Путины политикон турне

11-æм декабры Уæрæсейы Федера-цийы Президент Владимир Путин политикон турнейы уыд Сири, Египет æмæ Турчы.

Сирийы Хмеймимы авиабазæйы В.Путин УФ-йы Хъахъхъæнынады министрадæн бахæс кодта уæрæсейаг æфсæдты къордты Сирийæ ракæныны тыххæй. Президент банысан кодта: «Уæрæсейы Гарзджын тыхтæ сириаг æфсадимæ иумæ ныппырх кодтой Сирийы дунеон террористты уæлдай хæстхъомдæр къордты. Уый фæдыл æз райстон уынаффæ уæрæсейаг æфсæддон контингенты дзæвгар хайы ракæныны тыххæй. Райгуырæн бæстæ сæрыстыр у сымахæй. Сымах уæлахизимæ здæхут уæ хæдзармæ. Райгуырæн бæстæ уæм æнхъæлмæ кæсы. Кæд æмæ террористтæ ногæй сæ сæртыл схæцой Сирийы сабырдзинад фехалыны тыххæй, уæд та сæ ныццæвдзыстæм».

 

Сирийы уæрæсейаг æфсæддон операцийы фæстиуджытæ

Сирийы хæстон операци аххæссыд дыууæ азы æмæ 73 боны. Æдæппæтæй УФ-йы уæлдæфон тыхты хæдтæхджытæ сарæзтой 30 мин атахтæй фылдæр æмæ скуынæг кодтой ислаймаг паддзахады 96 мин объектæй фылдæр æмæ 1,5 мин иуæджы хæстон техникæ. Уæрæсе фыц-цаг хатт  хæстон уавæрты спайда кодта бирæфункционалон куынæггæнæг-бомбæзгъалæг СУ-34 æмæ стратегион бом-бæзгъалæг хæдтæхæг Ту-160-йæ. Афтæ ма базырджын ракетæтæ Х-101 æмæ фугасон авиабомбæтæ КАБ-500. Ден-джызæй террористы нысæнттæм ра-уагъд æрцыдысты комплекс «Калибр»-ы 99 ракетæйы.

УФ-йы хъахъхъæнынады министрады хатдзæгтæм гæсгæ сæрибар æрцыдысты 998 горæты æмæ цæрæн пункты 503,2 мин квадратон километры фæзуаты бæрц. Минæтæй асыгъдæг кæныны фæстиуæгæн  спырхчындæуыд 96,1 мин предметы (суткæйы дæргъы 1,5 мины бæрц). Иу милуан сириагæй фылдæрæн сæ бон ссис сæ хæдзæрттæм æрбаздæхын.

 

Сирийы хæсты амæттæгтæ

Дыууæ азмæ Уæрæсе официалонæй банымадта, зæгъгæ, Сирийы фæмард сты 41 æфсæддон службæгæнæджы. Æнæофициалон бæрæггæнæнтæм гæс-гæ та – 76 уæрæсейаг æфсæддоны.

 

Здæхынц сæ æдзухон дислокацийы бынатмæ

12 декабры Сирийæ Дагъыстанмæ æрыздæхт полициæгты батальон, Калу-гайы областмæ – тæхджытæ-штурмантæ, Мæскуыйы цурмæ – сапертæ, Мурманскы областмæ – дард бомбæзгъалджытæ.

 

Ахсджиаг баныхæстæ

Турчы Владимир Путин æмæ Реджеп Тайип Эрдоган æрдзырдтой энергетикон æмæ базарадон бастдзинæдты тыххæй, афтæ ма Турчы Уæрæсе фыццаг атомон электростанц «Аккую» кæй сараздзæн, уый тыххæй дæр. Графикмæ гæсгæ цæуы газуадзæн «Турецкий поток»-ы арæзтад. Египеты Президент Абдель Фаттах ас-Сисиимæ та Владимир Путин уынаффæ кодтой Ад-Дабаайы, бæстæйы цæгатварс Уæрæсейы технологитæм гæсгæ арæзтцæуæг национ атомон электростанцы тыххæй, афтæ ма æндæр фар-стытыл.

Меркель Уæрæсейы рахуыдта егъау тых дунеон аренæйы

Берлины, пресс-конференцийы, ныхас кæнгæйæ Германы канцлер Ангела Меркель фехъусын кодта, Уæрæсе кæй у ахæм тых, кæцы æвæры фæтк дунейы æмæ цæвиттон æрхаста Сирийы. «Мах уынæм Уæрæсейы, кæцыйы фæнды дунеон фæтк тыхы руаджы æрæвæрын æмæ ахæм дæр у, Сиримæ куы акæсæм, уæд», –  фехъусын кодта уый. Уый ма банысан кодта, дунейы аренæйы йæ роль кæй тыхджындæр кæны Китайæн дæр æмæ, зæгъгæ, Евроцæдис дæр хъуамæ фæтыхджындæр кæна йæ уæвынад дунейы.

 

Спортсментæ ацæудзысты зымæгон Олимпион хъæзтытæм

12-æм декабры УФ-йы Олимпион комитеты æмбырды ист æрцыд уынаффæ уæрæсейаг спортсментæ Кореяйы Олимпиадæйы хайад кæй райсдзысты, уый тыххæй. Дунеон Олимпион комитет хонæн гæххæттытæ арвитдзæн спортсментæм.

***

Киевы тæрхондон ссæрибар кодта Михаил Саакашвилийы. Тæрхонгæнæг Лариса Цокол не сразы прокуратурæйы ходатайствойыл хæдзарон ахсты тæрхон ын рахæссыны тыххæй. Тæрхондонмæ йе ‘вварс рахæцыны тыххæй æрбацыд «Батькивщина»-йы лидер Юлия Тимошенко.

 

Фæсарæйнаг агенттыл нымад æрцыдысты

УФ-йы Юстициийы министрад фæсарæйнаг агенттыл банымадта фараст дзыллон информацийы фæрæзы. Уыдоны ‘хсæн сты «Голос Америки», «Радио Свобода», «Свободная Европа», «Кавказ. Реалии», «Крым. Реалии» æмæ æндæрты.

 

***

АИШ-ы президент Дональд Трамп Иерусалимы Израилы столицæйæ кæй банымадта, уый æнæразыдзинад сæвзæрын кодта европæйаг бæстæтæм, æгæрыстæмæй, АИШ-ы æмцæдисонтæм дæр.  Германы канцлер Ангела Меркель фехъусын кодта, зæгъгæ, Иерусалимы статус хъуамæ скъуыддзаг цæуа Израиль æмæ Палестинæйы диалогты фæлгæтты. Францы Президент Эммануэль Макрон нымайы, зæгъгæ, Трампы уынаффæ лæууы дунеон барадон нормæты ныхмæ.  ИНО-йы Генералон секретарь Антониу Гутерреш дæр растыл нæ банымадта Трампы уынаффæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.