Амардтой зынгæ сербаг политикы

Косоваг сербæгты лидертæй сæ иу, змæлд «Свобода, демократия, правда»-йы сæргълæууæг Оливер Ивановичы амардтой Косовойы, – хъусын кæны Associated Press. 64-аздзыд политикы фехстой Косовска-Митровицы, райсомæй йæ партийы бæстыхаймæ куы фæцæйхызт, уæд. Ивановичы адвокат Небойса Владжич куыд радзырдта, уымæ гæсгæ уый фæцис фондз нæмыгдзæфы æмæ йæ уайтагъддæр аластой рынчындонмæ, фæлæ дохтырты бон ницыуал бацис. Марыны цауы фæдыл Сербийы президент Александр Вучич ауагъта бæстæйы æдасдзинады советы экстренон рабадт. 2008-2012 азты Оливер Иванович уыд Сербийы хицауады Косовойы хъуыддæгты фæдыл паддзахадон секретарь. Серби æмæ Косовойы ‘хсæн баныхæстæ урæд æрцыдысты сербаг политикы амарыны фæстæ. Еврокъамисы секретарь фæсидт фæрстæм, цæмæй бахъахъхъæной хиуылхæцындзинад.

Эрдоганы карз хъусынгæнинаг

Турчы президент Реджеп Тайип Эрдоган карз ахаст равдыста   АИШ-ы коалицийы хъусынгæнинагмæ, Сирийы сирийаг демократон тыхтимæ «арæны æдасдзинады тыхтæ» арæзт кæй æрцæудзысты, уый тыххæй. Эрдоган уыцы тыхты схуыдта «террористон æфсад» æмæ баныфсæвæрдта се скуынæг кæнынæй. Уыимæ туркаг лидеры ныхæстæм гæсгæ операци гæнæн ис райдайа кæцыфæнды минуты дæр. «Ныртæккæ Америкæ нæ арæнты цур аразы террористон æфсад, кæцы тас у Турчы æдасдзинадæн», – загъта уый. Æмæ  ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, ныртæккæ Турчы раз лæууы, «цалынмæ нæ райгуырд, уæдмæ ацы æфсады фæхуыдуг кæныны» фарст.

Сергей Лавровы стыр пресс-конференци

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров ауагъта стыр пресс-конференци 2017 азы уæрæсейаг дипло-матийы архайды хатдзæгты фæдыл. Министрады централон пресс-центры уыдысты куыд уæрæсейаг, афтæ фæсарæйнаг дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ дæр. Лавровмæ цы фарстытæ лæвæрдтой журналисттæ, уыдонæн сæ фылдæр баст уыдысты УФ æмæ АИШ, НАТО æмæ Евроцæдисы ‘хсæн ахастытæ, Украинæйы бæстонкæнынад, афтæ ма Сирийы, æввахсхурскæйсæнаг регионы æмæ Корейаг æрдæгсакъадахы уавæры тыххæй дæр.

Армытъæпæнæй чысылдæр æнæпилотон аппараттæ

Уæрæсейы сарæзтой æнæпилотон тæхæн аппараттæ, кæцытæн сæ дæргъ у 10-15 æмæ сæ бон у визуалон развæдсгæрст уадзын, – фехъусын кодта акционерон æхсæнад «Концерн Радиоэлектронные технологии»-йы генералон директоры фыццаг хæдивæджы уынаффæгæнæг Владимир Михеев. «Нанодзаумæтты фæдыл специалист нæ дæн, фæлæ абон æз цы æнæпилотон тæхæн аппараттæ федтон, уыдон сты армытъæпæнæй чысылдæр, фæлæ сæ пайда кæнынц активонæй», – загъта Михеев программæ «Арсенал»-ы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы аппараттæ арæзт сты оптикон развæдсгæрсты тыххæй. Сæ бон у алцы аразын дæр – сусæгæй бакæсын, байхъусын…

