Террористон акттæ паддзахадон службæтæ куы аразой, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы паддзахады къухдариуæгад дæр нымад цæуы террористоныл.

Украинæйы æдасдзинады службæйы кусджытæ комкоммæ архайгæйæ аразынц теракттæ æмæ диверситæ æрмæст сæхи территорийыл нæ, фæлæ ма Уæрæсейы дæр. Путин йæ раныхасы куыд фехъусын кодта, афтæмæй уалдзæгæй фæстæмæ æрмæст Курскы атомон электростанцы æртæ хатты бафæлвæрдтой теракттæ саразын. Уымæй уæлдай ма хъавыдысты газы хæтæл «Турецкий поток» срæмудзынмæ дæр, фæлæ диверсантты рагацау базыдтой æмæ сæ æрцахстой. Хъыгагæн, æрæджы террористтæн бантыст сæ кæнон бакæнын – срæмыгътой Хъырымы хид æмæ дзы фæмардысты цыппар адæймаджы. Теракты фæстиуæгæн хид баййæфта стыр зиæнттæ æмæ йæ бахъæудзæнис цалцæг кæнын.

Уæрæсейы къухдариуæгад æй хорз æмбары, фашистон режимæн басæттæн кæй нæй, уый. Фæлæ фылдæр хъуыды кæнынц хуымæтæг цæрджытыл æмæ сæ нæ фæнды, цæмæй Зеленский æмæ йæ хуызæн фыдгæнджыты тыххæй зиæнттæ æййафой украинæйаг цæрджытæ. Уымæ гæсгæ быхсынц алыгъуызон фыдракæндтæн. Фæлæ алцæмæн дæр кæрон æрцæуы. Хъырымы хидыл теракт саразыны фæстæ бæрæг уыд, ныр Украинæ æвыдæй кæй нæ уал баззайдзæнис.

Цалынмæ Хъырымы хидыл теракт нæ сарæзтой, уæдмæ дæр дзырд цыд, ома, Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады хъуамæ рæхджы ивындзинæдтæ æрцæуа. Æфсæддон эксперттæ куыд æмбарын кодтой, афтæмæй Уæрæсейы Генералон штаб рæдыдтытæ æруагъта, кæцыты фæстиуæгæн фæкъаддæр æфсæддонты хæстхъомдзинад. Азымджын кодтой сæрмагондæй æфсæддон операцийы къухдариуæггæнджыты, зæгъгæ, æфсæдты алы хуызты кæрæдзиимæ архайд нывыл нæ уадзынц, фæдысгæрстытæ рæстмæ нæ цæуынц æмæ дзы уый фæстиуæгæн оперативондзинад нæй. Уымæ гæсгæ Хъахъхъæнынады министрады æмæ Генералон штабы архайд банымадтой лæмæгъыл æмæ алырдыгæй критикæйы бын фесты.  Хъуыд  ивындзинæдты бахæссын æмæ процесс фæтагъддæр ис теракты фæстиуæгæн.

Уавæр хынцгæйæ, Путин рахаста фæндон, цæмæй сæрмагонд æфсæддон операцийæн къухдариуæг кæна Генералон штабы бæсты иу адæймаг æмæ дзы снысан кодта инæлар Сергей Суровикины. Кæй зæгъын æй хъæуы, Генералон штаб дæр хайад исдзæнис æппæт процессты, фæлæ хæстон архайдтытæн дзуапп дæтдзæнис Суровикин. Ацы хабарыл фронты уæвæг æфсæддонтæ сæмбæлдысты стыр цинимæ. Уымæн æмæ Суровикин кадджын у хæстонты цæсты, кæддæриддæр ын фыццаг бынаты вæййынц йæ солдаттæ æмæ сæ дæлдзиныг кæнын нæ фæуадзы никæмæн.

Суровикин йæ ног бынаты снысанæй æрæвнæлдта, иууыл хуыздæр цæмæ рæхсы, уымæ – знаджы куынæг кæнынмæ. Къуырисæры, 10 октябры, Уæрæсе алыгъуызон ракетæтæй æмæ æнæпилотон тæхæн аппараттæй фехста Украинæйы сæйраг горæтты. Ракетæты нымæц астæуккаг нымадæй ахызт 200. Сæмбæлдысты энергетикон, æфсæддон къухдариуæггæнæн æмæ бастдзинады объекттыл. Цыбыр рæстæгмæ æгас Украинæйы территорийы цæрджытæ бавзæрстой стыр тас, ныххызтысты ныккæндтæм æмæ æндæр ахæм æмбæхсæн бынæттæм. Ахуыссыд электроны рухс, телефоны бастдзинад нал уыд. Адæм цъиувæдис систы.

