Президент Бибылты Анатоли хайад райста Æхсæнпарламентон Ассамбле-йы хайадисæг бæстæты «Демократи æмæ адæмты барты сæраппонд» æмæхсæнады VIII рабадты.

Бæстæйы сæргълæууæг æгас цæуат загъта рабадты хайадисджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Æхсæнпарламентон Ассамблейы куыст ахъаз у Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Приднестровьейы æфсымæрон ахастытæ сфидар кæнынæн.

«Хуссар Ирыстоны мах афтæ хъуыды кæнæм, æмæ Ассамблейæ бахаста уæзгæ хайбавæрд нæ бæстæтæн ном скæнын æмæ сæ æхсæндунеон хъуыддæгты раразмæ кæныны къабазы», – загъта уый.

Абоны бон Луганск æмæ Донецкы республикæтæ сты кæддæр Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз цы уавæры уыдысты, уыцы уавæры. Ахæм уавæры сты Приднестровье æмæ Арцах дæр. Уый охыл Бибылты Анатоли бахаста фæндон, цæмæй Луганск æмæ Донецкы минæвæрттæ Æхсæнпарламентон Ассамблейы радон рабадтмæ хуынд æрцæуой хъусдарджыты хуызы.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, абон æрыгон паддзахадты цæрæг хуымæтæджы адæм дунейы размæдзыд бæстæтæй равдисынц стырдæр куырыхондзинад. Абон адæмты бартæ хъахъхъæныны  фæдыл стыр ныхæстæ чи кæны, уыдон, нæ агурынц адæмтимæ иудзинад. Стæй Украинæйы ‘рдыгæй дæр ницы рæстмæ къахдзæфтæ арæзт цæуы уыцы ‘рдæм, зæгъгæ.

Æхсæнпарламентон Ассамблейы хайадисæг бæстæты «Демократи æмæ адæмты барты сæраппонд» æмæ хсæнады генералон нымæрдар  Григорий Маракуша раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны сæргълæууæгæн президентон æвзæрстыты йæ уæлахизы сæраппонд.

Уый куыд загъта, афтæмæй Бибылты Анатоли йæхимæ райста стыр хæс, фæлæ йæ адæмы чи уарзы, уый йæ сабыр æмæ амондджын царды сæраппонд раст афтæ бакæны. Ассамблейы фæлгæтты кусгæйæ ацы бæстæты æмахастытæ уæлдæр æмвæзадмæ кæй сырæзтысты паддзахадон политикæйы, уыцы хъуыды растыл банымадта ПМР-йы Сæйраг Советы Сæрдар Александр Щерба дæр.

«Раст уаид, мах æххæстгæнæг структурæтæм куы бахæссиккам фæндон, цæмæй бæстæты сæргълæуджыты æмвæзадыл арæзт æрцæуа гуырахстджын Бадзырд», – загъта уый.

Афтæмæй байгом уаид ног фадæттæ, уымæн æмæ парламентон æххæстбартæ здæхт сты закъæттæ аразынмæ, паддзахады сæргълæууæг та йæхимæ исы æхсæнад æмæ паддзахады царды æппæт къабæзты архайд дæр.

Бибылты Анатоли бахаста фæндон, цæмæй «Демократи æмæ адæмты барты сæраппонд» Æмæхсæнады хайадисæг паддзахадты сæргълæуджытæ хуынд æрцæуой Æхсæнпарламентон Ассамблейы иннæ рабадтмæ.

Уый куыд загъта, афтæмæй уæдмæ цæттæгонд æрцæудзысты политикон æмæ экономикон æмахастыты рæзтæн ахъазгæнæг фарстыты фæдыл фæндæттæ.

«Политикæйы фадыджы мах æхсæн ис бæстон æмбарындзинад. Экономикæйы кой куы кæнæм, уæд мах хъæуы бакусын сæххæстгæнæн кæмæн ис, ахæм бæлвырд проекттыл», – загъта Президент.

Бакуыста йыл

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.