АИШ-ы ног ядерон доктринæ

Урс хæдзар фæнд кæны ядерон æфсæддон потенциалы рæзтмæ егъау фæрæзтæ бавæрын. АИШ-ы ног ядерон доктринæйы тыххæй адæмæн фехъусын кæндзысты февралы мæйы. Уым хынцыд æрцыдысты бирæмиллиардон хæрдзтæ. Вашингтон хæссы аргументтæ Уæрæсейы æфсæддон уæлиондзинады тыххæй. Ацы бонты Гаваяты мæнг фæдисы тыххæй адæмы паникæ равдыста, америкæйæгтæ ядерон тасдзинад серьезонæй кæй исынц. Трампы администраци цæттæ кæны сноггонд ядерон доктринæйы план. АИШ фæнд кæны чысыл хъомысады ядерон боезарядты нымæц фæфылдæр кæнын. Доктринæйы автортæ нæ хъусын кæнынц, АИШ-мæ ныридæгæн минæй фылдæр ахæм боезарядтæ кæй ис, æмæ америкæйаг ядерон тыхтæн иумиагæй сæ бон кæй у æнæхъæн дуне скуынæг кæнын, уый тыххæй. «Чысыл хъомысады ядерон боезарядтæ фæфылдæр кæныны тыххæй чи дзуры, уыдоны логикæ у ахæм, зæгъгæ, ныртæккæйы ядерон хæцæнгарз æгæр серьезон æмæ æгæр мæлæтхæссæг у, цæмæй дзы спайда кæнай. Фæлæ цæмæй æндæр бæстæтæ æмбарой, зæгъгæ, махæн уæддæр нæ бон у ядерон тыхтæй спайда кæнын, уый тыххæй мах хъæуы чысылхъомысджын боезарядтæ».

Баныхæстæ столы фарсмæ

Цæгат æмæ Хуссар Кореяйы ‘хсæн райдыдтой баныхæстæ 2018 азы Пхенчханы Олимпиадæмæ Кореяйы Адæмон Демократон Республикæйы артистты балцы фарсты фæдыл. Уыдон уагъд цæуынц Пханмунджы арæнгæрон пункты. Баныхæсты рæстæджы бæрæг æрцыдысты, Олимпиадæмæ чи ацæудзæн, уыдоны нымæц, график æмæ ралæудтыты тематикæ.

Путин ныхас кодта италиаг премьеримæ

Италийы премьер-министр Паоло Джентилони дæргъвæтин рæстæджы ныхас кодта телефоны УФ-йы Президент Владимир Путинимæ. Уынаффæ кодтой Ливийы уавæрыл. Ныхасы рæстæджы банысанчындæуыд ливийаг кризисы æмæ регионы уавæр политикон æгъдауæй æрбæстон кæныны тыххæй. Джентилони æвæрццаг аргъ скодта ливийаг досьейы фæдыл ИНО-йы Æдасдзинады советы фæлгæтты Уæрæсейы архайдæн.

Д.Медведев журналисттæн радта хорзæхтæ

Дзыллон информацийы фæрæзты фадыджы УФ-йы Хицауад премитæ дæтты æрвылаз дæр. Ацы аз сæ дæттыны церемони баст уыд УФ-йы Мыхуыры бонимæ, кæцы нысан цæуы 13 январы. Ацы аз премитæ райстой 18 журналисты.

Мæнг фæдисы фæдыл

Мæнг фæдис, ома,  Гавайты ‘рдæм баллистикон ракетæ кæй тæхы, уый тыххæй АИШ-ы федералон къамис уадзы фæдсгæрст. Мæнг хъусынгæнинаджы адæммæ фæсидтысты, цæмæй уыдон, куыд гæнæн ис, афтæ тагъддæр бамбæхсой æмбæхсæндоны, уый ахуырты фæдис нæу, зæгъгæ. АИШ-ы сабырокеанаг командæкæнынад йæ рады бафидар кодта, зæгъгæ, Гавайты ‘рдæм тæхæг баллистикон ракетæйы тыххæй фæдис æрвыст æрцыд, кæй фæрæдыдысты, уымæ гæсгæ.

Дзыллон протесттæ

Афинты парламенты бæстыхайы цур æрæмбырд сты демонстранттæ. Уыдон се ‘нæразыдзинад равдыстой, хицауад цы реформæтæ уадзы, уыдоны фæдыл. Минингмæ рахызтысты æхсæз мин демонстрантæй фылдæр. Протесты аххосæй Афинты нал куыста æхсæнадон транспорт. Митинджы рæстæджы протесты хайадисджытæй иуæй-иутæ полициæг-тыл æппарын райдыдтой дуртæ æмæ ахорæнтæ. Дзуаппæн полици спайда кодта цæссыгкалæн газæй.

Сарæзтой сразыдзинæдтæ

Казахстаны президент Нурсултан Назарбаев кусæгон визиты уыд АИШ-ы, цыран къухтæ фыст æрцыдысты бирæнымæц коммерцион контракттæ æмæ документтыл. Сразыдзинæдтæн сæ аргъ  уыдзæн 2,5 миллиард долларæй фылдæр. Назарбаев Трампы фæхуыдта Казахстанмæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

ДÆ ЦÆСТ АХÆСС ДУНЕЙЫЛ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.