый ма куыд загъта, уымæ гæсгæ йæ ныфс ис Мæймæ æввахс орбитæйы космикон станц саразыны фæдыл проект среализаци кæнынæй. Паддзахады сæргълæууæг зæрдыл æрлæууын кодта: «Нырма Мæйы орбитæйы станц, æмæ уый фæстæ та – модултæ Мæйæн  йæхи цур. Ныфс мæ ис афтæ кæй уыдзæн, уымæй».

ÆРÆВНÆЛДТОЙ НОГ КОНСТИУЦИ БАКУСЫНМÆ

Кубæйы адæмон хицауады национ ассамблея (иупалатон парламент) æрæвнæлдта бæстæйы ног конституцийы проектмæ æркæсынмæ. Сæйраг закъонмæ фæнд кæнынц ахæм ивындзинæдтæ бахæссын, Кубæйы план кæнынц президенты бынат сфидар кæнын, уыимæ ацы паддзахадон уæлдæр бынаты дыууæ фондз азы æмгъуыды бакусыны бар йедтæмæ нæ уыдзæн. Уымæй дарддæр ма план цæуы премьер-министры бынат дæр сфидар кæнын, кæцы лæудзæн министрты советы – бæстæйы æххæстгæнæн хицауады уæлдæр органы сæргъ. Афтæмæй Кубæйы дихгонд æрцæудзысты паддзахады сæргълæууæджы æмæ хицауады сæргълæууæджы бынæттæ.

БАХАСТОЙ ЙÆ НОМХЫГЪДМÆ

УФ-йы «Роспотребнадзор» ныммыхуыр кодта иууыл сыгъдæгдæр нуазыны дон цы регионты ис, уыдоны номхыгъд. Доклад мыхуыр æрцыд ведомствойы сайтыл. Иртасæнты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уæрæсейаг æртæ регионы ифтонг сты сыгъдæг нуазыны донæй. Уыдон сты Мæскуы, Санкт-Петербург æмæ Цæгат Ирыстон-Алани.

ФÆФЫЛДÆР СТЫ ДУНЕОН РЕЗЕРВТÆ

Уæрæсейы Федерацийы дунеон резервтæ иу къуыримæ фæфылдæр сты 700 милуан доллары æмæ систы 460,3 миллиард доллары. Регуляторы хъусынгæнинаджы банысанчындæуыд, зæгъгæ, дунеон резервтæ фæфылдæр сты «бюдæетон уагæвæрдты фæлгæтты валютæ самал кæныны фæстиуæгæн».

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.