Даргъ æмæ гуыргъахъ фæндагыл фæцыдыстæм уыцы амондджын бонмæ. Туг æмæ цæстысыджы малты лæгæрдгæ, нæ хъæбулты хуыздæртæн рухс кæнгæйæ. Æндæр нæ цы бон уыд, уæдæ цы фæуыдаиккам, æмæ цыдыстæм уыцы фæндагыл. Цыдыстæм ыл, уымæн æмæ уый уыд нæ равзæрст фæндаг, сæрибардзинадмæ фæндаг. Фæлæ йыл басæттæм, кæронмæ йæ æмбаргæ дæр нæ кодтам, цæмæ нæ æркæндзæн уыцы фæндаг, цы уыдзæн йæ кæрон… Тырнгæ кодтам, цы нæ фæндыд, уымæ, бæлвырддæр зæгъгæйæ, 2008 азы 26 августы цы æрцыд, уымæ.

Æмæ хъуамæ басæттæм ууыл дæр: ада-гъа, æмæ æрцыдаид уыцы бон, нæ цыфыддæр знæгты сæрбос, нæ цыфыддæр знаг Михаил Саакашвили ахæм рæдыд куынæ æруагътаид, уæд… Фæлæ абон уымæн бынтондæр ницыуал нысаниуæг ис. Кæйфæнды рæдыды тыххæй æрцæуæд, уæддæр уый у мах, Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмы уæлахиз. Уымæн æмæ мах уыцы даргъ фæндагыл цæугæйæ куы фæкалдаиккам, уæд нæ уыдаид рæдыд дæр æмæ уæлахиз дæр.

Фæрнионы загъдау, царды цалх тулы æмæ тулы… Стыр Уæрæсе нын нæ хæдбардзинад кæй банымадта, уымæй цæхгæр фæивта не знонмæ ахаст дæр, нæ абоны хæстæм ахаст дæр, æмæ нæ сомбонмæ ахаст дæр. Уымæн æмæ уыцы бон кæрцвæлдæхт фесты нæ цард дæр, нæ хъысмæт дæр æмæ нæ истори дæр. Уыцы бон, нырма дæр йæ хъæдгæмттæй туг кæмæн лæдæрст, уыцы августы æрцæугæ амондджын боныл цин кодтам цæссыгимæ. Уыдон æрмæст цины цæссыгтæ нæ уыдысты, уыдон уыдысты зæрдæрысты цæссыгтæ, уыцы амондджын бон раздæр кæй не рцыд, йе рцæуынмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ æгæр бирæ туг кæй ныккалд, уыцы рыстæй лæдæрсæг цæссыгтæ уыдысты…

Коммунистон партийы сæрбосты гадзрахат æмæ адæмы уазалзæрдæйы аххосæй чи ныппырх, уыцы Советон Цæдис нын рæстæгыл сæрфат куы скодтаид, фыдызнаджы тугмондаг хъуыры нæ куынæ ныууагътаид, уæд нæ ныккалдаид уыйбæрц æнаххос туг. Гуырдзыстоны Уæлдæр совет ССРЦ хицауиуæгад Гуырдзыстоны республикæйы æнæзакъоныл куы банымадта, æмæ Цæдисы скондæй куы рацыд, уæд уыцы Цæдис цæмæннæ спайда кодта йæхи рахæсгæ закъонæй? Уыцы закъонмæ гæсгæ, цæдисон респуликæ ССРЦ скондæй куы рахызтаид, уæд республикæйы сконды уæвæг автономитæн бар уыд, цæмæй сæхи барвæндонæй равзæрстаиккой сæ хъысмæт, республикæйы сконды баззадаиккой æви Советон Цæдисы сконды. Уыцы фадатæй не спайда чындæуыд, уымæн æмæ дзы ничи хъавыд спайда кæнынмæ.

Иу амонд нæ уыд æмæ нæхæдæг фæцарæхстыстæм. Нæхæдæг æй бамбæрстам, коммунистон партийы сæргъ чи лæууыд, уыдонæн уæйгонд кæй уыдысты сæ парти дæр, сæ бæстæ дæр æмæ сæ адæм дæр. Æмæ нæ куырыхон, нæ дардмæуынæг политикон æхсæнады фердæхтдзинады фæрцы расидтæуыд хæдбардзинад. Æстдæс азы фæстæ Уæрæсейы Федераци, йæ фæдыл æндæр бæстæтæ дæр кæй банымадтой, уыцы хæдбардзинад.

