Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Марияйы æрвылкъуырион брифингмæ инфомацион агентад «Спутник – Южная Осетия»-йы пресс-центры фæзуатмæ фæуазæг горæты администрацийы Цæрæнуатон-комуналон хæдзарады сæргълæууæг Лалыты Сослан.

Бæстæйы сæргълæууæджы бахæсмæ гæсгæ ацы аз горæты администрацийы тыхтæй хæрзарæзт хъуамæ æрцæуой бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæртты алыварс территоритæ, æмбæлон уагмæ конд æрцæудзысты æмæ лифтытæ цалцæггонд æрцæудзысты августы хæстон архайдтыты рæстæджы æфхæрд баййафæг хæдзæрттæ кæронмæ.

АЦЫ АЗ КÆРОНМÆ ЦАЛЦÆГ ÆРЦÆУДЗЫСТЫ АВГУСТЫ ХÆСТЫ ПЫРХ ХÆДЗÆРТТÆ

Лалыты Сосланы ныхæстæм гæсгæ  ацы  аз горæты администраци хъуамæ сцалцæг кæна 36 фатеры, кæцытæ хъыгдард баййæфтой 2008 азы августы хæстон архайдтыты рæстæджы, æмæ абоны онг дæр æндидзыд не ‘рцыдысты. Республикæйы къухдариуæгады бахæсмæ гæсгæ  ацы  аз  уыцы  проблемæ  скъуыддзаг хъуамæ æрцæуа. Ацы хъуыддаджы Лалыйы фырт бахатыд æмбæстæгтæм, цæмæй æвдисой æмбаргæ ахаст æмæ, æцæгæйдæр, августы хæстон архайдтыты рæстæджы кæмæн ныппырх сты сæ хæдзæрттæ, уыдонæй дарддæр æндæртæ ма тыхсын кæной администрацийы кусджыты.

«Куырдиæттæ нæм хæссынц ахæм æмбæстæгтæ дæр, кæцытæн ис зæронд хæдзæрттæ æмæ домынц, цæмæй сын администрацийы æххуысæй цалцæг æрцæуой. Фæлæ администрацийæн уыцы фадæттæ нæй, цæмæй горæты территорийыл рагон арæзт алы хæдзар дæр æмбæлон уагмæ æркæной», – загъта Сослан.

ЦÆУЫ КУЫСТ ЛИФТЫТÆ СÆНДИДЗЫН КÆНЫНЫЛ

Сосланы ныхæстæм гæсгæ администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад ма сæйраг хъусдард здахы нæ горæты бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæртты лифтытæ æмбæ-лон уагмæ æркæныныл. Уымæн æмæ уæллаг уæладзгуыты цæрæг бирæ кардзыд цæрджытæн се ‘нæниздзинадмæ гæсгæ зын у зæхмæ æрхизын.

«Специалистты æххуысæй бæрæг æрцыдысты бирæуæладзыгон хæдзæртты лифтыты шахтæтæ. Уыдонæй 14 сты хæлд æмæ сæ хъæуы аразын. Ацы аз куыст цæудзæн уыдоныл, цæмæй сæ æмбæлон уагмæ æркæнæм æмæ цæрджыты царды уавæртæ хуыздæр кæной. Иумиагæй сисгæйæ, ацы аз хъуамæ куыстхъом скæной 29 лифты. Ацы хъуыддаджы дæр стыр хайбавæрд ис нæ бæстæйы къухдариуæгадæн. Лифтытæ арæх кæй хæлынц, æмæ сæ цалцæг кæй хъæуы, уый тыххæй ахуырмæ æр-витæм æмбæстæгты, цæмæй нæхи-мæ уа специалисттæ, уымæн æмæ сты æнæмæнгхъæуæг.

ХÆРЗАРÆЗТ ЦÆУДЗЫСТЫ БИРÆУÆЛАДЗЫГОН ЦÆРÆН ХÆДЗÆРТТЫ АЛЫВАРС ТЕРРИТОРИТÆ

Горæты бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæртты алыварс территоритæ хæрзарæзт нæ цыдысты советон дугæй фæстæмæ. Уымæ гæсгæ бирæ хæдзæртты рæзтæ ныртæккæ сты æдзæллаг уавæры. Уыдон ныридæгæн цæуынц бæрæг æмæ дарддæр та æрцæудзысты хæрзарæзт. Сосланы ныхæстæм гæсгæ, ахæм цæрæн хæдзæртты алыварс территоритæ хæрзарæзт æрцæудзысты 5 раны. Фæлæ горæты администраци фæнд кæны уыдон нымæц фæфылдæр кæнын.

«Сæйраг у сæ коммуникацитæ сын æмбæлон уагмæ æркæнын æмæ уый фæстæ та территоритæ схæрзарæзт кæнын æмæ цъæхдарæнтæ ныссадзын, бадæнтæ æмæ æндæр ахæмтæ саразын», – банысан кодта Лалыты Сослан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы хъуыддагмæ се ‘ххуысы къух фæдарынц цæрджытæ сæхæдæг дæр кæм физикон тыхæй, кæм ныхасæй.

ХИСÆРМАГОНД УÆЛÆМХАС АРÆЗТÆДТÆ ИУВАРС ЦÆУЫНЦ ДАРДДÆР ДÆР

Ацы хисæрмагонд арæзтæдтæ кæй сафынц горæты иумæйаг хуыз, уый алкæмæндæр хорз зындгонд у. Уыдон арæзт цыдысты хæстон æмæ змæст рæстæджыты, фæлæ ныр цард ивы, горæт дæр цадæггай ивы хуыздæрæрдæм йæ хуыз. Æмæ ацы æнæзакъонон арæзтæдтæ цæуынц иуварс. Уымæн æмæ уыцы бынæтты арæзт цæудзæн сывæллæттæн хиирхæфсæн фæзуæттæ.

Уæдæ нæ горæты администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады сæргълæууæг Лалыты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, ацы аз сæ разы лæууы, нæ горæты иумиаг хуыз æрбæстон кæнын æмæ цæрджыты царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ здæхт тынг ахсджиаг æмæ бæрнон хæстæ, æмæ сын бирæ бантысæт.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.