Сабийы райгуырд кæддæриддæр йæ ныййарджытæ, æввахс хиуæттæн хæссы циндзинад, уый у ног царды фæзынд, царды фидæны ныфс. Вæййы ма афтæ, æмæ  сабийы фæзынд а-дунемæ свæййы иумиаг цинаджы хабар. Ацы бонты Ирыстоны адæмыл айхъуыст ноггуырдты фæзынды хабар, кæцы барухс кодта, Калоты Виталийы уæззау хъысмæт чидæриддæр зыдта, уыдоны зæрдæтæ, Виталийæн райгуырд дыууæ хъæбулы – чызг æмæ лæппу!  Цард цæуы æмæ фарн йемæ хæссы, – загъдæуы ирон æмбисонды. Уымæн бæлвырдгæнæн у, ныртæккæ цы цауы кой кæнын, уый дæр. Ирыстоны дыууæ фарсæрдыгæй дæр ацы фаззæтты райгуырд у стыр цины хабар, уымæн æмæ йын ныр Мады Майрæм ногæй барухс кодта йæ рыст зæрдæ.

Витали райгуырд æмæ схъомыл Цæгат Ирыстоны. Цæгат Ирыстоны Хæххон-металлургон институты архитектурæйы факультеты  каст фæуыны фæстæ кусын райдыдта Дзæуджыхъæуы арæзтадон управленийы къухдариуæггæнæгæй. 1999 азы испайнаг арæзтадон фирмæимæ къух æрфыста контрактыл æмæ ацыд Испанимæ, цыран куыста йæ дæсныйады фæдыл.

Виталийы æмкъай Гæджиты Светланæ баззад йæ дыууæ хъæбулимæ Дзæуджыхъæуы æмæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ каст, йе ‘мкъай Испанийы йæ царды фæрæзтæ кæд фæхуыздæр кæна æмæ йæм æд сабитæ кæд ацæуой, уымæ. Уыцы уавæртæ фæзындысты Виталийæн  2002  азы æмæ Светланæ йе ‘нахъом сабитимæ араст Испанимæ.  Кæд Мæскуымæ рæстæгыл ныххæццæ сты, уæддæр сæм Испанимæ билеттæ сæ къухты нæ æмæ не ‘фтыдысты, æвæццæгæн сæ цавæрдæр тыхтæ хъавыдысты уыцы æнамонды фæндагæй бахизынмæ, фæлæ… Хæдтæхæджы атæхынæй æртæ сахаты размæ фæзынд билеттæ, Светланæ йæ сабитимæ сбадтысты хæдтæхæджы æмæ ма сæ цинæн кæрон дæр кæм уыд.  Фæлæ хъысмæты фæндтæ разындысты æндæргъуызон… Сæ хæдтæхæг уæлдæфы сæмбæлд уæзтæласæн хæдтæхæгыл æмæ дыууæ дæр ныппырх сты. Фæстæдæр куыд рабæрæг ис, афтæмæй испетчерты æбæрнон куысты фæстиуæгæн æрцыд уæззау уæлдæфон æнамонддзинад, цыран фæмард сты 69 бæлццоны, уыдонæй  52  уыдысты сабитæ, уыдонимæ Виталийы бинонтæ дæр.

Ахæм уæззау цау Виталийы баппæрста катайы, ацыд æрцæугæ цауы аххосджынты агурæг æмæ 2004 азы 24 февралы фембæлд, «Скайгайд»-ы авиакомпанийы æнамонд цауы æрцæуыны рæстæджы радгæс диспетчер Питер Нильсеныл. Рыстзæрдæ нæлгоймаг æмæ аххосджыны ‘хсæн чысыл хъаугъайы фæстæ Питер Нильсен фæмард Виталийы къухæй.  2005 азы 26 октябры Виталийæн рахаст æрцыд 8 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон, фæлæ йæ 2007 азы 8 ноябры  ссæрибар кодтой, йæхи тынг хорз кæй дардта ахæстоны, уый тыххæй.

Ацы цау æгас дунейыл айхъуыст, фæлæ  йæ ногæй зæрдыл æрлæууын кодтам, йæ царды йыл ног цины хабар куы сæмбæлд, уый фæстæ.

Витали райста йæ туг, кæд йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй уый æппындæр нæ хъуыды кæны, куыд амардта Питер Нильсены, уæддæр. Афтæмæй хуымæтæджы архитектор ссис дунейы зындгонддæр гоймæгтæй сæ иу. 2017 азы йыл режиссер Сарик Андреасян сарæзта фильм «Непрощенный», цыран Калоты Виталийы роль сæххæст кодта Дмитри Нагиев. «Мæ кинонывы сæйраг мидис нæу æрмæст иу адæймаджы цардæвдисæг. Уым æвдыст цæуы æввахс адæймаджы фесафыны зындзинад, иунæгдзинад æмæ сæйраджыдæр та – ныййарджытæ кæй ма хъуамæ ныгæной сæ хъæбулты! Фæндыд мæ равдисын мæ ахаст æрцæугæ историмæ, йæ сæйраг хъайтармæ»,- загъта режиссер  Андреасян.

Ныртæккæ киноныв «Непрощенный» æвдыст æрцыд Уæрæсейы кинотеатрты, æмæ йæ ныр та равдисдзысты фæсарæйнаг бæстæты киноуарзджытæн.

Кæд Виталийæн йæ царды иу хай уыд трагикон цаутæй йемыдзаг, банкъардта, æнустæм йæ зæрдæйы рæбыны уæззау сау тæлмау чи уа, ахæм трагеди, уæддæр  æм ныр хъысмæт фæхудт, радта йын ног цардмæ тырныны сæйраг нысан – ног хъæбултæ. Уадз, байрæзæнт йæ чысыл хуртæ æнæниз æмæ хъæлдзæгæй. Уæд сын дæргъвæтин амондджын цард, сæ амондæй, сæ худгæ цæсгæмтты уындæй райæд сæ ныййарджыты зæрдæтæ.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.