Куыд рабæрæг, афтæмæй куынæг æрцыдысты егъау горæтты электростанцтæ æмæ электроцентртæ, Ӕдасдзинады службæйы бæстыхай Киевы, Евроцæдисы консультативон мисси, Германы консулады визæйон хайад, æфсæддон техникæ аразæн æмæ цалцæггæнæн заводтæ æмæ ма æндæр ахæм объекттæ. Уый фæстæ бонты дæр иудадзыг пырх кæнын райдыдтой æндæр ахæм объекттæ, уыдонимæ иумæ æфсæнвæндæгтæ дæр, кæцыты фæрцы фронтмæ ласт цæуынц хæцæнгарз, нæмгуытæ æмæ æртаг.

Украинæйы къухдариуæгад ныры онг йæ адæмы сайдта, ома уæрæсейаг æфсадæн уыйбæрц тых нæй, цæмæй нæм ракетæтæ рауадзой. Ома, сæ уæлдæфы спырх кæндзыстæм нæ ракетæты ныхмæ тохгæнæн системæтæй. Фæлæ хъуыддаг куыд равдыста, афтæмæй бынтондæр ныхмæ нæ фæлæууыдысты Уæрæсейы нырыккон ракетæтæн.

Нырыккон цард иууылдæр баст у электроны токимæ – алцы дæр кусы уый фæрцы. Украинæйы ныр цалдæр боны рæстмæ нал кусынц уагдæттæ, æхсæнадон транспорт, метротæ, телефоны бастдзинад. Бирæ горæтты нал кусынц хъармгæнæн системæтæ, нал сæм цæуы нуазыны дон дæр æмæ адæм тыхсынц. Ныры онг электроны ток фæсарæнтæм уæй кодтой, ныр та сæхицæн дæр нал фаг кæны. Кæй зæгъын æй хъæуы, тæригъæд сты, мах дæр бирæ азты дæргъы цардыстæм ахæм уавæрты æмæ сæ хорз æмбарæм.

Украинæйы цæрджытæй бирæтæ тарстгъуызæй дæттынц фарст – «А нас-то за что?». Фæлæ ма æрымысæм, цалдæр боны размæ Хъырымы хид куы срæмыгътой, уæд та куыд дзырдтой, цахæм уыд сæ реакци? Интернеты тыгъдады фенæн ис бирæ къамтæ æмæ видеотæ, цыран Киевы æмæ æндæр горæтты Хъырымы судзгæ хиды нывы цур цингæнгæ нывтæ куыд истой. Немыцаг телеканалы журналист Киевы уынгты фистæг бæлццæтты фарста, ома цы цæстæй кæсут ацы терактмæ. Ӕмæ куыд хъуыды кæнут, цахæм уыдысты сæ дзуаппытæ? Се ‘ппæт дæр, цин кодтой теракты сарæзтыл. Иу ма дзы афтæ дæр бакодта, ома, дам, мыл фæстаг рæстæджы ахæм диссаджы цины хабар рагæй нал сæмбæлд. Ӕмæ ма æрыгæтты бамбарæн ис – цалдæр азы дæргъы сын пропагандæйы фæрцы сæ тутт сæрты маргдзинад нывæрдтой, фæлæ ас кары адæмæн дæр æхсызгон уыд ацы теракт.

Уымæй уæлдай ма интернеты тыгъдады 10 октябры апарахат ис видео, кæцыйы, ракетæты рæмыгъдтыты рæстæджы, Киевы метройы цы адæм бамбæхстысты, уыдон æмхъæлæсæй куыд зарыдысты украинæйаг фашистты гимн «Червона калина». Ӕмæ уыцы зарæг зарынц хуымæтæджы цæрджытæ, кæдоны фыдæлты ацы зарæджы зæлтимæ æгъатырæй мардтой бандерæйы «къæбылатæ». Ацы хъуыддаг ирдæй æвдисæн у, Путин рæстытæ кæй дзырдта. Украинæйы фашизм ауагъта арф уидæгтæ æмæ йæ хуымæтæг цæрджытæ, кæцытæ иууыл тынгдæр басыгъдысты бандерæйы фашизмæй, ныр æмбаргæ дæр нæ кæнынц, сæхи се знæгты фæндиаг куыд фæкодтой, уый. Уымæ гæсгæ сын нырма тæригъæд кæнын нæ хъæуы. Цалынмæ сæ зонд æрæмбарой æмæ сæм бахъара, сæ мæгуырдзинады æмæ се сæфты Зеленский æмæ йæ бандит æмбæлттæ кæй сты аххосджын, уæдмæ сæм æххуысы къух нæ хъæуы даргъ кæнын. Бæсты сын нæ фæцæудзæнис.