Гуырдзыстонæн кæд йæ сæйраг лозунг «Гуырдзыстон æрмæстдæр –  гуырдзиæгты!» уыд æмæ йæ фашистон архайд сæйраджыдæр автономитæ скуынæг кæнынмæ здæхт уыд, уæддæр уыцы фашизмы тугæйдзаг къухтæй æрмæст ирæттæ нæ мардысты. Уыцы фыдæвзарæн бонты мардысты, Хусар Ирыстоны зæххыл чи уыд, уыцы уырыссаг æфсæддонтæ дæр, ома, абоны цæстæнгасæй кæсгæйæ куыдфæндыйæ дæр мардтой  ССРЦ æмбæстæгты, фæлæ сæ цард никæй æндæвта, ничи сыл тыхсти. 2008 азы Уæрæсейы Федераци куыд батыхст йе мбæстæгты хъысмæтыл æмæ сæм æххуысмæ куыд фæзынд, ахæм æххуыс бакæнын йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд коммунистон бæстæйæн, кæд уыцы коммунистон бæстæ мах хъысмæты  тыххæй Уæрæсейы Федерацийæ бирæ хæсджындæр уыд, уæддæр. Сæ тæригъæд нæ нæ хъæуы – уыцы азты Хуссар Ирыстоны цы æфсæддонтæ уыд, уыдоны, чизоны, зæрдиагæй фæндыд махæн баххуыс кæнын, нæ цыфыддæр знаджы сындз къухтæй нæ байсын, фæлæ сын «уæлейæ» ахæм бардзырд кæй нæ уыд, уый зындис сæ алы къахдзæфыл дæр. Цымæ ардæм, хæстон æмæ экономикон блокадæйы бахауæг ирон адæмы фервæзын кæнынмæ æрвыст нæ уыдысты, фæлæ нын туг æмæ цæссыгæмхæццæ хъыцыдæттæ чи дардта, уыцы гуырдзиаг хъæуты цæрджыты бахъахъхъæнынмæ… Æгæрстæмæй Горбачевы зындгонд указ дæр ууыл дзурæг уыд – нæ дзы марæг бæрæг уыд, нæ – амæттаг. Ам цы уырыссаг æфсæддонтæ уыд, уыдонæн сæ къухтæ баст уыдысты гуырдзиаг лæгмарты ныхмæ. Цы бартæ сын, уыд, уый – æрмæстдæр лигъдæттæн æххуыс кæнын. Иудзырдæй – чындæхсæвы илæрттæ.

Даргъ æмæ уæззау фæндаджы амондджын кæрон

Уæддæр нæ иу амонд фæцис, æмæ мах ставд цæссыгæй кæй ныппырхыл куыдтам, уыцы Советон Цæдисы фæдон – Стыр Уæрæсейæн æппынфæстаг хицæуттæ фæзынд, æмæ уыдон сæхи бахызтой коммунизмы хъомылгонд сæрбосты политикæйæ. Фæлæ уый дæр æрæджиау. Уæрæсейы сæргъ ма Ельцин куы лæууыд, уæддæр ын ахæм ахаст уыд Хуссар Ирыстонмæ. Ма дæр Гуырдзыйы хъыджы бацæуын, ма дæр – Хуссар Ирыстоны кæронмæ раттын. Ельцины рæстæджы уырыссаг фидауынгæнæг тыхты позици дæр уадиссаг нæ хицæн кодта Горбачевы рæстæджы мидхъуыддæгты æфсæдты позицийæ. Фæлæ 2008 азы хæсты фыццаг цæф сæхимæ райстой æмæ бабын сты уырыссаг фидауынгæнджытæ. Уый ууыл дзурæг у, æмæ сын уæд «уæлейæ» дыдзæсгом бардзырд лæвæрд нал уыд, фæлæ рæстаг бардзырд: лæгмары, агрессоры ныхмæ æрлæууын…

Уæд æндæр позицийыл лæуд уыд не стратегион æмцæдисон Уæрæсе. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм Уæрæсейы Федерацийы уæды президент Дмитри Медведевы раныхас, цалынмæ нын нæ хæдбардзинад банымайыны тыххæй указ нæ бакаст, уæдмæ:

«Гуырдзыйы æфсад æхсæвы Цхинвалмæ æхсын кæй райдыдта, уый фæстиуæгæн сæдæгæйттæй фæмард сты нæ сабырцæрæг æмбæстæгтæ. Фæмард сты уæрæсейаг фидауынгæнджытæ… Гуырдзыстоны къухдариуæгад ИНО-йы устав æмæ æхсæнадæмон бадзырдтæ, йæ хæслæвæрдтæ фехалгæйæ райтынг кодта хотыхджын конфликт, кæцыйы амæттæгтæ систы сабыр цæрджытæ… равзæрстæуыд иууыл æнæадæймагондæр фæрæз йæ нысан къухы бафтын кæнынæн – æнæхъæн адæмы скуынæг кæныны аргъæй Хуссар Ирыстоны фæстæмæ раздахын… Уый фыццаг бафæлвæрд нæ уыд. 1991 азы Гуырдзыстоны президент Звиад Гамсахурдиа «Гуырдзыстон – æрмæстдæр гуырдзиæгтæн» сидтимæ – ахъуыды ма кæнут уыцы ныхæстыл – бардзырд радта Сухум æмæ Цхинвал штурмæй сисыны тыххæй. Уый æркодта мингай мæрдтæ, дæсгай мин лигъдæттæ, сыгъд хъæутæм».

Цы рцыд, уый кæронмæ бамбаргæйæ нæ уæрæсейаг хæлæрттæй бирæтæ дзырдтой, кæй байрæджы кодтой 8 августы нæ фарсмæ балæууынмæ. Æмæ райстой закъонбæрцон дзуапп, зæгъгæ, сымах байрæджы кодтат æнæхъæн 18 азы.

2008 азы цы æрцыд, уый гæнæн ис æмæ æрцыдаид 2004 азы дæр, уымæн æмæ уæддæр уыд ахæм тасдзинад. Уæддæр нæ, цы йæ æмбæхсæм, Уæрæсе фервæзын кодта, кæд нæ хæцæг лæппутæ фæстаг сулæфты онг тох кодтой,  уæддæр… Фæлæ, цымæ, уæд дæр æрцыдаид, 26 августы цы æрцыд, уый? Чизоны, фæлæ зын зæгъæн у, уымæн æмæ нын нæ зæрдæтæ фидар кодтой æрмæстдæр сидтытæй: сæвзæргæ уавæр сæ кæй тыхсын кæны, хæстон архæйдтытæ растыл кæй нæ нымайынц, дыууæ фарсмæ кæрæдзиæмбарындмæ кæй сидынц æмæ афтæ дарддæр… Æндæр ницы. Фактон æгъдауæй уæд дæр нæ уыд бар фидауынгæнджытæн, цæмæй æхстаиккой агрессоры – тыхгæнджыты ныхмæ лæууыдысты æрмæстдæр ирон лæппутæ. Фæлæ уæддæр рабæрæг, Уæрæсе раздæры Уæрæсе кæй нал у, æмæ нымад минуттæм гуырдзыйы «хъæбатыр» æфсад йæ хæстон позицитæ фæуадзгæйæ æмæ йæ хотыхтæ фæсвæндæгты уадзгæ сæрбихъуырæйттæгæнгæ лидзынмæ фæцис. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр Гуырдзыстон йæ къух нæ иста сусæгæй хæцыны политикæйыл, Уæрæсе дæр цæмæдæр гæсгæ æви бæлвырд цæмæдæр гæсгæ нæ тагъд кодта йæ официалон политикæ фæдырысдæр кæнынмæ.

Фæлæ уæды рæстæджы цаутæн куыдфæнды хуызы аргъ кæнгæйæ дæр бæрæг уыд, Уæрæсе йæ позицитæ тыхджынæй-тыхджындæр кæй кодта Хуссар Ирыстоны алыварс. Цæмæн, уый дæр æмбæрстгонд уыд: Гуырдзыстон йæхи æгæр зæрдиагæй райдыдта æппарын НАТО-йы химæлвасæг хъæбысмæ. Æмæ уыцы политикон позицийæн йæ кæрон разынд 2008 азы агусты хæсты. Уæд Уæрæсейæн æндæр фæрæз нал уыд, Саакашвили йын нал радта æвзарыны, тæрæзтыл æвæрыны, дывæнд кæныны фадат.

Æмæ кæрон æрцыд, туджы малты лæгæрдгæ кæуыл цыдыстæм, уыцы даргъ фæндагæн. Уæрæсе нын банымадта нæ хæдбардзинад. Уымæй уæлдай нын фадат радта нæ къахыл слæууынæн, хæдбардзинады аккаг кæй стæм, уый дунеон æмæхсæнадæн бауырнын кæнынæн. Уыцы фадат цы хæйрæджыты  амæттаг фæцис, уый бæрц финансон фæрæзтæ цы фесты, уыдæттæ равзарын æмæ сын стæрхон кæнын та Хуыцаумæ лæвæрд фæуæд!

