Нæ республикæйы Хæдбардзинады бæрæгбон банысан кæнынæй кæд дзæвгар бонтæ рацыд, уæддæр республикæйы культурон-рухсадон уагдæтты, уый цытæн, дарддæр дæр уагъд цæуынц бæрæгбонон мадзæлттæ.

Ацы хъæлдзæг, цинæйдзаг бæрæгбон зæрдæрайæ банысан кодта Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы Культурæйы хæдзар дæр.

Республикæ расидыны  цытæн мадзалмæ æрбацæуджытæн раарфæ кодта культурæйы хæдзары директор Хаситы Ленæ. Йæ раныхасы уый лæмбынæг æрдзырдта нæ республикæйы Хæдбардзинад нæ къухты стыр зынтæй кæй бафтыд, бирæ ирон туг кæй ныккалд æмæ  нын уымæн зынаргъ кæй у. Æрæмбырдуæвджытæн уый ракодта зæрдиаг арфæтæ, йæ цæст сын бауарзта, афтæ зынаргъ нын чи слæууыд, цæмæй уыцы республикæйы ныр амондджын æмæ зæрдæрухсæй цæрой.

«Йæ сæрибардзинады тыххæй йæ цард нывондæн цы фæсивæд æрхастой, уыдонæн та сæ райгуырæн зæхх пакъуыйау фæлмæн уæд», – загъта йæ раныхасы кæрон Культурæйы хæдзары директор.

Мадзалы раныхас кодтой æмæ бæрæгбонон арфæтæ ракодтой  районы Культурæйы хæдзары специалист Гаглойты Залинæ æмæ культурæйы хайады сæргълæууæджы хæдивæг Чертхъоты Дали.

Бæрæгбон æнæ кафт, æнæ зардæй нæ фидауы. Уымæ гæсгæ сценæйыл сæ арæхстдзинад æвдыстой Тъбеты культурæйы хæдархайгæ къорд, йæ къухдариуæггæнæг Санахъоты Иналы къухдариуæгадæй. Уыдон аив сæххæст кодтой нæртон “Симд”, “Хонгæ кафт”, “Чызджыты кафт”, “Хæххон кафт”. Гуымсæгыл  сæ арæхстдзинад равдыстой æвзонг лæппуты къорд. Мадзалмæ æрбацæуджытæ ма стыр цымыдисæй байхъуыстой Яралов Александр æмæ Якименко Владислав ирон мелодитыл цы уацмыстæ ацагътой, уыдонмæ. Бæрæгбоны цытæн æмдзæвгæтæ бакастысты Æлборты Алинæ æмæ Гаглойты Анатоли.

Нæ уацх.

 

***

Ленигоры районы администрацийы Культурæйы хайад дæр 20-æм сентябры цытæн ауагъта цымыдисон мадзал. Бæрæгбонон концертмæ æрбацыд бирæ адæм. Цæрджыты зæрдæтæ сæ аивадæй бахъæлдзæг кодтой зарæггæнджытæ Хаситы Сослан, Тасойты Игорь, Харебаты Вадим, Саппиты Залинæ æмæ Екатеринæ Данелян. Мадзал байгом кодта æмæ адæмæн зæрдиаг арфæ ракодта ацы районы Культурæйы хайады сæргълæууæг Битарты Бессарион.

«Уымæй бон раздæр та районы ацыдысты Паддзахадон тырысайы боны цытæн мадзæлттæ. Уым районы цæрджытимæ хайад райстой арæнхъахъхъæнджытæ сæ бинонтимæ. Уæрæсейы Федерацийы æфсады афицертæ та ахуырадон уагдæтты ауагътой «Хъайтардзинад»-ы тематикон уроктæ», – хъусын кæны Ленингоры администрацийы пресс-службæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.