Сæрмагонд æфсæддон операци ныр ног этапмæ кæй рахызтис, уый бæрæг у. Ӕмæ дарддæр стыр темптæй куынæг цæудзысты украинæйаг æфсæддонтæ æмæ ма алыгъуызон æндæрбæстаг фыдгæнджытæ æмæ террористтæ. Европæ æмæ АИШ нæ басæтдзысты, уыдон фылдæр æхсæнгарз ратдзысты Украинæйæн, ныфсытæ та сын бавæрдзысты, ома мах дæр уемæ стæм – дарддæр хæцут. Ныридæгæн дæр та сын Греци æмæ Словакийы хъахъхъæнынады министрадтæй рахицæн кодтой 100 танчы, дзырд цæуы æндæр æхсæнгæрзты хуызтыл дæр. Уæрæсейы хъæуы цырд архайын, цæмæй украинæйаг æфсады хæстхъомдзинад скуынæг кæна, фронт атона æмæ сын сæ дæлхæйтты ныддихтæ кæна. Æввахс рæстæджытæ æвдисæн уыдзыстæм ахæм архайдтытæн. «Лæгъз» æвзагæй бадзурыны рæстæджытæ фесты.

Ныридæгæн хурныгуылæйнаг «демократтæй» æмæ сæ фæлывд дзыллон информацийы фæрæзтæй фехъусæн ис, ома, æмбæстагон инфраструктурæ пырх кæнынц уæрæсейæгтæ. Уый раст нæу, ныры онг цы объекттæ фехстой, уыдон иууылдæр баст уыдысты украинæйаг æфсадимæ. Хъыгагæн дзы цалдæр хуымæтæг цæрæджы дæр фæмардис. Фæлæ хæст хæст у. Донбассы ныр 8 азы дæргъы куы мæлынц хуымæтæг цæрджытæ, уæд уыдоны кой цæмæннæ искуы ракодтой? Кæнæ НАТО-йы авиаци æмæ артиллери Югославийы, Иракы, Афганистаны, Сирийы, Ливийы горæтты зæххимæ куы сраст кодта, милуангай цæрджытæ дзы куы фæмардис, уæд цæмæннæ кодтой цъиувæдис? Сæ æнаккагдзинад алы ран дæр бæрæгæй зыны.

Украинæйы нырма хæстхъом адæмы нымæц хизы 600-700 мин адæймагмæ æмæ бынтон тагъд не ‘рцæудзысты куынæг – уымæн рæстæг хъæуы. Фæлæ Суровикин бæстон кæй æрæвнæлдта йæ разы лæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ, уый бæрæг у.

Уæрæсе никуы сразы уыдзæнис ууыл, цæмæй йæ фарсмæ уæвынад кæна фашистон паддзахад. Историктæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй, зæгъгæ, абоны бон Украинæйы ног райсгæ закъæтты «уырыссæгты» куы баивай «дзуттæгтæй», уæд уавæр бынтондæр ницæмæй уал хицæн кæндзæнис нацистон Германæй. 2021 азы Украинæйы Конституцион тæрхондон фæндон рахаста æмæ йæ сфидар кодта, ома, Украинæйы территорийыл уырыссаг наци нæ уæвынад кæны æмæ сын уымæ гæсгæ исты бартæ дæр кæцæй хъуамæ уа. Райстой ма ноджы ахæм закъон дæр «О коренных народах Украины» æмæ та уым дæр номхыгъды уырыссаг адæмыхатт нæй. Афтæмæй та Украинæй территорийыл иууыл фылдæр уырыссæгтæ цæрынц. Уымæ гæсгæ æнæмæнг хъуыддаг у денацификаци саразын.

Ныры онг Киевы æмæ æндæр областты цæрджытæ сæхи афтæ хатыдтой, ома, «махмæ хæст нæй æмæ Донбасс быныскъуыд дæр фæуæнт». Фæлæ ныр сæ хæдзæртты къæсæртæм дæр хæст æрбахæццæ ис æмæ сын зын у – уый æнхъæл нæ уыдысты.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.