Æмæ ма иу хабар: дзырдтам æй гъеуæд дæр, дзурæм æй абон дæр – махæн сæйраг æмæ фаг уыд, Уæрæсе нын кæй банымадта нæ хæдбардзинад, уый. Дзырд дæр ын нæй, – афтæ у. Фæлæ йыл хъуамæ басæттæм, Уæрæсейы йедтæмæ нын нæ хæдбардзинад бынтондæр куы ничиуал банымадтаид, уый дæр нын нæ уыдаид æхсызгон, æхсызгон нæ уыдаид Уæрæсейæн йæхицæн дæр. Æмæ… Æгæр ницæмæй бæззы. Уæрæсейы фæстæ нын нæ хæдбардзинад чи банымадта, уыдонæн дæр æнцон нæ уыд, бирæ хъыцъыдæттæ сын бадардтой фашистон Гуырдзыстоны фарсхæцджытæ. Æмæ уый хъуамæ нæ зæрдыл дарæм кæддæриддæр. О, иу хатт ма йæ зæгъæм, махæн сæйраг у 26 августы банымад, фæлæ ма ахæм къахдзæф чи акодта, уыдон дæр паддзахадтæ сты, уыцы паддзахадты дæр адæм цæры. Æмæ-иу искуы-иу хатт уыдоны кой дæр куы скæниккам, уыдонæн дæр бузныг куы зæгъиккам. Фыдæлтæй нын куы баззад ахæм диссаджы æмбисонд: иу михыл кау ничи бийы… Хуыцау ма зæгъæд, фæлæ ныр уыцы паддзахадтæ куы бадзуриккой æмæ куы зæгъиккой, зæгъгæ, адон æбузн адæм сты,  æмæ сын кæд нæ хорзракæнд бæсты нæ  фæцыд, уæд æмхуызонæй бавдæлæм, æмæ сын цы радтам, уый фæстæмæ байсæм… Ма зæгъæд Хуыцау ахæм цыдæр, фæлæ зæгъæм æрцыд, уæд куыд кæндзыстæм… Уæддæр афтæ зæгъиккам, нæ цард бынтондæр ницæмæй фæивдзæн? Чизоны, фæлæ ныл не знæгтæ сæ къах куыд зæрдиагæй æркъуырдзысты, цы хуызæн дæлдзиныджы бынатмæ æрхаудзыстæм, уыдæттæ ницы сты?

Цæй, гъа, уыдон дæр абоны бæрæгбонмæ хауæг зæгъинæгтæ сты, фæлæ нын уæддæр сæйраг абоны бæрæгбон у. Абон бирæтæ зæгъынц афтæ, зæгъгæ, мах хъуамæ Уæрæсейы скондмæ ма бацæуæм, уымæн æмæ нæ хъæбулты хуыздæртæ сæ туг хæдбардзинады сæрвæлтау ныккалдтой… Фæлæ ис историон рæстдзинад, кæцыйы сæрты ахизæн нæй: нæ хъæбулты хуыздæртæ сæ туг ныккалдтой уый тыххæй, цæмæй хæдбар уæм Гуырдзыстонæй, æмæ иууон Ирыстонæй цæрæм Уæрæсейы сконды. Хорз у хæдбардзинад, æмбал кæмæн нæй, ахæм æвæджиауы амонд у, фæлæ ма нын нæ фыдæлтæ ахæм æмбисонд дæр ныууагътой: дæ уат куыд у, дæ къæхтæ афтæ адаргъ кæн… Стæй дæр… Хæдбар паддзахад аразынмæ чи хъавы, уыдон «уый мæнæй цæмæй лæгдæр у»-йы хъæзтытæй нæ хъазынц, сæ цард адæмы кæрæдзиуыл ардауын æмæ фидистæй нæ аразынц. Уыдон сæ дыстæ басчъил кæнынц æмæ кусынц, архайынц… Мах ницы иукæнинаг ис, мах никæй скондмæ цæуæм, зæгъгæ, афтæтæ чи дзуры, уыдоны дæр уынæм, сæхæдæг чи сты æмæ цы аразынц уый тыххæй, цæмæй Хуссар Ирыстон хæдбар паддзахад уа…

Цæй, алкæмæн йе мбисонд – йæхи, хæстарыд Ирыстоны та Дунесфæлдисæг амонды фæндагыл бафтауæд!

Уæлахиз у, Ирыстон!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.